Знауыры районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ æрæвнæлдтой Бухаргом-Знауыры донвæд цалцæг кæнынмæ.

Районы сæргълæууæг Хуыбиаты Сослан банысан кодта, зæгъгæ, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ проблемæтæ аиуварс кæнынмæ æрæвнæлдтой цалдæр боны размæ æмæ уыцы æмгъуыдмæ сарæзтой куыстыты егъау гуырахст.

«Сæйраджыдæр цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ сцалцæг кодтой зæронд бассейн æмæ æххæст цæуынц ног бассейн арæзтады фæдыл куыстытæ. Æппæт куыстытæ фæуыдзысты азы кæронмæ», – загъта районы сæргълæууæг.

Бирæ рæстæджы дæргъы, Знауыры поселокмæ цы дон цæуы, уый нæ уыд домæнтæм гæсгæ æмæ цæрджытæ пайда кодтой чъизи донæй.

Районы сæргълæууæг банысан кодта, кусджытæ æппæт цухдзинæдтæ дæр кæй аиуварс кæндзысты, цæмæй поселокмæ дон цæуа сыгъдæгæй. «Ацы аз ма фæнд кæнæм донвæд специалон сыгъдæггæнæн арæзтад-«хлоратором»-æй сифтонг кæнын», – банысан кодта Хуыбиаты фырт.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.