Рохгæнаг рагæй фæстæмæ стæм, абоны низ нын нæу. Абон æндæр цыдæртæ хъуамæ уаиккой нæ риссæгтæ, мах та… Ферох нæ, не ‘нусон знæгтæ нæм, цалынмæ сæ фæстаг адæймаг удмидæг уа, уæдмæ сæ кæрдтæ кæй цыргъ кæнынц æмæ нæ æнгомдæр уæвын кæй хъæуы. Ферох нæ, хъулгъа сæ сæйраг сахармæ бацæуæны дардыл кулдуæрттæ кæй ныццамадтой æмæ сæ Аланты кулдуæрттæ кæй схуыдтой, уый. Нæ Симд нын сæхи кæй бакодтой, уый та уадиссаг хатгæ дæр ничи фæкодта æмæ нæ куыднæ хъуамæ ферох уыдаид…

Цыдæриддæр нын ахсджиаг, æнæаргъæвгæйæ аразинаг у, уы-дон нæ уайтагъд æрбайрох вæййынц, бæлвырддæр зæгъгæйæ, нæ кæнинаг хъуыддæгтæ нæ бынтондæр не ‘ндавынц, фæлæ бынтон фæрсаг æмæ æнæбындур цæуылдæрты сбукъ вæййæм, ныдиссаг сæ кæнæм…
Ныртæккæ Ирыстоны æхсæнады хъусдард здæхт у, бынтондæр нæ цы нæ хъуамæ æндавид, уымæ – Гæздæнты Гайтойы стджытæ Ирыстонмæ кæй хъуамæ æрбаласой æмæ баныгæной, уымæ… Ахæм цыдæр нæм фыццаг хатт не ‘рхъуыды кодтой, уыдис ма нæм ахæм хабар æмæ, хъыгагæн, худæджы хос фæцис. Цæвиттон, цалдæр азы размæ та зынгæ æхсæнадон архайæг, Къостайы «Ирон фæндыр» мыхуыры рауадзæг, горæт Дзæуджыхъæуы фыццаг мэр Байаты Гаппойы стджытæ сластой Ирыстонмæ дард фæсарæнтæй. Дзæуджыхъæумæ куы ‘рбахæццæ сты, уæд сæ автоинспекцийы кусджытæ æрурæдтой, цы, дам, ласут… Æмæ кæмдæр тынг фæхъыг сты – ау, нæ, дам, зонут хабар, Дзæуджыхъæуы мэры стджытæ, дам, ласæм… Цæй, цы йæ ‘мбæхсæм, ахæм рæтты чи фæлæууы, уыдон се ‘ппæт алцы зонæг нæ вæййынц, æмæ… æмæ уыцы ныхас фехъусгæйæ, автоинспекцийы кусджытæ джихæй баззадысты, стæй æрæджиау-æрæджиау æрчъицыдтой æмæ æмдзыхæй ныддис кодтой: «Уæууа, Шаталов амарди?!.».
Гъе, уый дын нæ митæ, куыдфæнды сæ дом…
Æгæр, æмæ ма Байаты Гаппо Ирыстоны уæддæр фæцард, цы-фæнды йæ ма смам кодтаид коммунистон номенклатурæ, уæддæр йæ царды хуыздæр бонтæ ирон адæм æмæ ирондзинадæн лæггад кæнгæйæ, батыдта. Гайто та, мæрдты цы хуыздæр ис, уый йæ хай уæд; хорз фыссæг уыд, кæд иронау нæ фыста, уæддæр нæ туг, не стæгæй уыд æмæ цы сфæлдыстадон бынтæ ныууагъта, уыдон махæн дæр æцæгæлон ма хъуамæ уой… О, фæлæ Ирыс-тоны никуы цард, никæмæн дæр афтæ бафæдзæхста, мæ фыдæлты сыджытыл-иу мæ сæм-бæлын кæнут, зæгъгæ. Уæдæ цы кодтам, цы нæ уæлфад гал лæууы, цæмæн ын дзырдтаг кæнæм йæ ном дæр æмæ йе ‘нусон бынат дæр, цæмæн ын марæм фыдудæй йæ хырыз стджыты? Цæмæн, цы уынгæджы бон ныл ныккодта, æндæр ницыуал проблемæ ис Ирыстон æмæ ирон адæмæн? Хуыздæр нæу, æмæ уыцы хъуыддаг сæххæст кæныны тыххæй цы æхцайы фæрæзтæ бахардз уа, уыдонæй иу цалдæр рынчын сывæллоны хос кæнынмæ арвитæм?..
Фæлæ сæйраг уый нæу, ацы хабарæн сæйраг йе ‘нæсæрфатдзинад у!
