Æрæджы мыхуыры рацыд зæрдылдарæн бонты къæлиндар. Сарæзта йæ Къуезерты Петр. Йæ редактор у Харебаты Мая.  Къæлиндары сты 2022 азæн зæрдылдарæн бонтæ, Ирыстоны зынгæ адæймæгты ивгъуыды æмæ абоны царды æмæ архайды тыххæй цыбыр зонæнтæ. Æрмæджытæ равæрд сты хронологион фæткмæ, ома, мæйтæм гæсгæ. Конкретон нымæц кæмæн нæй. уыцы бонтæ сты къæлиндары кæрон  «2022 азы æххæст кæны…»-йы хайы.

Къæлиндарæй гæнæн ис æмæ спайда кæна чиныгкæсджыты уæрæх зылд – зонадон æмæ сфæлдыстадон кусджытæ, уæлдæр ахуырадон уагдæтты æмæ астæуккаг скъолаты ахуыргæнджытæ, культурæйы уагдæтты службæгæнджытæ.

Къæлиндары райдианы январы мæйы мыхуыр сты ахæм æрмæджытæ: 1-æм январы Хуссар Ирыстоны паддзахадон университетыл  сæххæст 90 азы. Фыццаг ирон киносценарист, кинорежиссер, драматург Джимиты Георгийы райгуырдыл  115 азы сæххæсты цытæн цыбыр зонæнтæ. 1-æм январы журнал «Фидиуæг»-ыл 95 азы кæй сæххæст, уый фæдыл дæр дзы ис цыбыр зонæнтæ. Режиссер, актер, драматург, УФ æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артист Хуыгаты Георгийы райгуырдыл 100 азы, Дзасохты Музаферы райгуырдыл 85 азы, зынгæ ирон фыссæг Гæдиаты Цомахъы райгуырды 140 азы сæххæсты, прозаик, публицист, æхсæнадон архайæг Коцойты Арсены райгуырдыл 150 азы,  РХИ-йы сгуыхт журналист, æхсæнадон архайæг Дзуццаты Димитры райгуырдыл 115 азы сæххæсты цытæн цыбыр зонæнтæ. Февралы мæйы сæ райгуырды юбилейтæ сты ахæм зынгæ адæймæгтæн, куыд фыццаг профессионалон литературон критик Тыбылты Алыксандр (135), фыссæг Нартыхты Григори (95),  адæмон артисткæ Галуанты Людмилæ (85), актер, режиссер Гæззаты Степаны (105), пианист-концермейстер Гергиты Ларисæйы (70) æмæ æндæртæн. Уыдоны тыххæй дæр къæлиндары ис цыбыр зонæнтæ. Къæлиндары æндæр æмæ æндæр мæйты бын мыхуыр цæуынц зынгæ адæймæгты юбилейты цытæн зонæнтæ, куыд, зæгъæм, Тыбылты Леонид (70), Пухаты Эрик (65), Сæлбиты Аким (60), Битарты Зоя (80), Биазырты Роланд (70), Фадзайты Арсен (60), Тедеты Заирæ (65), Цыбырты Людвиг (90) Чиаты Иосиф (115), Хæбæлаты Зинæ (85), Тедеты Герас (90), Андиаты Сослан (70), Хуриты Гиви (75), Бестауты Георги (90), Харебаты Леонид (90), Мæргъиты Алекси (95), Харебаты Димитр (105) æмæ бирæ æндæр зынгæ адæймæгты тыххæй цыбыр зонæнтæ.

Бузныджы ныхæстæ зæгъын æмбæлы Къуезерты Петрæн, ахæм стыр куыст кæй бакæны, уый тыххæй.  Уыйбæрц зынгæ адæймæгты тыххæй зонæнтæ æрæмбырд кæнын æнцон хъуыддаг нæу. Ацы къæлиндар сæ архайды рабæззы бирæ адæймæгтæн æмæ йæ саразæгæй бузныгæй баззайынц.

ДЖИОТЫ Е.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.