2016 азы февралы мæйы 11-æм боны уагъд æрцыдис РХИ-йы сабидæтты программæ «Малусæг»-ы презентаци. Мадзалы цытджын уазджытæ уыдысты: РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид йæ уынаффæгæнджытимæ, РХИ-йы Хицауады премьер-министр Хъуылымбегты Доменти, вице-премьер Пухаты Эрик, РХИ-йы Парламенты сæрдар Бибылты Анатоли, Комитеты сæрдар Гæбæраты Юри, сабидæтты разамонджытæ, бирæ æндæр æрхонгæ цытджын уазджытæ. Уыцы бон программæ «Малусæг»-æн лæвæрд æрцыдис паддзахадон программæйы статус. Ууыл та развæлгъау æрдзырдтой РХИ-йы ахуырады æмæ зонады министрады коллегийыл, уымæн æмæ 2010 азæй фæстæмæ нæ сабидæтты цыдис программæ «Малусæг»-ы апробаци. Программæ «Малусæг» арæзт æрцыдис 1,5 азæй  7 азмæйы кары сабитæн. Фыццаг дыууæ кæстæр къорды ахуыр цæуы æппæт дæр ирон æвзагыл, фæлæ фонон лексикæимæ уырыссаг æвзагыл. 4 азæй  7 азмæ билингвалон системæйыл. Иу бон æппæт дæр –  сыгъдæг иронау, дыккаг бон та æппæт уыцы ахуыртæ – сыгъдæг уырыссагау. Æрмæг кæд æмбæлон æгъдауыл амынд æрцæуа сабитæн,   уæд нæ ныфс ис Ирыстоны сомбоны фæлтæр кæй уыдзысты сæрæнтæ, æмбаргæтæ, егъау зонынæдтимæ.

Ирыстонæн ахæм гоймæгтæ схъомыл кæнын у программæ «Малусæг»-ы хæс æмæ нысан 60-чиныджы мидæг. Нæ программæ бындуриуæг кæны Уæрæсейы Федерацийы раззагондæр программæ «Детство»-йыл, фæлæ йæ удварнæй та у национ удыхъæд схъомыл кæныны стыр æрмæг. Ууыл дзурæг у программæйы девиз: «Банкъарын-Бамбарын-Саразын», ома сывæллон æрмæг нырма хъуамæ банкъара, стæй йæ базона æмæ йæ стæй та сараза.

Архайды ахæм фæдфæдылад та сывæллоны бахиздзæн нæ дуджы уæззау цаутæй. Цард змæст у, хæлы æгъдау, сæфынц намыс, æфсарм, хæлардзинад у дзæгъæлзад, хæлæг, хæлæф, зыд æмæ кæрæф систы нæ дуджы миниуæг, раууатмæ цæуы ирон уæздандзинад, адæймагдзинад. Иудзырдæй, алчидæр йæ быцъынæг скъуынгæ æндзары йæхи гуылы бын. Æхсæнады уыцы уæззау уавæр æнкъаргæйæ РХИ-йы Ахуырады æмæ зонады министрады уæды министр Джиоты Аряна махмæ, ахуырты къордмæ æрсидтис, зæгъгæ, хъæуы агурын ног фæндæгтæ æвзаг бахъахъхъæныны сæраппонд. Мах уыимæ кæрæдзи бамбæрстам, райдыдтам марты мæйы 2010 азы. Архайд цыдис уæззаугай, быцæутимæ нæ, фæлæ тохтимæ, сабидæтты разамонджытæ æмæ иуæй-иу ныййарджыты къордтимæ. Уыцы тохтæ-ма абон дæр цæуынц, фæлæ фæсчъылдымæй. Бафæрæзтам æмæ фæразæм æппæтæн дæр. Куыстам нæ чингуытыл стыр энтузиазмимæ æнæ гонорарæй. Мах фидарæй зыдтам æмæ зонæм уый, æмæ сабидæттæй куы нæ райдайæм нæ куыст ирон æвзаг, ирон æгъдау, ирон æфсарм, ирон уæздандзинад раздахыныл, уæд дуджы карздзинад аныхъхъуырдзæн нæ ирондзинад æмæ нæхи дæр. Цæмæй программæйæ куыст æмбæлон æгъдауæй цæуа, уый тыххæй йæм хъæуы хъусдарын. Æмæ æз мæхæдæг, АКБИ-ы кусджытимæ æрзылдтæн  республикæйы сабидæттыл 2016 азы майы мæйы дыккаг хатт. Фæззæджы та автортимæ дыккаг хатт ацыдыстæм горæты сабидæттæм РХИ-йы Ахуырады министрадæй бар ракургæйæ. Æрæджы фембæлдыстæм сабидæтты разамонджытимæ, Ахуырады министрады æмæ хицауады разамонджытимæ.

