Ивгъуыд къуырийы Знауыры районы байгом ис Хуссар Ирыстоны национ бангы филиал.

Æрбайгом кæныны цытджын церемонийы хайад райстой Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, Национ бангы сæрдар Зассеты Феликс, районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Рустам æмæ Знауыры поселочы цæрджытæ.

Цытджын церемонийы Хицауады Сæрдар загъта: «Куыд зонæм, афтæмæй планмæздæхтæй уæ районы арæзт цæуы бирæ арæзтæдтæ. Уыдоны номхыгъдмæ ма бафтыд РХИ-йы Национ бангы филиал дæр. Нырыккон цардуагон стандарттæм хауынц бангы лæггæдтæ дæр æмæ ныр ацы уавæртæй пайда кæндзысты ацы районы цæрджытæ æмæ ныры рæстæджы бирæ социалон фарстатæ аскъуыддзаг кæнын у зын æнæ бангы лæг-гæдтæй. Уымæ гæсгæ æндæр фадгуыты  райрæзтимæ  иумæ,  æнæмæнг хъуыддаг у бангы системæйы райрæзт».

Зассеты Феликс куыд загъта, афтæмæй Знауыры бангы уыдзæнис гæнæн æхцайы фæрæзтæ æвæрын, пенситæ райсын, афтæ ма æндæр горæттæм æхцайы фæрæзтæ ахынцындæр. Уыцы лæггæдты фæдыл Знауыры районы цæрджыты хъуыд Цхинвалы горæтмæ æрцæуын.

Банджы сæргълæууæг ма куыд загъта, афтæмæй 2012 азы РХИ-йы бангы сæргъ куы слæууыд, уæд банг уыд тынг зын финансон уавæры. Алы бон дæр банджы документациимæ зонгæ кæнгæйæ, уыдта, цас хæрдзтæ æрцыдис, цас фыдаудæн митæ фæкодтой æмæ нæ адæмæн цас зиан æрхастæуыд, уыдæттæ. Бангы æхцайы фæрæзтæн сæ кой дæр нал уыдис. Æхцайы фæрæзтæ Национ бангæн уыдис дыууæ раны – «Банк Москвы»-йы Цæгат Ирыстоны филиалы æмæ иннæ та уыд  «Арт-Банк». Дыууæ бангы дæр уыдысты коммерцион. Финанскæнынады хыгъдон ставкæйæн йæ æртæ проценты цыдис бангмæ. Афтæмæй банг æртæ аз æмæ æрдæгы дæргъы æфтиæгтæ иста 2 милуан сомы. «Арт-Банк»-ы нын цы хыгъд уыд, уым æртæ азмæ арæзт æрцыд дыууæ операцийы.

Зассеты Феликс куыд загъта, афтæмæй йемæ бадзырдтæ арæзт кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ дзы банг иу сом дæр никуы райста.

Нæ республикæйы разамынад тынг архайдта, цæмæй бангы хъуыддæгтæ æрбæстон чындæуыдаид. Уымæн та фадат фæцис 2013 азы – лæвæрд ын æрцыдысты æхцайы фæрæзтæ. Бангæн уæд йæ бон бацис йæ финансон уавæр 275 милуан сомы онг схизын кæнын. Уый та уыдис, куыд нæ республикæйы разамынады, афтæ бангы коллективы иузæрдион архайды руаджы. Афтæмæй хицауады хъæппæрисон архайды руаджы бангæн йæ фæрæзтæ фæфылдæр сты бирæ хатты.

Зассеты Феликс ма куыд дзырдта, афтæмæй раздæр кредит дæттыны хъуыддаджы уыд хæццæдзинад. Кредит райсын-иу кæй фæндыд, уый-иу цыд Хицауадмæ æмæ Парламентмæ. Афтæмæй та бангæн уыд æмбæлон хайад, кæцымæ бадæттын хъуыд куырдиат.

Ныртæккæ ацы хъуыддаджы уавæр рараст: «Банысан хъæуы уый æмæ 2013 азæй фæстæмæ куыд Национ банг, афтæ Æфснайæн банг дæр кредиттæ кæй радта 5439 адæймагæн. Уыдон сты фермертæ, амалиуæггæнджытæ, хицæн адæймæгтæ æмæ алыгъуызон фæлхасадон кредиттæ. Кредиттæн сæ иумиаг суммæ уыд 1 миллиард 78 милуан сомы. Уый та стыр æххуыс у, раздæр куыд уыдис, афтæ нæм нал ис кредит райсыны тыххæй радтæ. Бангыл æууæндын райдыдтой, уымæн æмæ нын ис финанскæнынынад. Хицауад дæр аразы æппæт дæр, цæмæй æхцайы фæрæзтæ, раздæрау ма сæфой, фæлæ сæ нысаныл æмбæлой. Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм: афæдзон процентон ставкæ уы-дис 24 % бæрц. Уый фæстæ æрхауд 18 % æмæ ныр та у 16 %», – дзырдта уый.

Уый фæстæ Хицауады сæргълæууæг азылд банджы бæстыхайы æмæ банысан кодта, ам æппæт дæр арæзт кæй æрцыд, цæмæй дзы чи куса, уыдон сæхи хатой комфортонæй.

Знауыры районы РХИ-йы Национ бангы филиалы сæргълæууæг Икъаты Витали куыд загъта, афтæмæй бангы штатон кусджытæ уыдзысты 8 адæймаджы.

Банысан кæнын хъæуы уый æмæ, Нацбанкæн ахæм филиалтæ конд кæй æрцæудзысты нæ республикæйы æндæр районты дæр.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.