Ацы хабар раджы уыд. Цхинвалы районы Хелцуайы хъæуы иу хæдзарæй иуахæмы райхъуыст цины хъæлæба. Бестауты Ладикъо йæ цард баиу кодта Куыдзеты Мариимæ. Адæм сын фæкуывтой сæ амондæн. Дыууæ цардæмбалы дæр буц уыдысты сæ уарзондзинадæй… Цасдæр рæстæджы фæстæ хæдзарæй райхъуыст сывæллоны кæуын дæр. Иу, дыууæ… Амондджын цардæмбæлттæ баисты фондз лæппу æмæ æртæ чызджы хицау.

Зæрдæйæ, удыскондæй – хъæздыг, æнæуый та мæгуыр ныййарджытæн зын уыд æнахъом сабиты хъомыл кæнын. Туджы аргъ уыд зæххы гæппæл дæр уæды рæстæджы. Дыууæ цардæмбалы сæ цард фæхуыздæр кæныны охыл, сфæнд кодтой æндæр ранмæ алидзын… Æмæ æрцардысты Гуры районы Цъителубаны хъæуы. Зын уыд, лæвар ницы уыд ам дæр, фæлæ сæ хидвæллойæ амæлттæ кæнгæйæ хъомыл кодтой сæ сабиты. Сывæллæттæ куыд рæзтысты, афтæ æххуысхъом кодтой сæ ныййарджытæн. Цыдысты фыййау, хуым кодтой, карстой хос. Ныййарджытæн дæр сæ цин бонæй-бон тынгдæр кодта.

…Æмæ сæ мæнæ ныр алчи дæр слæг. Алчи дæр сæ ныллæууыд хисæрмагонд цардвæндагыл, лæппутæ æркодтой бинонтæ, чызджытæ фæцыдысты моймæ. Базыдтой уыдон дæр хъæбулты ад… Стыр ныфс уыдысты хъæубæстæн дæр. Цыфæнды куысты дæр – раззагонтæ, сыгъдæгзæрдæ мадзура æфсымæртæ: Зарбег, Сауи, Георги, Иван æмæ Гоги. Чындзæхсæвты, хъæубæсты ‘хсæн – лæггадгæнджытæ, хъазты сын, кафынмæ нæ уыд æмбал, алыран – зарæг аминдигæнджытæ.

…Фæлæ 1941 – 1945 уæззау азтæ. Æфсымæртæ фондзæй дæр хæрзбон загътой сæ ныййарæг мадæн (сæ фыд уæд гас нал уыд), сæ бинонтæн… æмæ радыгай фæцыдысты знаджы ныхмæ тохмæ. Гыцци сæ, йе ставд цæссыг æмбæхсгæйæ, радыгай фæндараст кодта тохы быдырмæ, алкæйы дæр сæ фæдзæхста: «Фæндараст ут, мæ цæргæстæ! Лæджы ном хъахъхъæнут рæстагæй. Фæстæмæ ма æхсайæд уæ зæрдæ… «Фæлæ ныййарæг мад цæмæй зыдта, фæстаг хатт ма кæй уыдта йæ хъæбулты цардæнхъæлцау цæсгæмтты.

Рæстæг сæ арвыста дард, зын æмæ тæссаг фæндагыл, æндæр гæнæн нæ уыд, афтæ домдта Райгуырæн бæстæ. Фæцыдысты стыр ныфсджынæй. Фæстейæ зæрдæхсайгæйæ ныууагътой ныййарæджы, цардæмбæлтты, хъæбулты… Фондз цæргæсæй фæцыдысты тугкалæн хæстмæ. Иры сахъгуырдтæ фондзæй дæр æнауæрдонæй дæрæн кодтой дыкъахыг лæгбирæгъты.

Фæлæ … хæст хæст у… Хъысмæт та – æгъатыр…

Уый уыд 1941 азы. Æфсымæрты хистæр Зарбег – колхозон, йæ хъæбулты – иу лæппу æмæ дыууæ чызджы ныууагъта йе’мкъай Мартайы æвджид, афтæмæй фæцыд Сырх Æфсадмæ. Зарбегимæ ацыд Георги дæр, фæндараст æй кодтой йæ цардæмбал Натъа æмæ йе’ртæ чызджы…

Æртыккаг æфсымæр Сауи уыцы заманы колхозы бригадирæй куыста. «Мæ сæр фронты тынгдæр хъæуы», – ахъуыды кодта уый дæр æмæ… Хæрзбон загъта йæ цардæмбал Шено, йе’ртæ чызг æмæ иу лæппуйæн æмæ араст дард балцы хæсты быдырмæ. Цыппæрæм æфсымæр Иван уæд Ленингоры æфсæддон къамисариаты куыста, уыд афицер. Йе’мкъай Церадзе Надяимæ хæрз цъус ацардысты иумæ, сæ кæрæдзийæн сæ дарддæры царды пълæн-тæ дæр æххæстæй нæма радзырдтой… Гурмæ ныццыд. Уырдыгæй бæхджын хæстонты къордимæ тохы быдырмæ (йе ‘фсымæры лæппу куыд загъта, афтæмæй фæстæдæр райста майоры чин).

Æфсымæрты кæстæр Гоги Ленингоры куыста зынгсирвæзты ныхмæ тохгæнæг организацийы. Й ‘мкъай Аннæ дæр ленингойраг чызг уыд, сывæллон сын нæ баззад. «Ме’фсымæртæ кæм уой, æз дæр – уым», – загъта Гоги æмæ ацыд уый дæр хæстон фæндагыл, фæцу æмæ марцуйы фæндагыл.