Уый фæстæ та сабидæтты хъомылгæнджытæн дыууæ къуырийы дæргъы фæуагътам ахуыртæй семинартæ. Афтæ ма ныхас кодтам сабидæтты хъомылгæнджытимæ куысты эстетикон цæсгомыл дæр, сабидоны фæлыстыл æддейæ æмæ мидæгæй дæр, сабидоны хъомылгæнджытæн сæхи фæлыст, сæ конд, сæ архайды фæрæзтæ æмæ миниуджытыл. Дзырд-там-ма, хъомылгæнæг куысты æрмæгæй æххæст у, æви нæ? Кæнæ хъомылгæнæджы дæсныйад йæ дипломмæ гæсгæ у, æви йæ уавæрмæ гæсгæ?

Дзырдтам-ма ууыл дæр, зæгъгæ, хъомылгæнæджы сæйраг хæс æмæ нысан æрмæст физикон хъомылад, æдасдзинад æмæ æнæниздзинад нæу, фæлæ ма стыр зонындзиæдтæ бацамонын социализацийæ, коммуникацийæ, нывæфтыд литературæйæ, аивадон сфæлдыстадæй, музыкæйæ æмæ æндæр ахæмтæ, уымæ гæсгæ райдыдтам сабидæтты æддаг-мидæг фæлыстæй.

Сабидоны æддейæ бахизæн хъуамæ уа фæлыст ирондзинад æмæ уырыссагдзинад æвдисæг æрмæджытæй. Мидæгæй къæлидорты æмæ хатæнты къултыл куы уаид аргъæуттæй, ирон фыссджыты уацмысты фæлгæнцтæй нывтæ. Цы-дæриддæр фыст æрцæуы къултыл бакæнынæн, уыдон хъуамæ æххæст кæнæм дыууæ паддзахадон æвзагыл: иронау, уырыссагау. Нывæфтыд ахуырты рæстæджы, сойæлыгæй кусгæйæ, сывæллæттæ сæ цæнгтыл хъуамæ дарой цонгæмбæрзæнтæ (нарукавники). Сывæллæтты нымæцыл куы дзурæм, уæд егъау къордтæ ис №2, №12, №8 æмæ ма иу цалдæры. 12-æм æмæ 8-æм сабидæттæм бафтауæн ис 4-гай хатæнтæ; 2-æм сабидоны хуыздæр уаид дыккаг уæладзыг саразын, уæд сæ куыст фæрæвдздæр уаид. РХИ-йы иу сабидон дæр нæй æдзæллаг уавæры (Ленингоры поселочъы тагъд бакæндзысты ног сабидон, Цъинагары сабидон дæр фæцис, боныфæстагмæ, цалцæг, хæрз чысыл бацаразинæгтимæ!).

