Газеты бирӕ хорз хъуыддӕгты тыххӕй фыст ӕрцӕуы, фӕлӕ фылдӕр хатт фыст фыстӕй баззайы, хъуыддаг размӕ нӕ ацӕуы. Уӕлладжырмӕ фӕндаг проектгӕнджыты фыдбӕллӕхы тыххӕй фыссы Кортиаты Леуан: ”Стыр Ныхас”-ы уӕлдӕр совет фӕсидт Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны разамонджытӕм, цӕмӕй, ”Ленгипротранс”-ы чи фӕмард, уыцы аразджытӕн ӕвӕрд ӕрцӕуа цыртдзӕвӕн. Зӕрдӕдарӕн ис, иумӕ фӕрӕзтӕ ӕмӕ гӕнӕнтӕ кӕй ссардзысты, Уӕлладжыры фӕндаг иртасджыты рухс нӕмттӕ ма ферох кӕныны тыххӕй, цыртдзӕвӕн ӕвӕрд кӕй ӕрцӕудзӕн, ”царды фӕндаг” чи ныууагъта, уыдонæн.

Мӕнӕн уӕлдай зындӕр уымӕн у, ӕмӕ махмӕ, Хуссар Ирыстоны Ручъы Есеты хъӕуы цардысты Петр Пиккель, Антон Петров ӕмӕ Павел Яковлев.

Уыцы ӕнамонд фӕндагыл цы бон цыдысты, ӕз дӕр уыцы бон сӕ машинӕйы хъуамӕ ацыдаин Дзаумӕ, фӕлӕ мӕ шофыр Боциты Хаджумар нӕ сӕвӕрдта. Инженертӕ дӕр ын дзырдтой, цы дӕ бахъыгдардзӕн, зӕгъгӕ, фӕлӕ цӕхгӕр загъта: “Нӕ дӕ сӕвӕрдзынӕн!”. Ӕз хъыпп-сыпп дӕр нал скодтон.

Машинӕ Уӕллаг Рукъмӕ ацыд. Нӕ сыхаг Плиты Сергиимӕ хуытӕ хизӕм, ӕмӕ машинӕ сахат ӕмӕ ӕрдӕджы фӕстӕ Дзеранты хъӕуы цурӕй разынди, ахӕм скъӕрд кодта, ӕмӕ йыл цӕст нӕ хӕцыди. Нӕ дыууӕ дӕр нӕхицӕн бынат нал ардтам, нӕ сӕрыхъуынтӕ барц сбадтысты.

Машинӕ нӕ хъӕуы комкоммӕ куы рахӕццӕ, уӕд тигъыл зилгӕ нал фӕкодта, фӕлӕ комкоммӕ размӕ атахт. Иу дзы рагӕпп кодта тӕккӕ тигъыл, иннӕтӕ къӕдзӕхӕй атахтысты.

Размӕ згъордтон фӕдисы, фӕлӕ мӕ цӕссыгӕй мӕ развӕндаг нӕ уыдтон, мӕ зӕрдӕ бавзӕр. Уӕдмӕ Уӕллаг Рукъӕй фосӕлвынӕнтӕй фӕдисы адӕм ӕрхæццӕ сты. Мӕ мад ӕмӕ мӕ фыдыхо, сӕ уӕрджытӕ хойгӕ, хъарӕг кодтой. Афтӕ ӕнхъӕлдтой, ӕз дӕр уыцы машинӕйы уыдтӕн. Бацыдыстӕм сӕм ӕввахс, сӕ тӕригъӕдӕй ӕнӕхъӕн ком еудодой куыд кодта, уый мӕ никуы ферох уыдзӕн.

Уӕлладжыры фӕндагыл удуӕлдай фыдӕбон чи фӕкодта, ӕмӕ дзы чи фесӕфт, уыцы ӕртӕ адӕймаджы ма ‘рхъуыды кӕн ӕмӕ сын цырт ма сӕвӕр, уый тӕригъӕды бацӕуынӕй уӕлдай нӕу…

Рукъгомы хуымӕтӕджы адӕм нӕ цард. Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты рӕстӕджы хӕдзӕртты нӕлгоймаг нал баззад, хӕдзарӕй цалдӕргӕйттӕй нал ӕрыздӕхтысты, сӕ хӕдзӕрттӕ сындзӕхгӕдӕй баззадысты.

Плиты Мартӕ Уӕрӕсейы Сӕйраг Советы депутат уыд. Адӕм мингай лыстӕг фос дардтой, ӕмӕ-иу ӕнӕхъӕн комы сылгоймӕгтӕ къуымбилӕй быдтой цъындатӕ, ӕмӕ сӕ уый фронтмӕ хӕстонтӕн ӕрвыста. Ирон нымӕт ӕмӕ басылыхъхъытӕ-иу Мӕскуымӕ йемӕ аласта… Ӕмӕ цас хорз адӕймӕгтӕ рацыд Рукъгомӕй. Хӕсты чи фесӕфт мах сӕрвæлтау, уыдонӕн сӕ номхыгъд хуымӕтӕджы фӕйнӕгыл уӕддӕр ныффыссӕм. Уый аккаг не сты?!

Газет «Рæстдзинад»

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.