Зынгсирвæзт бирæ бæллæхтæ расайы æмæ цæмæй ахæм фыдбылызтæй хызт уа алчи дæр, уымæ здæхт у сæ архайд зынгхуыссынгæнджытæн.

Ахæм организаци саразын æнæмæнгхъæуæг кæй уыд, уый зæрдыл даргæйæ, нæ раздæры областы разамынад бахынцыдта уавæр æмæ нæм йæ рæстæджы сырæзт зынгхуыссынгæнджыты командæ. Раст у, йæ авналæнтæ райдианы къуындæг уыдысты, фаг æххæст нæ уыд кусджытæй, транспортыл та ма чи дзырдта, фæлæ уæддæр ныфсы хос уыд æнамонд цаутæй æмбæстæгты фæллæйттæ бахъахъхъæнынæн. Абоны бон æндæр у ацы организацийы уавæр, ифтонг сты æнæмæнгхъæуæг транспорт æмæ кусджытæй æмæ сæм куыддæр фæдисы хъæрмæ фæсидынц, афтæ цыбыр рæстæгмæ балæууынц æнамонд цау ма æруадзынмæ. Сæ æвæллайгæ архайды фæстиуæгæн зынгæй бахизынц алыгъуызон нысаниуæджы объекттæ, стæй ма нæ æрдзы рæсугъд фидауц – хъæды фæзуæттæ дæр.

Нæ республикæйы зынгхуыссынгæнджыты хайадтæ уæвынад кæнынц Знауыр, Ленингор, Дзау, Рукъ, Къуайса, горæты Хъайтарты уынгыл фыццаг зынгхуыссынгæнæн-ирвæзынгæнæн æмæ Æнæнхъæлæджы цауты министрады цур та дыккаг зынгхуыссынгæнæн хайадтæ. Фыццаг зынгхуыссынгæнæн хайады хистæры хæдивæг Чысиаты Ирбег куыд радзырдта, уымæ гæсгæ азы райдианæй абоны бонмæ фæдисы ацыдысты 100 хатты, уыдон иу хай вæййынц æмбæстæгтæн сæ æнæрхъуыдыдзинад кæнæ та æнæмæты ахасты фæстиуæгæн.

Зынгсирвæзтæн ис цалдæр аххоса-джы, цæрджытæ фылдæр хатт арт бафтауынц сæ цæхæрадæтты хус кæрдæгыл,  æмæ бирæ анхъæвзы æттæмæ, афтæмæй зынджы хай бавæййынц хæдзарадты хуымтæ дæр. Ахæм рæстæджы æмбæстæгтæ хъуамæ æвæстиатæй хъусын кæниккой зынгхуыссынгæнджытæм. Уæд æнцондæр уаид зынг банымæг кæнын, æрхæсгæ зиæнттæ та уыдзысты къаддæр. Æндæр хъуыддаг у, не ‘мбæстæгтæй иутæ хъæдыл арт цæмæн бафтауынц, уый æмæ уымæй стыр зиан хæссынц нæ æрдзы хъæздыгадæн. Ахæм бынæттыл техникæйæн нæ вæййы бахизæн æмæ нæ лæппутæн уæд тынг зын вæййы йæ ахуыссын кæнын. Зынгхуыссынгæн-джытæй алчи дæр йæ куыстмæ кæсы бæрндзинады цæстæй æмæ Чысиайы фырты нæ бафæндыд уыдонæй кæйдæрты фæхицæн кæнын раппæлыны охыл.

 Техникæйы тыххæй дзургæйæ, банысан кодта, кæй сæм ис зынгхуыссынгæнæн машинæтæ цыппар, кæд зæронд сты, уæддæр нырма сты куыстæввонг. Техникæйæ исты куы фехæлы, уæд сæм фæсауæрц хæйттæй фæкæсы министрад, цалцæг кæнынмæ та рæвдз сты лæппутæ сæхæдæг æмæ сæ æркæнынц куыстæввонг цыбыр рæстæгмæ. Не сты донцух, бахъуаджы рæстæджы йæ исынц бынаты. Æрмæст сын чысыл зын вæййы, дард бынаты сæ куыст куы феххæст кæнынц, уæд. Уыцы рæстæджы тагъдæн пайда кæнынц, зынгсирвæзт кæм æр-цæуы, уымæ хæстæг бынаты донæй. Республикæйы районты зынгсирвæзт ахуыссын кæныныл та кусынц сæхи зынгхуыссынгæнджытæ, фæлæ уыдон куынæ тых кæной йæ ахуыссын кæныныл, уæд сæм уадид фæзынынц горæтæй æрцæугæ зынгхуыссынгæнджытæ.

                                                     ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.