Сабидæтты æддаг-мидæг фæлыстæй райдзастдæр у Дменисы сабидон, хорз уавæры сты горæтгæрон Мæскуыйы фадыджы сабидæттæ дæр. Сæ тыргъ цалцæг нæу №14, №10, №11, №2 æмæ æндæртæн. (Мæ раныхасы банысан кодтон Дзауы сабидоны тыргъ, зæгъгæ, цæттæ кæй нæма у. Уыцы изæр телеуынынады фехъусын кодтой, зæгъгæ, администрацийы разамонæг, Чилæхсаты Владимир загъта, кæй йæ сцалцæг кодтой фæззæджы, æмæ кæд æххæстæй нæ фæцис, уæддæр йæ цæрæнбон бирæ!)

Иуæй-иу сабидæтты (№5, №6) хæрыны мигæнæнтæ æхсынц комкоммæ ахуыртæ кæм цæуынц, уыцы хатæнты æмæ доны хæл-хæл, мигæнæнты хъæлæба сабиты хъыгдары. Фылдæр ирддзинад æмæ рогæфснайдæй федтам №9, №15, №16, №13, №18, №4, №6, Квайса, Дзауы сабидæтты. Ис сæ ирондзинад æвдисæг æрмæг дæр, сæ иутæн сабидæтты нæмттæ дæр фыст сты дыууæ ′взагыл, гъе та иронау. Сабидæтты цалцæг кæнынæн æвзарын хъæуы фæлмæн хуызтæ, цæмæй сывæллоны психи-кæйыл ма æндава.

Ныр та зæгъæм сабидоны хъомылгæнджыты, разамонджыты сæрмагонд фæлысты тыххæй. Ахуыртæм, ома сабиты, сывæл-лæтты размæ нæй цæуæн уынджы, базары, парчы, кæнæ бæрæгбонон кондæй. Хъомылгæнæг сывæллæттæн æппæтæй дæр хъуамæ уа хуызæг йæ кондæй, йе ′ддаг бакастæй æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, хъуамæ уа узæлаг, афтæ-ма хъуамæ æрмæг рæвдзæй амона. Хъомылгæнæгæн хатæны ис йæхи скъапп йе спортивон дарæс хъуамæ уым æвæрд уой, æмæ йæ куы бахъæуой, уæд сæ скæна. Ирхæфсцыдмæ сæ куы кæна, уæд та, табуафси, скæнæд йæ дыфадыг (хæлаф). Ахуырты рæстæджы чиныгмæ нæй кæсæн, уæд ыл сывæллоны зæрдæ бахуддзæн. Ахуырмæ цæттæгæнгæйæ къордты кармæ гæсгæ, бакусын хъæуы алыхуызон ситуацитыл; хорз уаид йæхæдæг дæр хъомылгæнæг ног ситуацитæ куы æрымысид. Фыццаг бон ахуыртæ цæуынц сыгъдæг иронау, дыккаг бон та сыгъдæг уырыссагау. Ацы ахуырты тыххæй авторты коллектив хаты министрадмæ, цæмæй ирон ахуыртæ бабæрны кæной иронау сыгъдæг кæцы зоны, уыцы хъомылгæнæгæн, уырыссаг ахуыртæ та – уырыссагау хуыздæр кæцы зоны, уыцы хъомылгæ-нæгæн,  фæлæ  уыдонæн   дæр  ауадзын хъæуы уæлæмхас ахуыртæ  ныхасы культурæйæ. Хистæр æмæ цæттæгæнæн къордты сывæллæтты зонгæ кæнын хъæуы зæрдылдарæн бынæттимæ, зындгонд адæймæгты цыртытимæ; экологийы ахуыртæ темæмæ гæсгæ, уадзын хъæуы тыргъмæ, сабидоны фадыгмæ ракæнгæйæ. Амонæм сын зайæгойты, къутæрбæ-лæсты нæмттæ нæ, фæлæ ма сæ миниуджытæ. Дыргътæ æмæ сæ халсартимæ куы базонгæ кæнæм, куы сын бахъуыды кæной сæ нæмттæ, уæд та сын дзы сихор хæрдыл халсарзмæст (салат) саразæм, дыргъты дон сын бадарæм, цæмæй сын сæ ад дæр банкъарой. Ам ма зæгъинаг стæм уый дæр æмæ сабидæтты сæйраджыдæр сывæллæттимæ хъуамæ кусой скъолайы агъом-мæйы кары ахуыры факультет, гъе та райдайæн ахуыры педагогикæ æмæ методикæйы факультет чи фæцис, ахæмтæ, уымæн æмæ уым ахуыр кæнынц сывæллæтты психологи, педагогикæ æмæ методикæ. Ныртæккæ ХИПУ-йы ис фæсаууонмæ ахуыры дыууæ факультет дæр. Æндæр дæсныйæдтæй дипломджын хъомылгæнджытæн сæ бон у дыккаг дæсныйад райсыны охыл æртыккаг курсмæ бацæуой.