Фыццаг уый, æмæ Гайто Ирыстоны никуы цард. Дыккаг та уый, æмæ йын йæхиуæтты ничи бафарста. Æртыккаг: Гайто, Ирыстоны йæ бавæрой, кæнæ йын искуы йе стджытæ Ирыстонмæ аласой, ахæм фæдзæхст нæ ныууагъта. Цы хиуæттæ йын уыд, уыдонæй йæхицæн иууыл æввахсдæрыл нымадта æфсæддон службæгæнæг, юрист Абациты Михалы. Михалы чызг, Абациты-де Нарп Олгæ ныффыста гуыррахстджын уац «Заметки о Гайто Газданове и семье Абациевых». Æрхæссæм дзы скъуыддзаг:
«… И теперь несколько слов о кощунственной замене памятника на могиле Газдановых на русском кладбище в Сент-Женевьев-де-буа в близ Парижа. Вопреки моей воле, надгробный камень на могиле Гайто и его жены был снесен и заменен бронзовой плитой. Приблизительно в 1967 г. Гайто и мой отец купили себе место на кладбище одновременно и выбрали надгробные плиты одного и того же образца, они хотели быть похоронены недалеко друг от друга. Гайто умер в Мюнхене от рака легких… Фаина (супруга Гайто) во всем выполнила волю Гайто: она привезла его тело во Францию и похоронила там, где он хотел быть похороненным, поставив ему тот памятник, который он выбрал себе сам».
Искæмæ ма исты фарстатæ ис? Хъуамæ мауал уа, уымæн æмæ бæлвырд у алцы дæр. Фыццаг: Гайто кæм ныгæд ис, уыцы бынат æлхæнгæ бакодта. Дыккаг: йæ удыхайæн бафæдзæхста, цæмæй йæ баныгæна уыцы бынаты. Æртыккаг: йæ удыхай дæр ныгæд ис йæ фарсмæ. Цыппæрæм: йæ ингæныл æвæрд ис, йæхæдæг кæй равзæрста, уыцы цырт, æмæ афтæ дарддæр…
Цæй ныр куыд? Худинаг æмæ æфсарм цы сты, уый нал зонæм æви куыд у нæ хабар, ирон адæм?!. Чи нын радта уый бар æмæ нæ номдзыд æмзæххоны хырыз стджытæ ахицæн кæнæм, йæхæдæг кæй равзæрста, æлхæнгæ кæй бакодта уыцы сыджыты хайæ æмæ сæ æндæр ис-куы баныгæнæм? Чи нын радта уый бар, æмæ стыр фыссæджы хырыз стджытæ æндæр ранмæ ахæссæм, йæ фæстаг фæдзæхстытæ йын кæронмæ чи сæххæст кодта, уыцы удыхайы стджыты цурæй?!.
Æмæ, дам ныл Хуыцау рахæтыд, фыдбылызты бын, дам, нæ фæкодта!..
Æгæр хорз дæр у уыцы Хуыцау, сыгъзæрин феста! Мах цытæ кæнæм, уыдæттæн Хуыцау фæразгæ куыд кæны, фæразгæ, ууыл цæмæннæ дис кæнæм?!. Кæд ма нæхи ирон адæмыл нымайæм, уæд хъуамæ æмбарæм, ирон æгъдаумæ гæсгæ мардæн рухс фæзæгъынц йæ ингæны уæлхъус, цы сыджыты хайыл æй сæмбæлын кæнынц, уыцы сыджыты хайæ. Æмæ чи сты уыцы «куырыхонтæ», уыцы «патриоттæ», бæстæ чи сызмæста, æмæ, кæмæй кæнгæ у, уыдоны ахæм æбуалгъ хъуыддагыл чи сразы кæнын кодта?.. Мæ сæр лыгмæ дæттын, кæд ацы хъуыддаджы аминдигæнджытæй исчи Гайтойы чингуытæй иу кæронмæ ба-касти!.. Куыднæ стæй – чингуытæ чи кæсы, уыдон ахæм æнæмбаргæтæ ма хъуамæ уой. Гæнæн ис æмæ лæг йæ райгуырæн бæстæйы ма амæла, фæлæ æндæр искуы – тохы быдыры уа, карды цæфæй уа, æнæнхъæлæджы низæй амæла æви… фæлæ нæй, кæм ныгæд хъуамæ уа, уыцы бынатыл ын йæ мæрдон буар сæмбæлын кæныны фадат æмæ ныгæд æрцыд, йе ‘нусон бынат кæм ма хъуамæ уа, ахæм ран. Уæд æндæр хъуыддаг у, уæд уаз хъуыддаг у ахæмы мæрдон буар, кæм ныгæд хъуамæ уа, уыцы уæлмæрдыл сæмбæлын кæнын. Дард цæмæ цæуæм – августы хæсты бонты цæхæрадæтты æмæ æндæр рæтты цал марды баныгæдтой рæстæгмæ… Ныртæккæ дзырд цæуыл цæуы, уый та хъæддаг ми у, нæдæр ын бамбарæн ис, нæдæр – æруадзæн…
