Сæрды фыццаг бон, 1-æм июны æппæт дунейы банысан кæнынц нысаниуæгджын бон – Сывæллæтты хъахъхъæныны дунеон бон. Æппæт рæстæджыты дæр адæмтæ сæ иууыл сæйрагдæр хъæздыгдзинадыл нымадтой æмæ ныр дæр нымайынц сабиты. Уымæн æмæ сабитæ сты алы нацийы фидæны ныфсытæ, сомбоны цард аразджытæ, сабитæ сты царды нысан. Æрвылаз дæр ацы бæрæгбон уæрæхæй банысан кæнынц Хуссар Ирыстоны. Ацы бæрæгбон æрмæст сывæллæтты хъæлдзæг бæрæгбон нæу, фæлæ ма уыцы иурæстæджы æхсæнады зæрдыл æрлæууын кæны, сывæллæттыл уæлдай аудын кæй хъæуы, уый тыххæй дæр. Æхсæнадæн нæ уыдзæн аккаг фидæн, кæд æмæ æмбæлон æгъдауæй нæ аудой сывæллæтты æнæниздзинадыл, сæ ахуырыл, сæ хъомыладыл. Сывæллæттæ æхсæнады хъуамæ сæхи æнкъарой хъахъхъæдгондæй, цæмæй тырной сомбоны сæ Райгуырæн бæстæйæн исты пайдатæ æрхæссынмæ.

1-æм июны нæ горæты Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны уыд æцæг бæрæгбон. Уыцы бон ам банысан кодтой дыууæ бæрæгбоны – Сывæллæтты хъахъхъæныны дунеон бон æмæ пионерты организацийыл 100 азы сæххæсты бæрæгбон. Мадзæлттæ дих æрцыдысты дыууæ хайыл: пионерты змæлды ветерантæн кад кодтой Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны æмæ сывæллæттæн та диссаджы  бæрæгбон арæзт æрцыд Пионерты парчы.

Кæд пионерты организаци уæрæхæй нал уæвынад кæны Советон Цæдисы ныппырхы фæстæ, уæддæр Пионерты бон цæры милуангай адæймæгты зæрдæты. Нæ мысынады баззад пионерты сырх галстук. Абоны онг дæр бирæтæ, уыцы нымæцы ацы рæнхъыты автор дæр хъуыды кæнынц пионерты организацимæ сæ куы истой, уыцы боны цауты тыххæй. Пионер суæвынмæ бæллыд алы скъоладзау дæр. Æмæ-иу ард бахæрыны фæстæ скъоладзауыл сырх галстук куы бабастой, уæд ма-иу йæхицæй амондджындæр кæй æнхъæлдта.

1-æм июны Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны мадзалмæ чи æрбацыд, уыдон иууылдæр уыдысты пионерты сырх галстукты.  Уыдон сырх гауызыл бацыдысты Галуанмæ.  Галуаны залы уыд бæрæгбонон атмосферæ. Мадзалмæ æрбацыдысты республикæйы скъолаты ахуыргæнджытæ, раздæры пионерты организациты раздзогтæ, кæцытæн сæ цæстытæ цины æрттывд кодтой. Бирæтæ дзы кæрæдзийæн дзырдтой: «Цæттæ у!» – «Алыхатт дæр цæттæ дæн!», зæгъгæ.

Мадзал байгом кодта æмæ Хуссар Ирыстоны пионерты организацийæн цы стыр нысаниуæг уыд, уый тыххæй радзырдта Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны директор Джиоты Арянæ. «1990 азты пионерты штаб кæй сæндидзыдта, уый уыд уникалон. Сывæллæтты баиугæнд «Ногдзау»-æн уыд æнтыстджын фæлтæрддзинад. «Ногдзау»-ты къордтæ арæзт æрцыдысты Знауыр æмæ Дзауы районты, нæ горæты цалдæр астæуккаг скъолайы. Ныртæккæ Хуссар Ирыстоны активон æгъдауæй рæзы сывæллæтты змæлд «Раззагонтæ», кæцыйы архайды бындур сты мон, æхсар æмæ фарн сæндидзын кæнын æмæ ирон æгъдæуттæ бахъахъхъæнын», – загъта уый. Джиоты Арянæ ма йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, Галуан фæнд кæны советон рæстæджы сывæллæтты змæлды историйы фæдыл чиныг рауадзын. «Хъыгагæн, нæм уый фæдыл  цъус æрмæг ис, кусæм, агурæм архивты æрмæджытæ, ныфс нæ ис нæ фæнд сæххæст кæнын нæ къухты кæй бафтдзæн, уымæй». Уый ма загъта, зæгъгæ, ныртæккæ сывæллæтты пионерты змæлд активонæй рæзы. «Нæ хæс у пионерты хорз традицитæ сæндидзын кæнын – кæстæрты хъомыл кæнын, хистæртыл аудын, экологи бахъахъхъæнын æмæ афтæ дарддæр», – банысан кодта Галуаны кусæг Гæззаты Фатимæ.

Мадзалы раныхас кодта   Дзауы районы Коммунистон партийы фыццаг секретарь, раздæры пионерты организацийы раздзог Магкоты Эльвирæ. Уый зæрдæбын арфæтæ ракодта Ирыстоны сывæллæттæн сæ бæрæгбоны цытæн, загъта сын сабыр арвы бын цæрыны фæндиæгтæ. Афтæ ма арфæйы ныхæстæ загъта æрæмбырдуæвджытæн пионерты организацийыл 100 азы сæххæсты боны цытæн.

Мадзалы раныхас кодта РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министры хæстæ æххæстгæнæг Гасситы Натали, 1-æм астæуккаг скъолайы директор Гобозты Русудан, Сывæллоны барты фæдыл РХИ-йы Президенты æххæстбарджын Цхуырбаты Татьянæ  æмæ æндæртæ. Уыдон иууылдæр банысан кодтой, зæгъгæ, æнæмæнгхъæуæг у хистæр фæлтæры фæлтæрддзинадæй спайда кæнын, ногдзæутты змæлд æххæст гуырахстæй сног кæнын.

Уыцы бон Пионерты паркæй хъуыст сывæллæтты хъæлдзæг хъæлæба. Уым сын  уагъд æрцыдысты хъæлдзæг хъæзтытæ, концертон программæ, организаци æрцыд сывæллæтты нывты равдыст. Уадз, сæ цард алыхатт дæр æххæст уæд циндзинадæй. Уадз, уæд амондджын алкæцы саби дæр.

Æрвылаз дæр Сывæллæтты сфæлдыстады  кусджытæ Джиоты Арянæйы сæргълæудæй бацæттæ кæнынц ахæм цымыдисон мадзæлттæ æмæ сын бузныджы ныхæстæ зæгъын æмбæлы  рæзгæ фæлтæримæ сæ æвæллайгæ куысты тыххæй.

Нæ  уацхæссæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.