Зæгъæн ис афтæ: куыст цæуы, фæлæ ахуырты темæтæ æххæстæй нæ цæуынц амынд. Афтæ нæм кæсы, цымæ гом ахуыртæ арæх цæуынц уагъд, уыдонмæ та къордты сабитæ мæйгæйтты фæцæттæ кæнынц æмæ иумæйаг зонынадон ахуыртæ æддейæ аззайынц. Ныртæккæ сабидæттæм кæнынц сабиты 1,5 азæй уæлæмæ, фæлæ нæ парламенты фæндыд 1 аздзыдтæ истаиккой, зæгъгæ, сæ ныййарджытæ куыстмæ рахизой æмæ къæбæр хæрын кæной сæ зæнæгæн. Хистæр кары сылгоймæгтæ йæ хорз хъуыды кæнæм, Советон Цæдисы кæй цыдис лæвæрд сывæллонмæ зилынæн 3 азы. Абон уыцы уавæртæ нал ис, фæлæ паддзахады кæд æнæниз фæлтæр хъæуы, уæд æппæт дæр саразын хъæуы, цæмæй мадæн йæ мызд фидой 70% бæрц уæддæр æмæ 2 азмæ йæ сывæллонæн йæхæдæг бацамона уыцы кармæ гæсгæ дзурын дæр, бадын дæр, лидзын дæр. Иудзырдæй, уæд психикон æгъдауæй дæр уыдзæн æнæниз. Уымæн афтæ зæгъын æмæ сабидæтты хъомылгæнджытæ иттæг хъаст кæнынц, зæгъгæ, декабры мæймæ уыдон æууæндын кæнынц сабиты сабидоны уавæртыл, ахуырты темæтæ та æнæ ахуырæй баззайынц.

Ахуырты рæстæджы сæйрагдæр хъусдард аздахын хъæуы æмбаст ныхасмæ,  ног  дзырдтæ райхалыны фæстæ хъæуы аразын дзырдбастытæ. Ног дзырдтæ райхалыны фæстæ ма сæ хъуамæ зæгъой уæнггай. Ахуыр сæ кæнæм чысыл радзырдты нывæфтыд дзурыныл дыууæ ′взагыл дæр. Хъомылгæнæджы арæхстдзинадмæ гæсгæ сæ дзурæд рольтæм гæсгæ дæр, хæлæф, хæлар, фыдæх, чъынды æмæ æндæр ахæм  ахастытæ амонгæйæ. Райхалын хъæуы рагон дзырдтæ дæр. Афтæ-ма 4 аздзыд саби фидарæй хъуамæ зона йæ ном, йæ мыггаг, йæ фыды ном, йæ мады ном, йæ дада æмæ йæ гыццийы ном, йæ хæдзары адрис, йæ сабидоны ном æмæ адрис.

