6 октябры уагъд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Бюджет æмæ хъалонты фæдыл комитеты рабадт. Уагъта йæ комитеты сæрдар Джиоты Еленæ.

Рабадты боны фæткмæ хаст æрцыдысты «2020 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджеты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны проект æмæ «Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъалонты кодексы 45 статьяйы фыццаг хаймæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны проекттæ.

Фыццаг фарсты фæдыл ныхасы рацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Финансты министр Хæбæлаты Азæ, кæцы депутатты базонгæ кодта ивындзинæдты сæйраг критеритимæ, кæцытæ хаст цæуынц 2020 азы паддзахадон бюджетмæ.

Уый фæстæ æруынаффæ кодтой «Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъалонты кодексы 45 статьяйы фыццаг хаймæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны проектыл, кæцы æрбавдыста Хъалонты æмæ æмбырдты фæдыл комитеты сæрдар Кадзты Владимир. Банысангонд æрцыд 2017 азы 20 февралы Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент «Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл Уæрæсейы Федерацийы административон тæрхондонон кондады Кодексы архайды тыххæй» кæй райста Уынаффæ æмæ ивындзинæдтæ, ацы Уынаффæ райсыны фæстæ, РХИ-йы территорийыл архайгæ Паддзахадон процесСуалон кодексмæ, кæцы баст у физикон адæймæгты домæнимæ, æмæ не сты индивидуалон амалиуæггæнджытæ, æнæмæнгхъæуæг фиддонтæ æмæ санкцитæ, РХИ-йы Хъалонты кодексы 45 статьяйы фыццаг хайы æнæмæнгхъæуæг у ног райсгæ закъондæттынады нормæтæм æркæнын.  Уымæй уæлдай ма, ацы закъоны проект райсынæн нæ бахъæудзæн æхцайы фæрæзтæ.

Уынаффæ кæныны фæстиуджытæм гæсгæ дыууæ закъоны проект дæр хаст æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Президиуммæ дарддæр сыл уынаффæ кæнынмæ.

Комитеты куысты хайад райстой Габатты Алан, Икъоты Витали, Гæбæраты Инал æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Хицауады æххæстбарджын минæвар Кокойты Зураб.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.