Чизоны нæ Хуыцау раджы ралгъыста, уартæ нæ фыдæлтæ-нартæ йемæ куы схæцыдысты, уæд… Æндæр уæдæ куыд бамбарæн ис нæ митæн, нæ хъуыддæгтæн, нæ къахдзæфтæн… Кæд Гайтойыл афтæ фæзæрдейæ стут, уæд ын йæ уацмыстæ мыхуыры уадзут, ирон æвзагмæ йын сæ тæлмац кæнут, архайут йæ чиныгкæсджыты нымæц фæфылдæр кæныныл, алы горæты, алы хъæуы дæр ын цыртытæ сæвæрут, фæлæ йын йæ хырыз стджытæм ма ‘вналут, Хуыцауы бын æбуалгъы хъуыддæгтæ ма аразут… Кæд Ирыстоныл афтæ æнувыд, ахæм патриоттæ стут æмæ уæм уый бæрц æхца ис, уæд Францмæ цæмæн хаут, уæртæ кæсæгмæ ныццæут æмæ сæ бафæрсут, нæ национ сæрыстырдзинад нын сæхи цæмæн бакодтой, уымæй…
Цы фæуæм, куыд кæнæм?.. Нал удæгæстæн зонæм аргъ кæнын, нал – нæ мæрдтæн… Алцы дæр нын – дзырддаг æмæ хъаугъайаг, алцы дæр нæ кæны кæрæдзийы æргæвдынмæ, не ‘хсæн хæрамдзинад тауынмæ. Иннæрдыгæй та ацы хъулон ми-тæ – сæрмагонд уæлмæрдтæ аразын… Фæлтау куынæ уаиккой. Уæд-иу алы мард дæр, стыр лæг уыд æви чысыл лæг, уымæ нæ кæсгæйæ, ныгæд æрцæуид йæхи, йæ мыггаджы кæнæ иумæйаг уæлмæрды. Уымæн æмæ ал-кæмæн дæр йæ мард равзаргæ, мæрдты хуыздæр у, йæ удæгæстæ йын адæмы хуыздæртæ куыд сты, афтæ. Алкæй дæр фæнды, цæмæй йæ мард ныгæд æрцæуа «равзаргæ» мæрдтимæ, кæд æм равзаргæйæ ницы уыдис, уæддæр. Иннæрдыгæй та, гæнæн ис æмæ равзаргæ уа, фæлæ йæ бинонты ма бафæнда йе ‘ввахс адæмы, сæ фыдæлты уæлмæрдæй йæ ахибар кæнын. Æмæ стæй куыд цæуы? Гæнæн ис æмæ «равзаргæтимæ» ныгæд æрцæуой, равзаргæтæм чи нæ хауы, ахæмтæ, чи сæм хауы, уы-дон та – кæмдæр, фæсвæд ран. Стæй нæ рох ма уæд, ахæм уынаффæтæ алы хатт рæстдзинады барæнæй баргæ кæй нæ вæййынц, уый. Æви нæ ферох, Хуыгаты Геор æмæ Темыраты Дауыты кады уæлмæрды бавæрыны тыххæй цы тохтæ цыдис… Афтæ цæуы, цыма нæ мæрдты дæр, нæ удæгæстау, кæрæдзийыл ардау-гæ кæнæм, се ‘нусон бынæттæ сын дзырддаг кæнæм. Науæд, зæгъæм, сæрмагонд уæлмæрды бавæрыны фæндон кæй тыххæй рахастой, уый йæхæдæг уыд разагъды лæг (ома – выдающийся), фæлæ йæ царды бонтæ «а» æмæ «о»-йæ кæимæ батыдта, уыцы цардæмбал хуымæтæджы хæдзарон æфсины «статусæй» уæлдæр не схызт æмæ сæрмагонд уагæвæрдмæ гæсгæ нæу, йæ мой кæм ныгæд ис, уыцы уæлмæрды бавæрыны «аккаг», уæд та куыд – кæмæн ис дыууæ удыхайæн сæ сыджыты хай адих кæныны бар? Куыд кæндзæн, куыд ма цæрдзæн уыцы идæдз, йæ царды фæстаг бонтæ, йæ мойы фарсмæ ныгæд кæй не ‘рцæудзæн, ууыл хъуыды кæнгæйæ чи æрвита? Ахæм «хъулон» уæлмæрдтæ алы ран дæр ис, фæла махыл «алы ран» нæ фидауы, мах ирон адæм стæм. Стæй ныууадзын хъæуы ахæм æнæсæрфат æмæ æбуалгъы цæуылдæрты дзурын дæр – йе ‘фсымæры дæр ын скъахдзыстæм æмæ йын æй йæ фарсмæ баныгæндзыстæм, йæ усы дæр… Нæй гæнæн ахæм митæ кæнæн. Адæймагæн кæй ныххæлар кæной, уыцы сыджыты хайыл куы сæмбæла, уæд æй æндæр ранмæ хæссын тугтæригъæд хъуыддаг у, æмæ нæхимæ æнæхъуаджы тæригъæдтæ уæддæр мауал исæм, æнæуый дæр нæ тæригъæдтæй зæхх хъæрзгæ кæны.

                                                                                                                                                            ГÆБÆРАТЫ Юри

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.