Æмæ йæ нæ хатæм… Кæдæй хатæм, уæддæр куырмæфсон,    къуырмайы ‘фсон скодтам. Афтæмæй та тæссаг у, тынг тæссаг, цы зæхх нæ уромы, уый бынтондæр куы алæбыра нæ къæхты бын æмæ нæ куы ахæсса дæлион дунейы æнæбын талынгмæ…

Бауырнæд нæ хорз адæм, чысыл кæрæдзи куынæ æрæмбарæм, нæ кæрæдзийы хъæр нæм куынæ райдайа хъуысын, уæд нын æцæг у тас бынсæфт фæуынæй. Ацы æнæхайыры коронавирусæй нæ – сыгъд ыл ссæууæд, уый нын ницыхъом у! Нæхи зын-гæй куы басудзæм, кæрæдзийæн цыфыддæр знæгтæ куы фестæм, тас нын уымæй у… Не ‘хсæн æу-уæнк куы нал уа, кæрæдзийыл кæрæдзи сайынæй дызæрдыг кæ-нын куы райдайæм, уымæй. Æниу райдыдтам кæрæдзийыл дызæр-дыг кæнын, фæлæ ма нæ уæддæр нæ национ удвидар хæссы, æнæ-басæтгæ адæм кæй сæм, уый ма нæ иргъæвы кæрæдзимæ топпы кæсæнæй акæсынмæ, æндæра афонмæ нæ цыфыддæр знæгты фæндиаг фæуыдаиккам…

Фæлæ ацы проблемон фарст æрмæст нæхи республикæйы фæлгæтты ма æвзарæм, ма дæр – Цæгат Ирыстоны. Махæн, ирон адæмæн бынтондæр ницы уæлдай у, тæссаг низ Ирыстонæн йæ кæцы хайы ис, уый. Махæн ис иу Фыдыбæстæ æмæ иу хъысмæт æмæ хъауджыдæр нæу, кæцæй райдайа сæфын кæнæ цæрын. Не знæгтæ фесæфæнт – мах нырма цæрын хъæуы, махæн фæцудыны, асæттыны бар нæй!

Нырма… Фæлæ куыд? Официалонæй дзурæм, фыссæм, карантин нæм кæй ис, фæлæ йæ æххæст нæ кæнæм. Адæмæн сæ фылдæр хай бадынц хæдзæртты, куыстмæ нæ цæуынц, фæлæ сæ куыстмызд райсдзысты. Мах, дзыллон-информацион фæрæзты кусджытæ кусæм, нæ куыст, нæ хæс æххæст кæнæм. Фæлæ, хæйрæджы арв ныццæвæд – мæхæдæг дæр райдыдтон дызæрдыг кæнын: хъæуы нæ кусын æви нæ нæ хъæуы?  Исты пайда у, æндæрты хъауджыдæр кæй кусæм, уый, искæй хъæуы, исчи йæ уыны, исчи нæ хъусы?..

Ничи… Фæдис ныхъæр кодтам: кæд нæм карантин ис, уæд торнегæнджытæ сæумæцъæхæй сауизæрмæ хыссæйæдзаг къух-тæй æхцаимæ цæмæн архайынц, æхцайæдзаг къухтæ хыссæйы цæмæн тъыссынц?.. Æмæ цы? куыдзы гуыбыны – хъуыр-хъуыр, хъусгæ дæр нæ ничи фæкодта, куыд кодтой, афтæ кæнынц. Æмæ цæмæн? Кæм сты, тарст æмæ зæрдæдзурæнты бахауæг адæмы уыцы цыракæнонхуызæй чи фæ-дзæхсы, цæмæй хæдзæрттæй æддæмæ ма хизой, уыцы служ-бæтæ, сæ ных сын цæмæннæ бакъуырынц?..

Мах куыстам хæсты рæстæ-джы дæр, уæззау блокадон азты дæр. Куыстам, афæдзгæйтты-иу мызд куынæ истам, уыцы рæстæджыты дæр. Фæлæ никуы фæфæсмон кодтам ууыл, уый нæ, фæлæ ма сæрыстыр дæр уыдыстæм, нæ фыдыбæстæйы рыст æмæ рæстдзинад æгас дунейæн кæй хъусын кодтам, историмæ нæ хайбавæрд кæй хастам уымæй. Ныр нæ цавæрдæр дидтой вирус афтæ скæрæдзимидæг кодта æмæ йæ нал зонæм, дон кæцæй цæуы: къутæры бынæй нæм арс хъуамæ рагæпп кæна æви тæрхъус… Нал æй хатæм, чи у раст, чи у – зылын. Уымæн æмæ алчи дæр йæхи растыл нымайы, алкæмæн дæр ис йæхи аргументтæ, фæлæ уыцы аргументты, кæмæ æмбæлы, уыдон уадзынц сæ хъусы иувæрсты, дзуапп сын ничи дæтты. Æмæ уый адæммæ æвзæрын кæны æнæууæнкдзинад. Æрмæст хицауадмæ нæ – цардмæ, кæрæдзимæ. Нал сæ уырны, нал сæ æндавы рæстдзинад – чи ма кæй тынгдæр фæриссын кæна, чи ма куыдцæхджындæр диссаг баппара интернетмæ, ууыл стæм…