Ахуырты цыд иууыл цырддæрæй цыдысты: Дменисы, Дзауы, Квайсайы, №12, №4, №13, №7, №6, №3, №8, №9. Цы хъомылгæнджытæм хъуыстам, уыдонæн сæ ныхас у хъæздыгдæр, рæвдздæр. Ленингоры сабидоны хъомылгæнджытæ сты серьезон æгъдауæй бацæттæ кæнинаг. Уымæ гæсгæ хатæм Ахуырады министрадмæ, дыууæ азы дæргъы сæм арвитын хъæуы радгай горæты сабидæтты хъомылгæнджытæй хуыздæрты, кæй зæгъын æй хъæуы, сæ мыздæй уæлдай сын бафидгæйæ.

Знауыр, Цъорбис, Цъинагар дæр фæкæсинаг сты, афтæ кæй нæ ранымадтон, уыцы сабидæттæ дæр.

Иумæйагæй цы 60 чиныджы онг сарæзтам, уыдонæн ма хъæуы дидактикон æмæ рауарыны æрмæг самал кæнын. Уыцы домынад та бавдисæнт разамонджытæ Ахуырады министрадмæ. Хатæм ма Ахуырады министрадмæ, АКБИ-мæ, цæмæй цы уæлæмхас æрмæг раттам базонынмæ, уый сын амынд цæуа сæрды мæйты сæрмагонд радвæтк (график) саразгæйæ æппæт сабидæттæн. Афтæ-ма хатæм сымахмæ ноджыдæр, цæмæй ахуырты радвæтктæ æнæхъæн азæн арæзт æрцæуой августы мæйы æмæ ахуыртæ райдайой сентябры мæйы 1-æм нымæцæй. Сæрмагондæй мæ фæнды зæгъын логопедийы дисциплинæйы тыххæй. Уыцы æрмæг амонæг ахуыргæнджытæ æрмæст къордтимæ нæ кусынц, фæлæ ма мыртæ дзурынмæ бынтондæр чи нæ рæхсы, ахæм сывæллæттимæ дæр дзæвгар рæстæг кусынц. Ахæмтæ, хъыгагæн, дзæвгар ис нæ сабидæтты. Уымæй дарддæр ма логопедтæ æнæмæнгæй хъуамæ хъусой музыкæйы дисциплинæйы ахуыртæм дæр. Иу цалдæр ахуыргæнæджы министрад арвыстой Цæгат Ирыстонмæ ф/ах. Фæлæ уыдон цас цæттæйæ æрыздæхдзысты 3 азы фæстæ?! Уырысæй куы æркæниккам логопедты æмæ ам, бынаты, куы бакусиккой бынæттон логопедтимæ. Афтæ куы нæ бакæнæм, уæд дзы иуæй-иутæ уыцы дыууæ-æртæ къуырийы ахуырты фæстæ афтæ ныккастысты сæхимæ æмæ логопеди дисциплинæ фонологийыл бындуриуæг кæй кæны, уый не ′мбаргæйæ сæхицæн бар дæттынц афтæ зæгъын дæр: «Причем здесь вы и фонология?.. Вот если бы те, которые меня обучили…». Хъыгагæн, хъуамæ балхынцъ кæнон мæ хъуыды: фонологийыл кæй бындуриуæг кæны логопеди, уый чи нæ зоны, уымæн дард фæндаг нæй! Уымæй дæр нуæрттæ хæлд логопед.  Хистæр æмæ кæстæр чи нæ хаты, уымæн сывæллæтты йæ бæрны бакæнæм, уый раст нæу, фæлæ «æдзæрæг хъæуы та рувас  æлдар». Иннæ та зæгъы: уасæг кæны: «кря-кря» æмæ ма нæ фæрсы: уæлейæ йыл «знак» куы ис, уый цы дамгъæ у?(фарста нæ дамгъæ /й/-йæ). Цыма йæ искуы бацамыдта?! Уæдæ, зæгъæм, сæр æй бахъуыди – хъуамæ бацамона дзырдтæ куыйтæ, айк, мæй æмæ æндæр ахæмтæ зæгъын, уæд зæгъдзæн: «преподаю на русском языке» хорз, æмæ кæд нæ зоныс: В.В.Коноваленко, С.В.Коноваленкойы куыст «Коррекция произношения звука /й/. Пособие для логопедов. Москва, 2014.», уæд куыд?!

