Гудцаты Агуыбе райгуырд Дзæуджыхъæуы 1880 азы. Уый у циркы фыццаг ирон барæг. Уымæн хæрзчысылæй фæбæрæг йе стыр курдиат бæхыл бадын æмæ джигитовкæйы аивадмæ. Уый джигитовкæйы рæстæджы афтæ тагъд ивта иу трюк иннæйы фæдыл æмæ-иу æй сценæмæкæсджытæ æххæстæй нæ бамбæрстой, аренæйыл цы цыд, уый æцæгæй у, æви сæ цæстытыл исты уайы.

Циркы аренæмæ йæ фæндаг уыд бынтон æнахуыр. Ирон лæппу йæ сыхагимæ ацыд Ростовмæ æмæ йæ уый кусынмæ бакодта циркмæ бæхгæсæй. Иу хатт радон репетицийы фæстæ, артисттæ иууылдæр аренæйæ куы ацыдысты, уæд Агуыбе сгæпп кодта бæхмæ æмæ манежыл афтæ тагъд атахт ирон адæмон джигитовкæйы серийы алыгъуызон трюктæ æххæст кæнгæйæ æмæ йыл цæст дæр нæ хæцыд. Бæхыл ахæм тагъд цыдæй йæ уæлдзарм худ манежмæ æрхауд. Уый йæ бæх нæ баурæдта, афтæмæй цырд æргæпп кодта, систа йæ уæлдзарм худ æмæ иу уысмæ фæстæмæ фестад саргъыл. Агуыбе афтæ тынг аныгъуылд джигитовкæйы трюкты æмæ йæ хатгæ дæр нæ фæкодта, уыцы рæстæджы оркестры ложæйы циркы дарæг кæй уыд, уый, кæцы диссы бахуд бæхгæсы курдиатмæ кæсгæйæ. «Уый сенсаци куы у!». Йæ цæстыты раз сæвзæрд афишæ барæджы нывимæ, кæцы аразы æппæт гæнæн трюктæ дæр. Афтæмæй кавказаг джигит Гудцаты Агуыбе ссис циркы барæг. Цасдæр рæстæджы фæстæ йæ ном нысан цыд Уæрæсейы горæтты циркты афишæты. Цыбыр рæстæгмæ Агуыбе ссис дунейы зындгонд барæг. Уæды рæстæджы æппæт газетты уæлдай тынгдæр нысан цыд йæ ирон адæмон хæдбындур джигитовкæйы аивады алыгъуызон трюкты тыххæй.

Английы зынгæ ирон барæджы цытæн рауагътой трюктæ æххæст кæныны рæстæджы йæ нывимæ посты открыткæты цалдæр сери. Абоны онг дæр йæ трюктæ æмæ акробатикон фæлтæрæнтæй бирæты сфæлхатт кæнын йæ бон никæмæн ма ссис. Йæ номырæй-иу дисы баппæрста æрмæст публикæйы нæ, фæлæ ма бæхы-циркы аивад зонджыты дæр: бæх радгай йæ раззаг æмæ фæстаг къæхтæ раппар-баппар кæны æмæ афтæмæй ритмиконæй гæпп кæны ныхдурты сæрты. Ацы трюк æххæст цæуы куыд иу бынаты, афтæ тагъд цыдæй дæр. Номыр сæххæст кæнынæн хъуыд æрмæст барæджы бæрзонд дæсныдзинад нæ, фæлæ ма бæхы дрессировкæ кæныны стыр аивад дæр.

Фыццаг хатт Агуыбейы фæсарæнтæм аласта циркы зынгæ италиаг дарæг Вильяме Труцци 1908 азы. Уый ралæууыд дунейы алы бæстæты, джигитовкæйы ирон адæмон хуызтæ æвдисгæйæ æмæ публикæйы алыгъуызон акробатикон, бирæ хатт адæймаджы цардæн тæссаг трюктæ тагъд цыдæй æххæст кæнынæй дисы æппаргæйæ.

1908 азы Европæмæ гастролты ацæугæйæ, уый фæстæмæ нал æрæздæхт Уæрæсемæ.  Цæрынæн равзæрста Английы. Гудцайы фырт ссис чиныг «Княж-на Биаслант»-ы автор дæр, кæцы тæлмац æрцыд уырыссаг æвзагмæ. Автор йæ чиныджы равдыста кавказаг истори, Кавказы адæмты культурæ, уагахасты нормæтæ æмæ регионы чырыстон æмæ пысылмон цæрджыты этикет. Чиныджы ссардæуыд Ирландийы антикварон магазинтæй сæ иуы Гудцаты Агуыбейы тыххæй æрмæджытæ агурыны процессы рæстæджы. Рæсугъд легендæйы ма автор равдыста йæ уарзондзинад райгуырæн къуыммæ.

Гудцаты Агуыбе цардæй ахицæн 88-аздзыдæй 1968 азы 18-æм февралы Лондоны.

Æрмæгыл бакуыста

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.