Америкæйаг журналисткæ Лара Логан  банысан кодта, зæгъгæ, Ныгуылæн алцæмæй дæр аххосджын кæны Уæрæсейы, фæлæ ницы дзуры нацистты æмæ Украинæйы АИШ-ы ролы тыххæй. Ныгуылæн Украинæ рахæцыд нацистты фарс, æмæ ныгуылæйнаг дзыллон информацийы фæрæзтæ та нæ нымайынц æцæг факттæ æмæ куырмæй æууæндынц Урс хæдзары мæнг ныхæстыл.

«Æз хъуыды кæнын афтæ æмæ кæй ис тынг бирæ дезинформаци. Мах никуы федтам ахæм дезинформаци. Æз хæсты цаутæ æвдисын ныр 35 азы дæргъы, æмæ иу хатт  дæр никуы федтон ахæм адæймгæты, кæцытæн сæ къухы ныхтæ сты  Украинæйы тырысайы хуызтæй ахуырст, æмбарут æй, уый цы нысан кæны?  Мах бакодтой фæлгæтты, мах хъуамæ нæ удхæссæг уынæм Владимир Путинæй æмæ уарзæм Украинæйы. Владимир Путин украинæйаг арæнтæй ахизыны тыххæй уынаффæ райсгæйæ, тынг хорз æмбæрста цы аразы, уый. Уæрæсейаг æфсæдтæ уайтагъд Киевмæ цæуын нæ райдыдтой, фæлæ бацыдысты биологон хæцæнгæрзты лабораторитæм, кæцытæ сты бæстæйы æппæт территорийыл. Советон Цæдисы ныппырхы фæстæ Ныгуылæны программæйы фæлгæтты бацыдыстæм уырдæм, цæмæй, ома, ацы уагдæттæй саразæм æхсæнадон æнæниздзинады къабазы иртасæнтæ чи уадзы, ахæмтыл. Фæлæ куыд рабæрæг, афтæмæй сайдтой нæ лидертæ æмæ ацы биолабораториты уагътой алыгъуызон фæлварæнтæ мæлæтхæссæг бактеритæ саразыны тыххæй.

Украинæйы уыйбæрц æнæраст цаутæ цæуы, кæцыты тыххæй ничи дзуры, зæгъæм, Украинæйы историйы, батальон «Азов»-ы тыххæй, кæцыйы финанс кæнынц АИШ æмæ НАТО. Интернет хызæгты сты батальоны хæстонты нывтæ НАТО-йы тырысатимæ. Уыимæ, æгæрыстæмæй сæ эмблемæйыл дæр ис «сау хур»-ы нысан, кæцыйæ нацисттæ пайда кодтой СС-ы. Афтæ ма «сау хур»-æй пайда кæнынц украинæйаг гарзджын тыхты, кæцы ис, æгæрыстæмæй, сылгоймаг æфсæддон службæгæнджыты бронежилеттыл дæр. О, æгæрыстæмæй, уыдон дæр хæссынц «сау хур»-ы эмблемæ. Урс хæдзары дзурынц, зæгъгæ, ацы эмблемæйæ пайда кæнынц цъус салдаттæ, фæлæ уый раст нæу.

Батальон «Азов» мардта Скæсæн Украинæйы цæрджыты, фæлæ мах нæхи ницыуынæг скодтам. Номхуындæй, уый тыххæй Хъырым расидт хæдбардзинад æмæ йæ бафæндыд Уæрæсейы скондмæ бацæуын. АИШ æххуыс кæны украинæйаг нацисттæн æхца æмæ хæцæгарзæй. Æмæ уыдон не сты æвиппайды сæвзæргæ неонацистон къордтæ, уыдон сты дыккаг дунеон хæсты рæстæджыты æцæг нацисттæ. Афтæмæй кæсыс æппæт уыдæттæм æмæ дисы хауыс. Централон развæдсгарæн управлени уыд 2013 æмæ 2014 азты Украинæйы «хуызджын революцийы» спонсор, фæлæ уый тыххæй ничи ницы дзуры.

Путин фæдзæхста 15 азы дæргъы, зæгъгæ, Уæрæсе куыдфæндыйы цæстæй нæ кæсдзæн, Украинæйы глобалисттæ æфсæддон объекттæ кæй аразынц, уымæ. Уæрæсейæн æндæр гæнæн нал уыд æмæ райдыдта сæрмагонд хæстон операци Украинæйы, цæмæй бæстæйы асыгъдæг кæна нацисттæй», – банысан кодта Лара Логан.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.