РОКСАЛАН

МÆ ЧИНЫГ

Райстай, ме ‘фсымæр, мæ чиныг,

Нал дзы сисдзынæ дæ цæст.

Ирбæстæн йæ маст, йæ цин-сыг-

ыл уыдзæн дæ зæрдæ хæст.

 

Скæн дæ тырыса СÆРИБАР.

Стæм зæронд цæфтыл фыдох,

Нæу нæ цард нырма нæхи бар,

Фæлæ фидæн ма кæн рох.

 

Знæгтæ дауынц нæм сæ кæрдтæ,

У фæдисыл лæуд нæ зæхх.

Сты уæларвмæ тыгъд нæ тæрттæ.

Не ‘рдхæрдтæн: «Æгас цу!» – зæгъ.

 

Цард нæу цардæфсæст кæстытæй,

Афæлдахинаг – нæ хуым.

Н’ алы цин æмæ мæстытæй

Дæн сæрыстыр æмæ ‘рхуым.

 

Саглæг, хи æууындзыс саргъмæ.

Хæц тырысайыл фæрнæй.

Систам Иры уæз нæ рагъмæ –

Махæн

цудыны бар

нæй!

 

ИРОН  ÆВЗАГ

Зæды буц маргъ – булæмаргъ

Нарты удæвдз басгуыхт:

Й’ алы зард дæр – царды аргъ,

Цавæр цины бахсыст?

 

Цавæр дон, цы уæлдæфæй

Райхæлы, къуыбырау?

Цавæр уарзты хъарм тæфæй

Баризы, фæндырау?

 

Цавæр cтыр тых æй кæны

Уа зæллангзæл ‘нусты?

Цас зарджытæ ыскъæры,

Дидинкал – йæ куысты?

 

Йе ‘рдхæрæны зарæгæй

Ссыгъта арт мæ уды.

Чи йæм мæлы хæлæгæй,

Уый йæ никуы ‘мбулы:

 

Тайы, руайы йе ‘взагыл…

Уагæры куыд раид,

Иунæг бон ирон æвзаг

Уый æвзаг куы уаид!

 

 

 

НЕ ‘ВЗАГ

Табу æмæ дын кад,

Уæлмигъбадæг Хуыцау.

Ирон дын уыд æрвад,

Табугæнæг хуындзау –

 

Нæ ис æмæ нæ бис

Нæ кодтам демæ дих.

Нæ исбонмæ иблис

Нæ уæндыдис æд сих.

 

Нæ мадæлон æвзаг…

Æрвгæрæттæм – йæ нæрд,

Æмæ фæкуыдта знаг –

Ныддардта нæм йæ кард.

 

Кæны нæ, Хуыцау, дих

Нæ æвзаг ‘мæ дæуæй.

Бынтыбырæджы сих

Цæуы æгæр цæуæй.

 

Ысæххæст нæм йæ къух,

Ыстонид нын нæ уд.

Йæ бæрзæй йын ныздух,

Нæ къæхты бын – йæ худ.

 

Куыд ыл рахæта дуг,

Куыд атона йæ маст!

Куыд басур уа йæ туг –

Кæнæд йæхицæй хъаст.

 

———————–

 

ДЖЫККАЙТЫ Шамил

 

МАДÆЛОН ÆВЗАГ

 

Дзæмдзæмы суадон, тар æнусты ды

Цыдтæ сыгъдæгæй донмарæнты цадæг.

Дæ улæфтæй нæ царды хуымтæ – сатæг,

Уыдтæ æлутон куывд æмæ куысты.

Ды – арвы цæссыг. Уый ныхмæ цы сты

Æнуд æнтæф, сындзын арт æмæ уадæг!

Ды дæ нæ туг, нæ уды рухс, нæ кадæг,

Нæ фарны гæнах сыгъд æмæ хæсты.

Ныхасыс ды дæ бæркадæй фæлтæрты,

Хæссыс нæ цардæн фидауц æмæ уаг.

Быркуыйау систай ног дуджы дæ зæрдæ,

Тæхуды, уымæй чи баназдзæн фаг!..

Нырма нæ удæвдз къæбицы æвæрд у,

Нырма дæуæй нæ Уацамонгæ – дзаг.

 

1972–1977 азтæ

 

 

 

КЪАДЗАТЫ Станислав

 

***

 

Цы у ирон æвзаг мæнæн?