Æз æнæкæрон стыр аргъ кæ-нын Челдыты Вадимы курдиатæн, йæ патриотизмæн, фæлæ адæммæ кæй сиды, цæмæй 20 апрелы митингмæ рацæуой, уый стыр фыдбылызмæ сидын нысан кæны. Куыдфæндыйæ дæр уы-мæй адæмы судзгæ цæхæры æппары, ахæм цæмæндæр æруа-дзæн нæй. Фæлæ та ам дæр уынæм иуварсон ахаст æмæ позици. Ам дæр та разы-æнæразыйы рассæнд-бассæнд. Адæм нæма фехъуыстой æмбæлон дзуапп. Вадим æгас дунейæн уырнын кæны, Дзæуджыхъæуы рынчындоны кæй ис зæронд лæг, кæцы коронавирусæй рынчын нæу, мысгæ йыл æй кæнынц. Фæлæ йын æмбæлон дзуапп ничи дæтты уый тыххæй дæр. Адæмæн сæ иу хай дзурынц, нæй нæм коронавирусæй рынчынтæ, æнæхъуаджы цъиу-вæдис у, иннæ хай дзурынц: ис нæм… Фæлæ ацы афтæ-уфтæйы адæ-мы фылдæр хай æууæндынц Челдыты Вадимыл, уымæн æмæ уый журналисты раз фарст æвæры цæхгæр: «Цæмæй йæ зоныс, ис-кæмæй сæ интервью райстай?..» Фæлæ Челдыты лæппу æмæ æн-дæрты раз ахæм цæхгæр æмæ бæстон-бæлвырд фарст ничи æвæры æмæ йæ мардырцыд уый мидæг ис! Адæмы ‘хсæн кæрæдзиæмбарынад куы уа, уæд сын цыфæнды тæссаг низæй дæр тас нæу. Алцæуыл дæр æргомæй хъуамæ дзурæм кæрæдзиимæ, цæмæй кæрæдзийæ ма адард уæм æмæ нæ фыдбылыз иугæйттæй ма рауидза…

Мах æй кæронмæ нæма æмбарæм, цы нæм æнхъæлмæ кæ-сы, уый – бизнес чи кæны, уыдон сæхи куыд дардзысты, сахатæй-сахатмæ чи рæзы, уыцы æргътæ кæйонг сырæздзысты, æппæт уыдæттæ… Фæлæ цы бакæнæм… Алчи дæр ма нæ йæхи æрæвæрæд Бибылты Анатолийы бынаты æмæ бафæрсæд йæхи, уый та куыд бакодтаид, уымæй. Раст ба-кодта. Раст у йæ алы къахдзæф дæр. Фæндæгтæ, æрбацæуæнтæ æхгæнын хъæуы ахæм рæстæджы, гæнæнуæвгæйæ къаддæр хъæуы рацу-бацу кæнын, æнæ-мæнгхъæуæг цы товартæ не сты, уыдоны агурын, уыдонæй базар кæнынæй хиуыл фæхæцын хъæуы – «йæхи чи хъахъхъæны, уый Хуыцау дæр хъахъæны»…

 Бæргæ йæ æмбары алчи дæр: хъæуы нæ карантин – цардæй, адæмы æнæниздзинадæй зынаргъдæр ницы ис, фæлæ… Ногæй та райдайæм лыстæг хабæрттæй, уымæн æмæ лыстæг хабæртты  чи нæ уыны, уыдоны стырдæр хабæрттæм кæм равдæлдзæн? Хъæуы карантин, кæд бирæ зындзинæдтæ сайы йæ фæдыл, уæддæр нæ æнæмæнг хъæуы! Фæлæ цы пайда у ахæм карантин, цæмæн ма нæ хъæуы уый бæрц фыдбылызтæ æмæ зындзинæдтæ æвзарыны сæр, сæумæцъæхæй сауизæрмæ æхцайæдзаг къухтæй конд кæрдзын куы хæрæм, уæд?..

Дзырд уыдæттыл цæуы æр-мæстдæр, хуымæтæджы, лыстæг, хæрзæнцонæй скъуыддзагкæнинаг хабæрттыл æмæ сæ аскъуыддзаг кæнæм, цалынмæ зæхх нæ быны бынтон нæ алæбырд, уæдмæ…

ГÆБÆРАТЫ Юри

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.