Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы сæрдариуæгадæй уагъд æрцыд Хицауады радон рабадт. Хайад дзы райстой министрадтæ æмæ ведомствоты, афтæ ма республикæйы районты къухдариуæггæнджытæ.

Рабадты райдианы Хицауады уæнгтæ æркастысты «2019 азæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджеты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны 2018 азы декабры райсгæ Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны проекты тыххæй фарстмæ. Фарсты фæдыл раныхас кодта РХИ-йы Финансты министр Хæбæлаты Азæ. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй Закъонмæ ивындзинæдтæ бахастæуыд, цæмæй Инвестпрограммæйæ цы æхцайы фæрæзтæ баззадис, уыдон хаст æрцæуой 2019 азмæ æмæ нæ цы нысанæн хъуыдысты, уый тыххæй сæ пайда æрцæуа дарддæр дæр.

Уымæй дарддæр ма Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстонæн цы иумæйаг информацион-координацион центр сырæзт, уымæй æхцайы фæрæзты баззайæццæгтæ дæр, цæмæй рахаст æрцæуой ацы азмæ. Афтæ ма бюджетæй фæрæзтæ 7 милуан сомы бæрц рахицæн æрцæудзæн санитарон эпидемиологон æдасдзинад сифтонг кæныны тыххæй. Æхцайы фæрæзтæ ма рахицæн æрцæудзысты удварнон-хæрзæгъдауон хъомылады тыххæй паддзахадон комплексон программæ райтынг кæнынæн, ахуырады министр Гасситы Наталийы фæндæттæ бахынцгæйæ.

Финансты министр ма лæмбынæг æр-дзырдта Паддзахадон унитарон куыстуæтты дарддæры архайды, афтæ ма аразинаг объекттæн цы æхцайы фæрæзтæ рахицæн æрцæудзысты, уыдоны тыххæй. Æхцайы фæрæзтæ ма рахицæн æрцыдысты республикæйы районты размæцыды рæзты тыххæй.

Президент Бибылты Анатоли бахæс кодта Финансты министрæн, цæмæй горæты администрацийы сæргълæууæгимæ сбæрæг кæной, 2008 азы чи ныппырх сты, уыцы хæдзæрттæ æмæ уыдоны тыххæй дæр рахицæн æрцæуой æхцайы фæрæзтæ. «Ныр 11 азы рацыд уыцы хæстæй æмæ абоны онг дæр уыцы адæм цæрынц зын уавæрты. Æз сын ныфс бавæрдтон сæ хæдзæрттæ саразынæй. Æмæ сæ домæн хъуамæ æххæст æрцæуа. Уыдон сты 35 хæдзары бæрц», – загъта Президент æмæ бахатыд горæты администрацийы сæргълæууæгмæ, цæмæй пырх хæдзæртты тыххæй Финансты министрадмæ бахæсса бæлвырд зонæнтæ. Æмæ ацы аз цалцæг æрцæуой. Президент ма бахæс кодта, цæмæй æхцайы фæрæзтæ рахицæн æр-цæуой нæ горæты бирæуæладзыгон хæ-дзæртты ацы аз лифтытæ сæвæрыны тыххæй. Уыдонæй дарддæр ма Президент æрдомдта, цæмæй бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртытæ схæрзарæзт кæныны тыххæй рахицæн æрцæуа 20 милуан сомы бæрц. «Развæлгъау сбæлвырд кæнут, кæцы хæдзæртты территоритæ  арæзт цæудзысты, уыдон. Æмæ саразут кусджытимæ бадзырдтæ, афтæ ма развæлгъау сæ сырæзты тыххæй бацæттæ хъæуы æмбæлон сметæйон документаци дæр», – загъта Президент æмæ Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикæн бахæс кодта, цæмæй ацы хæслæвæрдтæ сæрмагондæй уой йæ хъусдарды бын.

Президент ма бафæдзæхста, цæмæй æппæт арæзтадон куыстытæ дæр райдайой апрелы мæйы æмæ августы мæйы кæронмæ фæуой.

«Зæгъæн ис, æмæ бюджетон фæрæзтæ нæ республикæйы цæрджыты цардуагон уа-вæртæ фæхуыздæр кæныны нысанæн хардз кæй цæуынц, уый адæм уынынц сæхæдæг дæр. Уыдон дарддæр дæр хардз цæудзысты нæ адæмы хæрзæбонæн», – загъта Президент.

«Милицийы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны 10-æм статьямæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны проекты тыххæй рабадты раныхас кодта РХИ-йы Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь.

Рабадты ма фидар æрцыдысты Республикæйы телеалæвæрдты æмæ радиоалæвæрдты нысæнттæн бастдзинæдты лæггæдтæ кæныны фæткойтæ, РХИ-йы Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрады уагæвæрдтæ æмæ кадастрон куыстытæ æххæст кæныны тыххæй фидыны бæрцтæ.

Бастдзинад æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæргълæууæг Джиголаты Хасан йæ раныхасы куыд банысан кодта, афтæмæй нымæцон телеуынынадмæ рахызтæй бирæ фæхуыздæр уыдзысты телеалæвæрдтæ. Уый ма куыд загъта, афтæмæй, кæд нымæцон телеуынынады фæдыл куыст кæронмæ нæма бахæццæ, уæддæр нæ горæт æмæ йæ алфæмблай хъæуты цæрджытæн сæ бон бакæсын у 22 каналмæ. Æххæстæй куы скуса, уæд та хæццæ кæндзæнис дæрддзæф хъæутæм дæр.

Рабадты ма Хицауады уæнгтæ æркастысты «Уæвæг паддзахадон аккредитацитæм гæсгæ ахуырадон архайд æххæстгæнæг скъолайы агъоммæ, иумæйаг райдиан, сæйраг иумæйаг, астæуккаг иумæйаг ахуырад хисæрмагонд ахуырадон уагдæтты райсыны фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджетæй 2018 азы субсидитæ радтыны фæтк сфидар кæныны тыххæй» РХИ-йы Хицауады 2018 азы 7 марты Уынаффæмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй фарстмæ, афтæ ма «Республикæ Хуссар Ирыстоны фæлхасгæнджытæн цæрæнуатон-коммуналон лæггæдты тыххæй» РХИ-йы Хицауады 2018 азы 26 декабры Уынаффæмæ дæр ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй фар-стмæ.

Рабадты ма уынаффæ цыдис æндæр æмæ æндæр фарстытыл дæр.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.