Æнæхъæн дунейæн сæ сагъæсы сæр чи сси, уый стыр мæт бауагъта Ирыстоны дæр. Ахæм тыхст заман йæ бон баххуыс кæнын кæмæн у, уый иуварс ма хъуамæ баззайа, æфсымæр æфсымæры фарсмæ хъуамæ балæууа. Уый æмбарынц нæ амалхъом лæппутæ, стæй йæ адæмы хъысмæт хъуыдыйаг кæмæн у, уыдон се ‘ппæт дæр æмæ æдзух кæнынц се ‘ххуысы хай.

Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы фæндонмæ гæсгæ нæ республикæйы рынчындæттæн лæвæрд æрцæудзæн улæфæн аппараттæ. Ууыл æхсызгонæй сæмбæлдысты республикæйы разамынд æмæ цæрджытæ. Телефонæй ныхасгæнгæйæ дыууæ республикæйы разамонæджы баныхас кодтой низы ныхмæ тохы сæйраг мадзæлттæ саразыныл. Битарты Вячеслав куыд загъта, афтæмæй дыууæ Ирыстон кæддæриддæр бахъуаджы заман æххуыс кодтой кæрæдзийæн, ахæм архайд та стыр ахъаз у цыфæнды уавæрты дæр.

Фæсте нæ баззадысты иннæ куыстуæттæ дæр, стæй нæ дард æмзæххонтæ. Зындгонд дуканиты хызæг «Пятерочка» йæхимæ хæс райста  рынчындæттæ æмæ лабораториты кусджытæн майы кæронмæ хъарм хæринаг ласын. Æххæст та йæ кæнынц фонд «Русь»-ы волонтертæ.

Хъæбысхæстæй Уæрæсейы иугонд командæйы уæнг Тедеты Дзамболат æрбаиу акци «Мы вместе»-мæ. Цалдæр хатты рарвыста низæй хи бахъахъхъæнæн алыхуызон фæрæзтæ: медикаменттæ, маскæтæ, дезинфекцигæнæн препараттæ, респиратортæ æмæ æндæртæ. Акцийы волонтертæ ныридæгæн сæххæст кодтой æртæ минæй фылдæр куырдиаты.

Мæскуйы алайнаг кувæндоны кусæг, фыд Дзеранты Вячеслав фæсидт ирон æхсæнады уæнг-тæм. Уыдон сæ хъарутæ æрбаиу кодтой, сарæз-той æххуысы фонд æмæ сæ алчидæр йе ‘ххуысы хай бакодта, уыдонимæ сты фæсарæйнаг ирæттæ дæр. Фонд хуыйны «Ир» æмæ йын разамынд  дæтты мæскуыйаг бизнесмен Джусойты Альберт. Низæй хи бахъахъхъæнæн фæрæзтæй уæлдай ма самал кодтой хойраджы продукттæ дæр  æмæ æртындæс тонны бæрц æрбаластой Цæгат Ирыстонмæ. Уыдонæн се ‘мбис байуæрстой рынчындæттæ æмæ лабораториты кусджытыл, иннæ ‘мбис аласдзысты Хуссар Ирыстонмæ.

«Ахсджиаг у, цæмæй нæ дохтыртæ сæхи бахъахъхъæной низæй æмæ æнæкъуылымпыйæ дзæбæх кæной рынчынты. Мæскуыйы ирон æхсæнады номæй сын зæрдæбын бузныг зæгъæм сæ удуæлдай куысты тыххæй. Фæразондзинад æмæ сын æнæниздзинад нæ цæст уарзы», – загъта ирон æхсæнады æххæстгæнæг директор Мерденты Фатимæ.

Иуварс нæ баззад нæ зындгонд богал, Паддзахадон думæйы депутат Таймæзты Артур дæр. Республикæйæн цалдæр хатты цы æххуыс æрбарвыста, уымæй уæлдай йæ хæрзаудæн архайдæй сбуц кодта йæ райгуырæн хъæу Ногиры æппæт цæрджыты æмæ йын зæрдиаг арфæ кæнынц.

Йе ‘вæрæн иумæйаг æххуысмæ бахаста компани «Бухардон» дæр. Йæхимæ райста Рахисфарсы районы цæрджыты низы ныхмæ фæрæзтæй ифтонг кæныны хæс.

Мах дзы цалдæры кой ракодтам, фæлæ ахæмтæ бирæ сты. Радон хатт та рабæрæг, ирон адæм тыхст заман кæрæдзи фарсмæ кæй æрбалæууынц, уый. Цæгат Ирыстоны дарддæр цæуы, низы аххосæй уæззау уавæры чи бахауд, уы-донæн æххуысы акци.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.