Æрæджы, нæ республикæмæ æрцыдысты академик Павловы номыл Санкт-Петербурджы фыццæгæм паддзахадон медицинон университеты профессортæ. Уыдон цалдæр боны дæргъы горæт Цхинвалы æмæ нæ республикæйы районты тагъд æххуысы кусджытæн кастысты лекцитæ сæ квалификаци фæбæрзонддæр кæныны тыххæй.

Медицинон темæйæ дарддæр ма дохтыртæн лекцитæ кастысты ахæм темæйыл дæр, куыд зæгъæм, «Тагъд медицинон æххуыс бакæныны организацион бындур», зæгъгæ. Ахæм лекцитæ æнæмæнгхъæуæг уымæн сты, æмæ тагъд æххуысы станцы бригадæ пациенттæм бацæугæйæ, арæх бахауы вазыгджын уавæрты. Уымæ гæсгæ экстренон службæтæн æнæмæнгхъæуæг сты ацы здæхты профессионалон зонындзинæдтæ исын. Дохтыртæн лекцитæ фæахъаз уыдзысты теоретикон информаци дæттынæн, афтæ ма специалисттимæ æркæсынц сæ куысты практикæйы цы цаутæ æрцæуы, уыдонмæ дæр.

Тагъд медицинон æххуысы дохтырты хъуыдымæ гæсгæ, ахæм лекцитæ сты æнæмæнгхъæуæг, уымæн æмæ уыдон вæййынц информацион-зонадон лекцитæ. Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ ахæм зонындзинæдтæ дохтыртæ кæй исынц бынаты, республикæ-йæн æддæмæ ма ацæугæйæ, кæцы у ахсджиаг факт. Фæлæ, хуссарирыстойнаг дохтыртæн кæд уæрæсейаг специалисттæ лекцитæ бынаты кæсынц, уæддæр Хуссар Ирыстоны тагъд медицинон æххуысы дохтыртæн организаци æрцыд, академик Павловы номыл Санкт-Петербурджы фыццæгæм медицинон университетмæ ацæуыны фадат, цыран уыдон æмбæлонæй фæбæрзонддæр кæндзысты сæ квалификаци.

Ныридæгæн  уал Хуссар Ирыстоны тагъд медицинон æххуысы дохтырты иу къорд марты мæйы кæрон ацыдысты Санкт-Петербургмæ, цыран уыдон рацæудзысты квалификаци бæрзонддæргæнæн курсытæ сæ дæсныйады иттæг хорз специалистты лекциты руаджы. Къуырийы кæрон та ацæудзæн дохтырты иннæ къорд.

Санкт-Петербурджы фыццæгæм медицинон университеты профессор Наталья Гурьева афтæ радзырдта: «Ныртæккæ ист æрцыдысты бирæ закъæттæ, кæцытæ номхуындæй бæстон кæнынц фæтк, æххуысы бакæныны стандарттæ. Закъæтты нысан сты, цахæм квалификаци хъуамæ уа алы специалистмæ дæр, уый. Цы хъуамæ уа тагъд æххуысы машинæйæ, цахæм инструментари дзы хъуамæ уа, уыдæттæ. Ацы закъæттæ абаргæйæ, фæзындысты æрæджы. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы,  дохтыртæ æрвылбонон режимы кæй кусынц, уымæ гæсгæ сын зын вæййы ног нормативон нормæтæм хъус дарын. Уыимæ ма закъæттæм арæх хаст æрцæуынц барасткæнинæгтæ дæр. Мæ хæс у, цæмæй æппæт ацы ног организацион ивындзинæдтæ, тагъд æххуысы станцы архайды ног барадон базæ-имæ дохтырты базонгæ кæнон».

Нæ республикæйы тагъд медицинон æххуысы кусджытæ райгондæй баззадысты ацы лекцитæй. Бязырты Аллæ, дохтыр: «Махæн ис тынг хорз гæнæнтæ нæ зонындзинæдтæ баххæст кæныны тыххæй. Раздæр-иу мах алы хатт дæр, фондз азы иу хатт, ацыдыстæм республикæйæн æддæмæ нæ медицинон сертификат сфидардæр кæныны тыххæй. Æмæ нын ныр та уыд цæугæ цикл. Æрцæуынц нæм бæрзонддæр æмвæзады уæрæсейаг профессортæ æмæ нын сæ зонындзинæдтæ рæдауæй бацамонынц. Ацы лекциты руаджы, кæй зæгъын æй хъæуы, фæбæрзонддæр кæнæм нæ квалификаци æмæ фæхуыздæр вæййы нæ куысты гъæд дæр. Уымæн æмæ ныртæккæ дуг тагъд ивы æмæ мах дæр хъуамæ æмдзу кæнæм рæстæгимæ, зонгæ кæнæм медицинон фадыджы цы ногдзинæдтæ æрцæуы, уыдонимæ. Тынг æхсызгон нын уыд ахæм лекцитæ нын бынаты организацигонд кæй æрцыдысты, уый. Уымæн æмæ нын алыхатт ахæм фадат нæ вæййы. Стыр бузныг, Уæрæсейæ нæм иттæг хорз специалисттæ кæй  æрцыдысты, уый тыххæй».

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.