Ноджы ма йæ зæгъон, раздæр адæм – хиуæттæ, хæлæрттæ кæрæдзимæ уазæгуаты тынгдæр цыдысты. Фæлæ ныр та телефоны æрбадзур кæцы фæнды бæстæйæ дæр, афæрс дæ хионы куыд цæры, уымæй æмæ ууыл хъуыддаг фæвæййы. Ручъы фæндаг арæзт куынæ ма уыд, уæд-иу хиуæттæ кæрæдзимæ уазæгуаты, æгæрыстæмæй, цыдысты Пасанаурийыл дæр кæд ацы фæндагыл фылдæр рæстæг хъуыд, уæддæр.

Махæн дæр нæ хæдзар уазæгæй цух никуы уыд, æгæрыстæмæй нæ хиуæттæй Цхинвалы чи ахуыр кодта, уыдон-иу нæм афæдзгæйтты дæр баззадысты цæргæйæ. Ныр нæм кæддæрты исчи куы фæуазæг вæййы, уæд нæ цинæн кæрон дæр нал вæййы. Афтæ та уыд иу дыууæ къуырийы размæ Транскавказы фæндаг æхгæд куы æрцыд, уæд дæр.

Цæвиттон, мæ ходыгъд Этерæ йæ хъуыддæгты фæдыл æрцыд Хуссар Ирыстонмæ æмæ хъуамæ уыцы бон фæстæмæ аздæхтаид, фæлæ фæндаг æхгæд кæй æрцыд, уымæ гæсгæ нæм баззад дыууæ боны. Дыууæ æхсæвы дæр фæбадтыстæм æмбисæхсæвтæм æмæ-иу æрымысыдыстæм ивгъуыд рæстæджы хорз царды хабæртты. Этерæйæн йæ зæрдыл æрлæууыд иу цау. Уый уыдис иу 60 азы размæ. Уæд Цъинагары колхозы кады хъуыддæгтæ дардыл хъуыстгонд уыдысты æрмæст Хуссар Ирыстоны нæ, фæлæ уымæн æддейæ дæр. Колхоз афтæ размæдзыд уыд, æмæ архайдта Мæскуыйы æппæтцæдисон хъæууонхæдзарадон равдысты дæр. Хæдзарадæн иттæг хорз разамынд кодта Советон Цæдисы Сæйраг Советы депутат Дзугаты Иван, кæцыйы тыххæй абон дæр зонынц цъинагайрæгтæ. Дардыл æмæ бæркадджын уыдысты Цъинагары колхозы зæххытæ. Хæдзарад кодта куыд фосдарды, афтæ быдырон куыстытæ дæр. Йæ дыргъдæттæ æмæ сæндæтты тыллæг бафснайынæн-иу адæм ницыуал фæрæзтой. Йæ сæнæфсир тыллæгæй-иу æрмæст паддзахадмæ нæ лæвæрдта, фæлæ ма-иу дзы йæхæдæг дæр сæн æрдыгъта. Æмæ-иу уыцы сæнæй фæллойбонты ныхмæ радта колхозы кусджытæн дæр.

Колхозы зæххытыл хорз зад мæнæу, хъæдур, нартхор, халсартæ. Цы харбызтæ дзы зад, уыдонæй-иу фырадджынæй ахæрæнтæ дæр нæ уыд. Хорз дзы зад сæкæры цæхæра дæр. «Иу аз æрмæст нæ бинонтæ паддзахадмæ сæкæры цæхæра радтой 43 тоннæйы. Æниу æрмæст уыдон нæ, фæлæ ма хæдзарад иу хатт пырындз байтауыныл дæр афæлвæрдта. Æвзартæ равзæрдысты хорз, фæлæ уыцы аз рагфæззæг мит рауарыд æмæ пырындзы тыллæг басыд. Хорз æй хъуыды кæнын – уæд колхозы æрмæст хистæр кары адæм нæ куыстой, фæлæ скъоладзаутæ дæр, уыцы нымæцы мæхæдæг дæр. Уыцы рæстæджы колхозы бригадæтæй иуæн разамынд лæвæрдта, кусын бирæ чи уарзта æмæ иннæтæй дæр хорз куыст чи домдта, ахæм адæймаг – Туаты Мишæ. Дзырд дардыл у, фæлæ та уыцы аз дæр колхозы соцерысы фæуæлахиз Мишæйы бригадæ æмæ развæлгъау бадзырдмæ гæсгæ Дзæуджыхъæумæ дæр экскурсийы  уый хъуамæ ацыдаид. Скъоладзаутæй бригадæйы иннæ уæнгтимæ экскурсийы ацæуыны амонд кæмæ æрхаудта, уыдонæй иу уыдтæн æз мæхæдæг. Не ‘ппæты цинæн кæрон дæр нæ уыд. Æрхъæцмæ нал лæууыдыстæм æмæ бонтæ нымадтам. Уæды онг нæ бæрцæй æртæ-цыппар адæймагæй дарддæр Дзæуджыхъæуы никуыма ничи уыд æмæ уый тыххæй сцыбæл стæм балцы цæуынмæ. Æмæ æрбалæууыд уыцы бон. Бригадæйы уæнгтæ сбадтысты уæзласæн машинæйы гом гуыффæйы даргъ хъæдын бандæттыл. Нæ шофыр уыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты активон хайадисæг Дриаты Аршак, æххуыс та йын кодта йе ‘рвад Гайоз. Бæлццæттæн се ‘ппæтæн дæр разамынд лæвæрдта нæ бригадир Туаты Миша.

