Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли ауагъта Хицауады æнæрадон рабадт видеобастдзинады хуызы. Рабадты  хайад райста Национ бангы Сæрдар Джиоты Жаннæ.

Бибылты Анатоли куыд баны-сан кодта, афтæмæй Хицауады æнæрадон рабадт уагъд цæуы Паддзахадон бюджетон уагдон «Алайнаг хъӕдыхӕдзарад» æмæ Паддзахадон бюджетон уагдон «Централон паддзахадон архив»-ы кусджытæн куыст-мызд бафидыны фæдыл цы уавæр сæвзæрд, уый тыххæй.

Уый размæ Хицауад хорзыл банымадта ацы организациты кусджыты мыздмæ разæнгард-гæнæн бафтыдтытæ сфидар кæныны фарст.

«Кусджытæ ныр æртæ мæйы дæргъы нæ исынц куыстмызд, уымæн æмæ кæцыдæр депутаттæ нырма нæ бамбæрстой се ‘взарджыты раз бæрндзинад æмæ Парламенты куыст къуы-лымпы кæнынц», – банысан кодта Президент.

Уый ма загъта, зæгъгæ, йӕм дыууæ организацийы кусджы-тæй дӕр фыстæджытæ æрба-цыд æххуысы тыххæй, афтæ ма паддзахады сæргълæууæджы номыл Парламентæй æрбацыд фыстæг, цыран домдæуы, цæмæй æххæсткæнынады къа-базы хицауад ссара фӕрӕзтæ уæлдæр загъдгонд кусджытæн куыстмыздтæ бафидыны фæ-дыл.

Цалынмæ фарстыл уынаф-фæ кæнын райдыдтой, уæдмæ Бибылты Анатоли æрсидт Пар-ламенты депутаттæм, цæмæй мауал уадзой антиконституцион архайдтытæ.

Уый ма банысан кодта, зæгъ-гæ, депутаттæн сæ фылдæр æмбарынц, Парламенты куыст къуыхцы кæнын хорзмæ кæй не ‘ркæндзæн. Фæлæ, хъыгагæн, ис ахæм депутаттæ, кæцытæ сæ сæрмагонд амбицитæ, реваншистон тырнындзинæдтæ æмæ бынат фесафыны тыххæй маст-исын æвæрынц адæмы инте-рестæй уæлдæр.

«Ахæм архайдтытимæ паддзахадæн йæ бон нæу размæ цæуын. Уымæ гæсгæ æз ноджы иу хатт сидын депутаттæм, цæмæй æхсæнады, адæмы раз банкъарой бæрндзинад, раздæхой сæ куыст æмæ фарстытæ скъуыддзаг кæнынмæ, кæцы-тæн сæ сæйрагдæр у пандемийы ныхмæ тох кæнын. Хъуамæ бюджетмæ ивындзинæдтæ ист æрцæуой, кæцытæ баст уыдзысты коронавирусимæ тох кæнынæн æхцайы фæрæзтæ рахицæн кæнынимӕ. Парламент улæфтытæ хынцгæйæ, нæ кусы æртæ мæйы. Æртæ мæйы дæргъы махæн нæ бон нæу бюджетмæ ивындзинæдтæ райсын, Хицауады сконд снысан кæнын, паддзахадæн йæ бон нæу æххæстæй кусын.  Уый æхсæнады æвзарын кæны сагъæсдзинад», – загъта Президент.

Уый загъта, цæмæй йын фехъусын кæной ауадзгæ куысты тыххæй æмæ Хъæды хæдзæрады æмæ Архивы кусджытæн куыстмызд бафидыны фæдыл уынаффæ.

Финансты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Хæбæлаты Азæ куыд загъта, афтӕмӕй, Президенты бахæсмæ гæсгæ Хицауад бакуыста æмæ сæ хъуыды у Национ бангмæ бахатын, цæмæй уый Хицауады гарантиты фæдыл сифтонг кæна æнæпроцетон æхца-йы фæрæзтæй Паддзахадон бюджетон уагдӕтты кусджыты раз куыстмызды фæдыл цы хæс ис, уый бафидын. Национ бангы Сæрдар ууыл разы у.

Хицауады рабадты рæстæджы Бибылты Антоли бахатыд Национ бангы Сæрдар Джиоты Жаннæмæ, цæмæй максималон æгъдауæй ауадзой æхцайы фæрæзтæ рахицæн кæныны процедурæ, цæмæй адæм райсой сæ мызд.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.