Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик æмæ арæнгæрон æмгуыстады фæдыл УФ-йы Президенты управленийы хистæры хæдивæг Денис Травин æмбырды рæстæджы уынаффæ кодтой экономикæйы реалон секторы проекттæ реализаци кæныны фарстатыл. Æмбырды хайад райстой РХИ-йы УФ-йы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæ, афтæ ма арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Растдон», «Коро» (кафе «Винченцо»), «Ирыстоны дыргъдæттæ», «Натурплант» æмæ  «Ир Базальт»-ы минæвæрттæ.

Министрты кабинеты сæргълæууæджы æмæ федералон чиновникы цымыдис кодтой куыстуæтты финансон хæстæ æххæст кæнын, ног куысты бынæттæ бакæнын, проекттæ фæуыны æмгъуыдты фарстатæ.

Æмбырды рæстæджы Хицауады Сæрдары хæдивæг – Экономикон рæзты министр Бекъойты Геннади банысан кодта, зæгъгæ, уыдонæй иуæй-иутæн кредиторон, ресурстæифтонггæнæг организациты æмæ  паддзахадон бюджеты раз дæр сæвзæрдысты хæстæ. Сæвзæргæ проблемæтæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй уый фæндон бахаста, цæмæй инвестпроектты къухдариуæггæнджытæ республикæйы экономикон рæзты министрадмæ сæ хъуыдытæ бавдисой куыстуæтты æмæ финансон моделы тыххæй.

«Мах цæттæ стæм уæ фарстатæ аскъуыддзаг кæнынмæ, афтæ ма паддзахады фарсæрдыгæй æххуысмæ, фæлæ нырма фенын хъæуы уæ фæндагон картæтæ финансон хæстæ æххæст кæныны æмæ куыстуæтты дарддæры рæзты фæдыл», – загъта Бекъойты Геннади.

Денис Травин йæ рады ныфс бавæрдта инвестицион проект-тæн баххуыс кæнынæй.

«Экономикæйы реалон секторы рæзт Хуссар Ирыстонæн у ахсджиаг, уымæ гæсгæ уын Уæрæсе æххуыс æндзæн.  Проекттæ реализаци кæныны хъуыддаджы къуылымпыдзинæдтæн æруадзæн нæй», – банысан кодта Денис Травин. Æмæ загъта, активондæрæй кæй хъæуы сæвзæргæ проблемæтæ скъуыддзаг кæнын.

Куыд банысан чындæуыд, афтæмæй нырма проектон хъомысадмæ рахизын нæ бантыст «Ирыстоны дыргъдæттæ»-йæн. Талатæ садзын 2016 азы фæззæгæй 2017 азы уалдзæгмæ хаст кæй æрцыд, уымæ гæсгæ фæстæдæрмæ æргъвæд æрцыд проект реализацийы æмгъуыд, цыран хынцыд æрцыд халсæрдтæфснайæн æфтауцдоны арæзтад.

Афтæ ма къухы нæ бафтыдысты фыдызгъæлгуыстгæнæн завод  «Растдон»-ы кондады æмæ уæй кæныны гуырахасттæ дæр, æнхъæлмæ кæсы æххæст гуырахстмæ стабилон æгъдауæй чи кусы, уыцы кафе «Винченцо».

Ницы ныхдуртæ ис «Натурплант» -ы проект реализаци кæнынæн, афтæ ма базальтон тагтæ цы завод уадздзæн, уый арæзтадæн дæр.

Уынаффæ кæныны рæстæджы банысан чындæуыд, проектты реализаци кæнын фадат кæй ратдзæн 200 уæлæмхас куысты бынæттæ бакæнынæн.

Æмбырды кæронбæттæны Пухаты Эрик бахаста ахæм фæндон, цæмæй куыстуæтты къухдариуæггæнджытæ æнгомдæрæй кусой республикæйы æххæсткæнынадон хицауады орган-ты минæвæрттимæ æмæ хъахъхъæной сæ интерестæ.

«Хицауадæн йæ къух аразы республикæйы инвестицион уавæр фæхуыздæр кæнын æмæ кæны фæдфæдылон къахдзæфтæ, хъалон, таможнæйон преференцитæ аразгæйæ, æмæ афтæ дарддæр. Фæлæ нын ис дарддæр кæдæм цæуæм, уый. Æнæмæнгхъæуæг у, инвесторты æххуысы механизмтæ фæхуыздæр кæнын», – банысан кодта Хицауады Сæрдар.

«Мах хъуамæ иннæ æртæазон Инвестпрограммæйы уынгты хæрзарæзтад фæуæм», – загъта Хицауады Сæрдар йæ комментарийы рæстæджы, Цхинвалы æмæ районты центры уынгты хæрзарæзтады фарстыл дзургæйæ.

Уый ма банысан кодта, Хицауады сæйраг хæстæй сæ иу кæй у адæмы царды хорз уавæртæ саразын.

«Социалон-цардуагон инфраструктурæйы æмвæзадыл баст у, адæмы нормалон царднархайд, сæ социалон хиæнкъарынад. Æмæ уый æрмæст хорз арæзт фæндæгтыл баст нæу, фæлæ социалон-культурон нысаниуæджы объекттимæ дæр», – загъта Пухаты Эрик.

Ацы аз горæты столицæйы фæндагон хызæг баххæст ис дæс хæрзарæзт уынгтæй, номхуындæй: Джыгкайы фырты, Тæболы фырты (Сталины уынгæй Гаглойы фырты уынджы онг), Нарты, Руставелийы, Къуайсайы, Аланты, Коцойы, Чиайы, Коцты Грийы æмæ Дмитровы уынгтæ.

2019 азы Инвестпрограммæйы фæлгæтты арæзт æрцæудзысты ноджы аст уынджы: Уæлахизы, Остаты æфсымæрты, Лермонтовы, Гаглойты Рутены, Гаглойты Хазбийы, Гафезы, Харебаты Исахъы (Сталины уынгæй Гаглойы фырты уынджы онг) уынгтæ æмæ Джиоты Аланы проспекты 5 астæуккаг скъолайы ныхмæ фæзилæн дæр.

Пухаты Эрикы ныхæстæм гæсгæ, фæндагон-уынгон инфраструктурæйы æндидзынад дарддæр дæр кæндзæн.

Хицауад план кæны 2020-2022 азы республикæйы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестпрограммæмæ бахæссын столицæйы 24 уынджы хæрзарæзтады тыххæй мадзæлттæ, афтæ ма Ленингоры поселочы æмæ горæт Къуайсайы уынгты хызæгты рæзты фарст дæр.

РХИ-йы Президенты æмæ

Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.