Атахтысты фондз цæргæсау иу ахстонæй. Бæстæйы алы къуымтæй дæр хъуыс-тысты Советон Æфсады хъæбатыр тохы хабæрттæ. Нæ рох кодтой æфсымæртæ, фæстийæ кæй ныууагътой, уыдоны: гыццийы, цардæмбæлтты, хъæбулты… Хæсты быдырæй Бестауты бинонтæм, урс бæлуæттау, кæрæдзийы фæдыл тахтысты æртæкъуымон фыстæджытæ æмæ ныфсы базыртæ сагътой сæ кæсджытыл. «…Гыцци, фидар фæлæу. Цъус рæстæг ма, æмæ знаг дæрæн æрцæудзæн. Фенынмæ… Цы хабæрттæ ис нæ хъæуы, куыд цæуынц колхозон куыстытæ? Куыд сты сывæл-лæттæ? Æнкъард ма кæнут. Знаг фæстæмæ лидзы. Рæхджы уæлахизимæ æрыз-дæхдзыстæм нæхимæ. Салæмттæ – хъæубæстæн…», – фыстой сæ фыстæджыты æфсымæртæ.

Хæсты райдианæй рацыд дыууæ-æртæ азы æмæ ницыуал хабар хъуыст Гыццийы цæргæстæй. Ныййарæг мад æмæ иннæтæ мидсагъæсты бахаудысты, фæлæ-иу сæ кæрæдзийæн уæддæр ныфсытæ авæрдтой…

…Фæци хæст. Знаг дæрæн æрцыд йæ лæгæты. Советон хæстонтæ тохвæлладæй, фæлæ уæлахизимæ æздæхтысты сæхимæ. Гыцци дæр йæ чызджытæ, чындзытæ, хъæбулы хъæбултимæ иумæ æнхъæлмæ каст йæ хæстон хъæбултæм. Йæ цæстытæ ныуурс сты фæндагмæ кæсынæй. Куывта Уастырджимæ, Хуыцаумæ: «Мæ хъæбултæ уæ фæдзæхст», зæгъгæ, фæлæ йæ лæгъстæтæ дзæгъæлы фесты, ничи йын баххуыс кодта. Гыцци нал федта йæ удлæууæн хъæбулты. Уыдонмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ йын сау маст йе’фхæрд зæрдæйы æнустæм ахаста уазал ингæнмæ.

Нал æрыздæхтысты Бестауты цардбæллон æфсымæртæ хæсты быдырæй. Бирæ сæм фенхъæлмæ кастысты сæ цардæмбæлттæ æд хъæбултæ Цъителубаны, Ленингоры. Сæ ном сын дæргъвæтин рæстæджы дæргъы нæ рох кодтой зонгæтæ, хъæубæстæ, ссардтой-иу сын сæ ном.

Мæ ходыгъыд Этера дæр Цъителубаны хъæуы Плитæм уыд чындзыцыд æмæ-иу сæ мæ цардæмбал Хуриты Гивиимæ арæх абæрæг кодтам, цалынмæ Советон Цæдис нæ ныппырх æмæ гуырдзиаг фаштисттæ ирæтты ныхмæ хæст нæ расидтысты, уæдмæ. Иу ахæмы, Цъителубаны куы уыдыстæм, уæд нын Бестауты зынгхуыст æфсымæрты тыххæй радзырдтой æфсымæртæй сæ иу – Сауийы æмкъай Шено йæ лæппу Тенгиз. Уыдон цин кæнгæ баййæфтам сæ сабитыл.

Шенойæн кæд йæ зæрдæ уынгæг кодта, уæддæр нын радзырдта йæ зынгхуыст цардæмбал Сауийы тыххæй цыдæр мысинæгтæ.

– «Мæ фыд ма ам куы уыд, – дзырдта йæ лæппу Тенгиз, – уæд нын уыд зæххбын хæдзар æмæ йæ бæсты хъавыд ног хæдзар саразынмæ. Уый тыххæй кæцæйдæр уæрдоныл æрласта иу егъау дур. Уыцы дур бирæ февæрдтон. Æмæ дзы ныр спайда кодтон. Сис дзы самадтон йæ ном мысыны тыххæй».

Æмæ, æцæгдæр, федтам рæсугъд бæс-тыхай фæндаджы ‘рдыгæй фарс, къулы астæу дардмæ бæрæг дардта уыцы дур ахæм фыстимæ: «Б.Ш.Л.» (Бестауты Шауи, (Сауи) Ладикъойы фырт).

…Ауылты-иу чи рацыд, уыдонæй-иу алчи дæр бакаст уыцы «цыртмæ» Намысы фæллойгæнæг æмæ хъæбатыр хæстоны номыл йæ фыды уæзæгыл цы цырт уыд, уымæ.

Р.S.

Гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуд куы райдыдта, уæд Цъителубаны ирон цæрджытæ, уыцы нымæцы мæ ходыгъд дæр æд бинонтæ лидзинаг фесты, ныууагътой сæ цæргæ-цæрæнбонты фæллæйттæ, афтæмæй. Фæлыгъдысты Бестауты бинонтæ дæр æмæ сæ абон бæстон хабæрттæ ничи зоны. Ничи зоны, уыцы дурæй арæзт «цырт» цы бацис, уый дæр.

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.