Æрвылаз дæр мах банысан кæнæм бирæ алыгъуызон зæрдылдарæн бонтæ. Уыдон, сæйраджыдæр, вæййынц, нæ ивгъуыд царды чи æрцыдысты, ахæм æхсæнадон-политикон цаутæ, номдзыд, зындгонд адæймæгты юбилейтæ. Ахæм зæрдылдарæн бонтæ системæмæ æркæнын, хронологион æгъдауæй сæ кæрæдзийы фæдыл равæрын æмæ сæ адæмы рæгъмæ рахæссыныл рагæй кусы Къуезерты Петр. Афтæмæй афæдзæй афæдзмæ рауадзы «Зæрдылдарæн бонты» къæлиндар. Ныр дæр та ахæм къæлиндар рауагъта 2020 азæн.

Бирæ сты, Ирыстоны номдзыд фырттæ æмæ чызджытæй ацы аз сæ юбилейтæ кæмæн сты, ахæмтæ. Уыдоны ‘хсæн сты Абайты Васо, ахуыргонд æмæ фыссæг Джусойты Нафи, фысджытæ Гæдиаты Секъа, Хъуылаты Созырыхъо, Барахъты Гино, Дзесты Куыдзæг, Джыгкайты Шамил, Дзуццаты Хадзы-Мурат, Хаджеты Таймураз, рухстауæг Гæбæраты Иуане, дохтыр Къæбысты Падо, Советон Цæдисы хъайтартæ Сабанты Григол, Кобылты Сергей, Остъаты Алексей, РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли, нывгæнджытæ Санахъоты Барис, Чилæхсаты Магрез, Бедойты Шалва, артисттæ Гаглойты Зинæ, Хаситы Вильгельм, Хуыгаты Анатоли æмæ бирæ æндæртæ.

Чиныг фæахъаз уыдзæн библиотекæты кусджытæн, дзыллон информацийы кусджытæн сæ куысты, афтæ ма йыл æхсызгонæй сæмбæлдзысты, Ирыстоны культурæ æмæ исто-римæ чи цымыдис кæнынц, уыдон дæр.

Фæлæ ма æнæзæгъгæ нæй иу фиппаинаджы тыххæй. Чиныг нырма хæрзæрæджы рацыд мыхуыры. Æвæццæгæн, дарддæр дæр радон азтæн Къуезерты Петр кусдзæн ахæм чингуытыл æмæ хорз уаид, цалынмæ аз нæ райдайа, уæдмæ-иу куы рацæуиккой мыхуыры.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.