Æгас чырыстон дунейы зынгæдæр бæрæгбонтæй сæ иу у куадзæн. Чырыстон адæм уыцы бон хонынц «бæрæгбонты бæрæгбон», «цытджын бонтæй цытджындæр».

Уый у æппæты сæйрагдæр бон чырыстон аргъуаны афæдзы. Уырыссаг æвзагæй комкоммæ тæлмацæй «пасха», нысан кæны «рахызт». Уый у Йесо Чырыстийы райгас – рахызт мæрдтæй. Куадзæны бон бæлвырд бæрæг нæу. Алы аз дæр æй банымайынц аргъуаны сæрмагонд къæлиндармæ гæсгæ.

Ацы бæрæгбонмæ ирон адæм сæхи цæттæ кодтой зæрдиагæй: æфснайдтой сæ хæдзæртты, йæ фадат кæй амыдта, уыдон æлхæдтой ног дарæс, йæ бон кæмæн нæ уыд сæ балхæнын, уыдон иу  сæ æхсадтой. Иудзырдæй, хъуамæ йыл сæмбæлдаиккой сыгъдæгæй. Уыимæ йыл хъуамæ сæмбæлдаиккой, бæрæгбоныл куыд æмбæлы фембæлын, афтæ. Фыхтой бæгæны, къуымæл, æргæвстой уæрыччытæ, сæныччытæ, родтæ, цыдысты æртыгай уæлибыхтимæ æмæ физонджытимæ хæстæгдæр дзуæртты бынмæ сæхи фæдзæхсынмæ.

Æндæр бæрæгбонтæй хъауджыдæр, куадзæны сæйрагдæр нысан у аик. Æйчытæ сфыцынц куадзæны æхсæв, сахурынц сæ сæрмагонд ахорæнтæй, уый дзурæг у уалдзæджы хуызтыл, йæ рæсугъддзинадыл. Уыдонæй арынц ног мæрдты рухс ном, сфыцынц сæ циндзинады тыххæй дæр.

Куадзæны æхсæв сыхбæсты лæппутæ æрбамбырд вæййынц æмæ азилынц хъæуы хæдзари-хæдзар. Фæзарынц æмæ-иу хъæр кæнынц, «Чырысти, райгас, Чырысти райгас», зæгъгæ.  Цы æйчытæ, хæринæгтæ æрбамбырд кæнынц, уыдон стæй сæ кæрæдзийыл адих кæнынц.

Куадзæны фынгыл æрæвæрынц урсаджы, фыдызгъæлы кувинæгтæ æмæ уымæй бæрæг вæййы сæ комы уагъд. Куывдтытæ цæуынц иумæйаг уагыл. Чырыстийы ном арынц лæугæйæ, дзаг нуазæнтимæ.

Ацы бон сыхæгтæ, хæстæджытæ кæрæдзимæ фæцæуынц æмæ фæарфæтæ кæнынц, Чырысти райгас, зæгъгæ. Арфæгæнæгмæ аик авæрынц. Куадзæны ахуырст аик, хуымæллæгджын бур бæгæны æмæ бæзджын хоры къуымæлæй-иу цы адæймаг нæ фæхай уыдаит, уый нымадтой æппæтæй æнамонддæрыл. Бирæ рæтты Куадзæн нымад у мæрдты боныл. Зианджынтæ фæцæуынц уæлмæрдмæ æмæ фæрухс кæнынц сæ мæрдтæн, зианы номыл аразынц фынгтæ æмæ уый раст нæу.

Куадзæны бæрæгбон нымад цæуы хъæлдзæг бæрæгбоныл. Арæзтой иумæйаг куывд. Зарыдысты, кафыдысты, алырдыгæй хъуыст хъæлдзæг ныхас, фæндыры цагъд. Дины кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ацы бон мæрдты мысын раст нæу. Мæрдты мысæн бон у дыккаг  бон  – къуырисæр. Хонгæ дæр æй афтæ кæнынц – мæрдты куадзæн.

 

Мæрдты куадзæн

Мæрдты куадзæн вæййы куадзæны хæдфæстæ къуырисæры. Уæдмæ уæлмæрдтæм хорз базилынц, ссыгъдæг сæ кæнынц æмæ Куадзæны сæ ком куы суадзынц, сæ бæрæгбон хорз куы банысан кæнынц, уæд дыккаг бон къуырисæры сæ мæрдты уæлмæрдтæ бабæрæг кæнынц, сæ ком цы хойраг, хæлц, дыргъ, халсар, адджинаг, нозтæй суадзынц, уыдонæй сæ мæрдтæн дæр ныххæлар кæнынц.

Мæрдты куадзæн саразын æнæмæнг хъуыддаг у ног мæрдджынтæн. Æрцæттæ кæнынц фынджыдзаг æмæ цы хойраг, нозт, дыргътæ, халсæрттæ, адджинæгтæ æрæвæрынц, уыдон мардæн ныххæлар кæнынц, стæй дзы иу хай уæлмæрдмæ ахæссынц æмæ йын дзы уым рухс фæзæгъынц.

Фынджыдзагæй хæдзары марды ном та ссарынц æввахс хиуæттæ æмæ сыхы хистæртæ. Мæрдты куадзæн ма мæрдты къуырисæр дæр хонынц.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.