Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик фембæлд горæт Цхинвалы администрацийы æмæ хæрзарæзтады управленийы, Уæлвæткон уавæрты министрады æмæ Паддзахадон унитарон куыстуат «Дорэкспострой»-йы къухдариуæггæнджытимæ, кæцыйы кусджытæ активон хайад райстой Цхинвалмæ æввахс брондоны зынгсивæрзт ахуыссын кæныны.

«Бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын брæтты полигоны зынгсивæрзт аиуварс кæныны алы хайадисæгæн: зынгхуыссынгæнджытæн, фæндагаразджытæн, механизатортæн, горæт Цхинвалы æмæ Дзауы поселочы хæрзарæзтады управленийы кусджытæн сæ оперативондзинад, профессионализм æмæ удуæлдай куысты тыххæй тыхджын фæздæджы уавæрты, кæцы у тæссаг æнæниздзинадæн. Афтæ нымайын, æмæ уыдоны хъæуы сразæнгард кæнын ведомствæйон æмæ паддзахадон хорзæхтæй. Курæг уæ дæн, цæмæй гæххæттытæ бацæттæ кæнат уыдон схорзæхджын кæныны тыххæй», – загъта Хицауады сæргълæууæг.

Зынгсивæрзт ахуыссын кæныны хайадисджыты куыст ба-нысан кæнгæйæ, Пухаты Эрик загъта, зæгъгæ, оперативон архайдтыты руаджы нæ уыд удгоймæгты зиæнттæ, афтæ ма минималон уыдысты экологон æмæ материалон зиæнттæ  дæр.

Горæты брондоны территорийы зынгсивæрзт райдыдта 10 марты боны æртæ сахаты. Уый аиуварс кæныны тыххæй бахъуыд бирæ тыхтæ. Уæлвæткон уавæрты министрад, фæндагон службæ æмæ столицæйы æмæ Дзауы районы администрацитæ  скусын кодтой  техникæйы 20 иуæджы онг æмæ дзы архайдтой   70 адæймаджы.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.