31 июлы нæ горæты хуссарварс цæрджытæй бирæтæ банкъардтой фæздæджы æнуд тæф. Уый фæтынгдæр фыццæгæм августы райсомæй Гафезы уынджы. Сыгъдис уынгмæ хæстæг хус кæрдæг. Кæд дымгæ нæ уыд, уæддæр æй сабыр уддзæф хаста горæты ‘рдæм. Зынгæ æрбаввахс ацы уынджы хæдзæрттæм. Судзын райдыдтой сæ цæхæрадæтты, гаражты алыварс кæрдæг. Тæссаг уыд, зынгсивæрзт сывæллæтты цæхæрадонмæ куы баххæстаид, уымæй дæр. Рæвдауæндоны кусджытæ сывæллæтты ракодтой уынгмæ. Кæд уынджы бирæ рæстæг нæ фесты, уæддæр тыхстысты фæздæгмæ. Уæдмæ зынгхуыссынгæнджытæ ахуыссын кодтой зынгсивæрзт, уавæр фæхуыздæр æмæ сывæллæтты рæвдауæндон дарддæр кодта йæ куыст.

Зынгсивæрзт ахуыссын кæныныл куыстой зынгхуыссынгæнджыты дыууæ расчеты.

Банысан ма хъæуы уый дæр, æмæ тынг тæвд бонты аххосæй фæстаг дыууæ къуыри республикæйы зынгхуыссынгæнджыты зынгсивæрзтмæ ацæуын кæй бахъуыд 50 хаттæй фылдæр. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны алы цæрæгмæ дæр сидынц, цæмæй ма аразой фадат зынгсивæрзтæн.

Тотеты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.