Махмæ сæвзæрдис ахæм хъуыды: сабидæтты иуæй-иу разамонджыты тох ирон æвзаджы ныхмæ нæма фæцис, сты æндæр æвзаджы «сыгъдæг» зонджытæ æмæ марадз зæгъ, читт дæр нал кæнынц ирон æвзаг мæгуыр, фæлурс, мæллæг уавæрырдæм. Æрмæстдæр нуæрттæхæлдæй: «Уважения к Вам перешла на осетинский», æз уый дыууæ хатты бараст кодтон: из-за уважения к Вам. Диссаг, диссаг. Программæ «Малусæг» у паддзахадон статусимæ æмæ, зæгъгæ, мæн нæ «уважат» кодта ацы хъомылгæнæг, уæд æй «осетинский» кæм бахъуыдис? Мæнæ нæ диссаджы логопедтæ, æз та уын зæгъын, бамбарут æй, исчи уæ-иу куы ардауа мæныл, уæд ын афтæ зæгъут: «Дæхæдæг дзур Битаронимæ». Сымах та уæ нуæрттæ æрсабыр кæнут, уæ хæдзары змæстытæ тыргъмæ ма хæссут, худинаг у! Кæд уæ бон кусын уа ирон æвзаджы мыртæ бацамонын: раулæфтон /гъ/ (гъери-гъа), гъе та /хъ/, æрдæгхъæлæсон /й/, /уы/ æмæ æндæр дзæвгар ахæмты, уæд хорз, кæннод…

Афтæмæй-ма иухатт фидарæй зæгъын: цæрæм уæззау дуджы, иу уысм дæр саби, сывæллон ма хъуамæ сафа, æдзух нæ хъусдарды, нæ тавицады бын хъуамæ уа. Цас фылдæр змæла  уыдзæн æнæниз, йе ′нгуылдзтæй цас фылдæр архайа, йæ хъуыдыкæнынад (сæрымагъз) фидардæр кæндзæн. Цас фылдæр æххуыс кæна хистæр кары адæймæгтæн, уыйас уыдзæнис зонаг æмæ арæхстджындæр. Цас фылдæр дзура фæлгонцон ныхасæй,  уыйас уыдзæнис дзырдарæхстдæр.  Цас фылдæр тырна йе ′нæниздзинадмæ, хъахъхъæна йæ, уыйас уыдзæнис æнæниздæр. Цас фылдæр базона æмдзæвгæтæ, радзырдтæ, аргъæуттæ, уыци-уыцитæ, æмбисæндтæ, загъдаутæ, уыйас уыдзæнис уæздан æмæ раст аргъгæнæг æппæтæн дæр. Цас фылдæр базона зæрдылдарæнтæ, зынгæ цаутæ, адæймаг уыйас уыдзæнис зонаг æмæ цымыдисондæр æмныхасгæнæг. Хорз куы базона ныв кæныны сусæгдзинæдтæ, уæд уыдзæнис хорз фæлгæнæны хицау. Хорз куы базона музыкæ, уæд уыдзæнис æмбаргæ æмæ аудæг, æнкъарæг адæймаг æмæ уæд иумæйагæй мах схъомыл кодтам æнæниз æмæ фидар, æппæтзонаг, куыстуарзаг, хъуыдыджын, ныфсхаст, уæздан, алфамбылайыл аудæг, дзырдарæхст удгоймаг.

Уый у программæ «Малусæг»-ы хæс æмæ нысан.

Битарти З.А.

Къостайы номыл паддзахадон

премийы лауреат, профессор

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.