Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Луганскы Адæмон Республикæйы Сæргълæууæг Леонид Пасечникæн йæ юбилейы цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Леонид Иваны фырт!

Айс иууыл зæрдиагдæр арфæтæ дæ юбилей – дæ гуырæн боныл 50 азы сæххæсты цытæн!

Фæлтæрдджын къухдариуæггæнæг, цæсгомджын æмæ бæрнджын адæймаг, æцæг патриот уæвгæйæ, ды æнувыдæй æмæ рæстагæй лæггад кæныс Луганскы Адæмон Республикæйæн. Дæ политикон куырыхондзинад, профессионалон зонындзинæдтæ, фæлтæрддзинад æмæ сæрмагонд миниуджытæ, бæрндзинад, дæ разылæууæг хæстæ раст скъуыддзаг кæнынмæ арæхстдзинад ссардтой аккаг авторитет, уарзт æмæ кадкæнынад дæ коллегæты, хæлæртты æмæ Луганскы æппæт адæмы ‘хсæн.

Хуссар Ирыстоны адæм æй хорз зонынц, хæдбардзинад райсыны фæндаг йедзаг кæй у карз фæлварæнтæй. Ды Луганскы хъайтарон адæмимæ лæууыс уæ Райгуырæн бæстæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад хъахъхъæнджытимæ, аразут барадон паддзахад æмæ фидарæй кæсут сомбонмæ, æвдисыс æппæтадæмон нымад лидеры цæвиттон.

Республикæ Хуссар Ирыстоны дын стыр аргъ кæнынц дæ архайдæн, кæцы здæхт у не ‘фсымæрон адæмты ‘хсæн хæларадон ахастытæ дарддæр фидар кæнын æмæ рæзтмæ.

Ацы нысаниуæгджын бæрæгбоны дын, цытджын Леонид Иваны фырт, мæ цæст уарзы сабырад, амонд, æнæниздзинад æмæ ног æнтыстытæ дæ бæрнджын æмæ зын архайды Луганскы Адæмон Республикæйы хæрзиуæгæн».

ПРЕЗИДЕНТЫ АРФÆ

Паддзахадон телерадиокомпани «Ир»-ы цытджын кусджытæ!

Арфæ уын кæнын паддзахадон телеканалы сырæзтыл 26 азы сæххæсты цытæн!

Телеуынынады нысаниуæгæн зын саргъгæнæн ис, уый у бæлвырд æмæ ахсы ахсджиаг бынат национ медиаиндустрийы.

Хуссар Ирыстонæн зын азты телеканал саразыны фæстæ нæ республикæйæн бантыст информацион блокадæ аиуварс кæнын æмæ нæм цы цаутæ цæуынц, уыдоны тыххæй радзурын. Паддзахадон телерадиокомпани «Ир»-ы коллективы профессионализмы фæрцы телевизормæ кæсæг райдыдта исын, бæстæйы æмæ дунейы цы процесстæ цæуы, уый тыххæй оперативон æмæ раст информаци.

Абон телерадиокомпани «Ир» Хуссар Ирыстоны цæрджытæн у иууыл ахсджиагдæр дзыллон-информацион фæрæз. Журналисттæ объективон информаци дæттынц, республикæйы æрцæугæ цауты æмæ хицауады паддзахадон органты архайды тыххæй, аразынц ног сфæлдыстадон проекттæ æмæ цымыдисон авторон алæвæрдтæ.

Ныфс мæ ис, телеканалы кусджыты профессионализм æмæ энтузиазм дарддæр дæр ахъаз уыдзысты куысты бæрзонд æмвæзадæн æмæ хуыздæр кæнынæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.