Абон нысан цæуы ирон национ дзыллон информацийы фæрæзты бон. Ацы бæрæгбоны цытæн 21-æм июлы Мыхуыры хæдзары дунеон пресс-центры ауагъд æрцыд тымбыл фынг. Хайад дзы райстой нæ республикæйы Хицауады æмæ æхсæнады минæвæрттæ, афтæ ма дзыллон информацийы фæрæзты къухдариуæггæнджытæ æмæ журналисттæ.

Мадзалы, сæйраджыдæр, дзырд цыдис нæ республикæйы дзыллон информацийы фæрæзты нысаниуæджы тыххæй, сæ разы æвæрд хæстæ куыд æххæст кæнынц, социалон-политикон цардыл куыд æндавынц, сæ куысты цавæр проблемæтыл æмбæлынц æмæ æндæр ахæм фарстытыл.

Тымбыл фынг бацæуæн ныхасæй байгом кодта РХИ-йы Мыхуыр æмæ информацийы паддзахадон комитеты хæстæ æххæстгæнæг Джуссойты Нелли:

— Ацы аз 23 июлы 110 азы æххæст кæны фыццаг ирон газеты фыццаг номыры рацыдыл, кæцы бындур æрæвæрдта ирон дзыллон информацийы фæрæзтæн. Уæдæй абоны онг фæзынди бирæ мыхуырон органтæ. Хуссар Ирыстоны та фыццаг ирон газет «Хурзæрин» фæзынд 1924 азы, кæцыйæн йæ 90-азы юбилей банысан кодтам ивгъуыд азы. Ис ма нæм ирон æвзагыл журнал «Фидиуæг» дæр. Хорз уаид, ноджы ма нæ мадæлон æвзагыл фылдæр мыхуыры фæрæзтæ куы фæзынид.

Бæрæг куыд у, афтæмæй дзыллон информацийы фæрæзтæн ис стыр нысаниуæг, уымæн æмæ уыдон æвдисынц æхсæнады цард. Мах нæ разы æвæрæм хæс, цæмæй раст информаци хæццæ кæнæм адæммæ.

Куыд æй фехъуыстам, афтæмæй нæ республикæйы Президенты ныстуаны критикæ æрцыд дзыллон информацийы фæрæзты куыст. Ацы критикæ мах, кæй зæгъын æй хъæуы, бамбæрстам æмæ архайæм нæ куысты гъæд фæхуыздæр кæныныл, фæлæ банысан кæныны хъæуы уый, æмæ нæ куысты æнтыстытæ дæр кæй ис, кæцытæ мæн дисы дæр баппарынц.

Фембæлды рæстæджы дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæн арфæ ракодта РХИ-йы Президенты Администрацийы мидæггагон политикæйы управленийы хистæр Уанеты Мурат. Уый дæр æрдзырдта æхсæнады информацион фæрæзтæн се стыр нысаниуæджы тыххæй, сæ куысты руаджы, дам, æхсæнады цард ирдæй æвдыст цæуы æмæ вæййы демократон.

Арфæйы ныхæстæ æмæ бæрæгбоны историйы тыххæй æрдзырдта информацион агентад «Южная Осетия сегодня»-йы къухдариуæггæнæг Цхуырбаты Залинæ.

Уый йæ ныхæстæм бафтыдта, зæгъгæ, арæхдæр уадзын хъæуы журналисттæн иумиаг мадзæлттæ, æмæ арæзт цæуа иумиаг информацион политикæ не ’взонг паддзахады хæрзиуæгæн.

Уый фæстæ тымбыл фынджы хайадисæг дзыллон информацийы фæрæзты къухдариуæггæнджытæ æрдзырдтой, зæгъгæ, кæд нæ республикæйы разамынад сæ фарсмæ лæууы, уæддæр сæ куысты размæцыдыл нырма æмбæлынц бирæнымæц проблемæтыл.

Газет «Республика»-йы редактор Хъоцыты Андрей æмæ Паддзахадон телерадиокомпанийы директор Зæгъойты Рада æрдзырдтой, сæ куысты размæцыды цы ныхдуртыл æмбæлынц, уыдоны тыххæй. Зæгъойты чызг куыд загъта, уымæ гæсгæ сæ куысты цы проблемæтæ ис, уыдон сыл æндавынц æрвзæрæрдæм.

Зæгъойты Рада бацагайдта ахæм проблемæтæ, куыд сæ телеуынынады бæстыхайы уавæры тыххæй, сæ техникон ифтонггæрзты тыххæй, журналисттæн сæ квалификаци фæбæрзонддæр кæныны тыххæй, цæмæй Уæрæсейæ специалисттæ бынатмæ хуынд цæуой, алкæмæн ацæуыны фадат кæй нæ вæййы, уымæ гæсгæ бынæттон телеуынынад æмæ интернет бирæ рæтты кæй нæ ахсынц, уый тыххæй æмæ æндæр ахæм ахсджиаг проблемæтыл.

Тымбыл фынджы хайадисджыты фæндыд, цæмæй сæ проблемæтæ фæхæццæ уой нæ республикæйы къухдариуæгадмæ æмæ сæм ноджы сæ хъус хуыздæр æрдарой.

Афтæ ма ацы мадзалы дзырд цыдис ноджы бирæ æндæр актуалон фарстатыл, кæцыты тыхсын кæнынц журналистты.

Туаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.