Мæ кувæндон, мæ цард,

Сæууон хуры тæмæн,

Мæ удлæууæн мæ уарт.

Цы у ирон æвзаг мæнæн?

Мæ нысан æмæ фат,

Нæ ивгъуыдмæ дæгъæл,

Нæ фидæнмæ фæндаг.

Æнæ уый æз цы дæн?

Æнæ фæттæ æрдын,

Æнæ хъама кæрддзæм,

Æнæ хъистæ фæндыр.

Æнæ уый æз цы дæн?

Æнæ уый æз нæ дæн.

2001

 

ГАЛУАНТЫ Людæ

 

ДЗУРУТ ИРОНАУ

 

Ирон æвзаг – нæ фæндыр æмæ кард,

Нæ хох-быдыр æмæ нæ уæзæг,

Ирон адæмæн се стыр фарн, сæ ард,

Нæ къонайæн йæ зынг, йæ фæздæг…

Ирон æвзаг – хæдзарон дзулы тæф,

Къуыбыры цин, хуымоны зарæг:

Нæ хъæбултæн – сæ тугдадзины цæф,

Фæдис заманы – уартриу барæг.

Мæ зæрдæ къултыл бахойы йæхи, –

Ирон лæг нал дзуры иронау.

Æндæр æвзæгтæй буц кæнæм нæхи.

Ирон та абухгæ у, донау…

Куы нæ зара йæ рæзгæ хурæн мад

Иронау “а-ло-ло, цы-цы-тæ”.

Ирон лæппу куы нæ зæгъа: “мæ уарзт”,

Уæд дарæм не ‘взагмæ æрцытæ…

Æви та уый дæр модæйыл у баст,

Кæй ивæм “Хонгæ кафт” “Чарльстоныл”?..

Сæ лæвар Нартæн – хъисфæндыр фæсаст –

Уæвгæ, цы фæндыр уыд, мæ боныл!..

Фæлварæнтæн куы разынæм лæмæгъ,

Уæд махæн уый уыдзæн ирони.

 

ХОСТЫХЪОТЫ Зинæ

 

МАДÆЛОН ÆВЗАГ

 

Уадз, равзæрæд сæдæ ‘взаджы мæ комы,

Хуыцау мын раттæд минмырон хъæлæс,

Цæмæй дæттон сæдæ нуазæны куывды,

Цæмæй ныззарон булæмаргьау æз.

Цæмæй нæ хæхтæм хорз уазæг куы ‘рцæуа, –

Æфсымæр ын йæхи ‘взагыл зæгъон.

Цæмæй фыдгæнæг мах бæстæм куы цæуа, –

Йæ ныхмæ кард йæхи ‘взагыл цæгьдон…

Фæлæ уæддæр, уæззау тохтæм цæугæйæ,

Нæ фыдæлтæ цы ‘взагыл хордтой ард,

Цы ‘взагыл хъусын Терчы ирд уылæнтæм,

Кæй фæрцы ис нæ хорз æгьдæуттæн цард,

Цы ‘взагыл кодта хъарджытæ ныййарæг,

Йæ дарæгæй йæм сау гæххæтт куы ‘рцыд,

Цы ‘взагыл дзурæм: «Фесгуыхт та ирон лæг!» –

Зæгьут-ма, уый куыд бамыр уыдзæн, куыд?!

 

ДАУЫРÆ

 

ИРОН ÆВЗАГ – СÆДÆ ‘ВЗАДЖЫ ÆМКАД

 

Æппæт æвзæгтæ – не ‘ппæт царды фидыц,

Сæ бирæ зæлтæ – иумæйаг бæркад.

Кæрæдзимæ “фылдæр цæра” – мæ сидынц,

Сæдæ ‘взаджы мæнæн кæнынц лæггад.

“Салам, Ханум!” – мæм хуры тын æрхоны,

“Ламази гого” барухс кæны риу.

Зæххыл цæрæг уырыссаг “здравствуй!” зоны,

Æппæт адæмты “Дружба” кæны иу.

Уæдæ “СÆРИБАР”, “САБИТÆ”, “МÆ БÆСТÆ”,

“НÆРТОН ÆХСАР”, “ФЫДÆЛТЫ НАМЫС”, “МАД”,

Кæцы ‘взаджы ис уа рæсугъд ныхæстæ?

ИРОН ÆВЗАГ – æппæт æвзæгты ‘мкад!

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.