Афтæ заргæ æмæ худгæ изæры ныххæццæ стæм, рагæй фæстæмæ кæй уынынмæ бæллыдыстæм, уыцы æфсымæрон горæт Дзæуджыхъæумæ. Ссардтам фысымуат дæр. Дыккаг бон райсомæй бацыдыстæм æмæ федтам Къостайы номыл Культурæ æмæ фæлладуадзæн парк. Азылдыстæм горæты фенддаг бынæттыл. Балхæдтам зæрдылдарæн лæвæрттæ дæр. Уый фæстæ кусарт акодтам фæсгорæт. Хистæртæ фæйнæ сыкъайæ акуывтой нæ буц фысымтæн æмæ та нæ фæндаг скодтам Хуссар Ирмæ. Мæ зæрдыл тынг хорз лæууы, фæстæмæ куы æрæздæхтыстæм, уæд нæм колхозы иннæ бригадæты уæнгтæ куыд хæлæг кодтой се ‘ппæт дæр, уый. Алкæйы дæр сæ фæндыд махау Дзæуджыхъæу фенын. Фæлæ  уæд  бригадæты уæнгтæ кæцæй зыдтой, 90-æм азты  сæ фылдæры бар-æнæбары цæгатмæ лидзыны сæр кæй бахъæудзæн, уыцы нымæцы мæн дæр æд бинонтæ, уый тыххæй», – радзырдта Этерæ.

Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ æвзонг адæймаджы йæ хъысмæт цæрынмæ ахæссы алы рæттæм. Этерæ дæр йæ амонд ссардта, чындзы фæцыд Плиты мыггагмæ Гуры районы хъæутæй сæ иу – Цъителубанмæ. Райгонд уыд йæ цардæмбал æмæ йе ‘фсин Дриаты Сонайæ, кæцыйæн йæ цардæмбал Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы баззад хæсты быдыры æмæ сылгоймаг йæ иунæг лæппуйы схъомыл кодта иунæгæй. Ацы хъæуы сын уыд цæрыны уавæртæ æмæ куыстуарзаг æвзонг æмкъæйттæ дæр фæллой кодтой æмæ сæ цард размæ цыд. Хуыцауы цæст сын бауарзта цыппар хъæбулы – дыууæ чызджы æмæ дыууæ лæппуйы радтын. Хъæуы фылдæр цардысты ирæттæ, уыдис дзы астæуккаг скъола дæр, фæлæ дзы ирон æвзаджы, культурæйы рæзтæн ницы уый бæрц уавæртæ уыд, кæд ахуырдзауты ныййарджытæ домдтой, уæддæр. Уый тыххæй катай кодтой иууылдæр, фæлæ сæ уæддæр æндæр ранмæ цæуынвæнд ничи кодта. Сæ кæстæртæй-иу бирæтæ сæ ахуыр адарддæр кодтой Цхинвалы кæнæ та – Дзæуджыхъæуы æмæ сын уый сæ зæрдæтæ сабыр кодта. Плиты бинонтæ дæр сæхицæн сарæзтой райдзаст дыууæуæладзыгон хæдзар, фæлæ дзы цæрынæй нæма бафсæстысты, афтæмæй лидзинаг фесты Цæгат Ирмæ, уал азы фыдæбæттæ сын дон йæ бынмæ аласта.

1989 азты Гамсахурдиа æмæ йе ‘рдонгтæн сæ фашистон туг райхъал ис, сæ сæртæ сдардтой, схæццæ кодтой ирон адæмы цард, æмæ сæ афтæмæй лидзинаг фæкодтой сæ цæргæ-цæрæнбонты фæллæйттæ æмæ фыдæбæттæ ныууадзгæйæ. Плиты бинонтæ Дзæуджыхъæумæ æввахс, ома, Алханчурты балхæдтой зæххы гæппæл æмæ та уым дæр сæхи хъарутæй сарæзтой хæдзар, бахъуыдис та сæ æхсæвæй-бонæй уæхскуæзæй кусын. Фæлæ бæрæг куыд у, афтæмæй Гуырдзыстоны мидæггагон районтæй Цæгат Ирмæ чи алыгъд, уыдонæй бирæтæн климат не сбæззыд æмæ сæ бирæтæ цæрынхъуæгтæй ацыдысты а-дунейæ. Иу цалдæр азы размæ цардæй ахицæн Этерæйы куыстуарзаг цардæмбал Плиты Парсадан дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, зианмæ ацыдыстæм мах дæр. Йæ ныгæнæн боны уæлмæрды нæ цæст куы ахастам, уæд марды дуртыл фылдæр фыст уыдысты хуссарирыстойнаг мыггæгтæ. Уый тыххæй нын радзырдтой лигъдæттæ сæхæдæг дæр. Зæгъгæ, акæс ма, мæнæ ацы лæгыл 45 азы йедтæмæ нæма цыд, мæнæ ууыл та 50 азы æмæ афтæ дарддæр. Зæгъæн ис  æмæ лигъдæттæй Гамсахурдиайы лæгмартæй сæрæгасæй чи раирвæзт, уыдонæй  кæмæн  климат не сбæззыд æмæ дзы чи та фырмастæй амарди. Уымæн æмæ райгуырæн къуым адджын у, йæ ныууадзын тынг зын вæййы. Лигъдæттæй бирæтæ абоны онг дæр сæхицæн хæдзæрттæ нæма ссардтой æмæ сæ чи нырма æмдзæрæндоны цæры, чи та – æххуырст хæдзæртты. Æппæт уыцы фыдæбæттæ бавзæрстой ирон адæмы цæрæнбонты æмæ цыфыддæр знæгты аххосæй. Уадз, Стыр Хуыцау сын ма ныббарæд ирон адæмы тæригъæд.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.