Æз дæ цардæй цæргæ дæн,

Æз дæ уарзтзынгæй мæлгæ дæн.

‘Мгары уайдзæф мæм нæ хъары,

Дæн хъысмæтæй æлгъыст тары.

Риумæ цины зæл нæ хъуысы,

Цард мыл ‘хсидгæ донау сысы,

Гъе мыл хинтæ счынди барæй,

Хур бон дæр зыны мæм тарæй.

Цард æнæрайгæ-мæ чызгон.

Нæу мын хойы цин дæр ‘хсызгон

Федтон уарзоны чызгимæ,

Уый куыд æлхъывта йæхимæ.

Бæстæ мыл фæтары боны,

Сау маст риувæйнæг фæтоны.

Рыст кæд зæрдæйы æвзоны.

Къайаг уымæй æз цы ‘взæрстон,

‘Ндæры бауарздзæн цы ‘мбæрстон.

… Ныр хъысмæт мæныл фæхуды,

Уд цæхæр зынгау кæй судзы.

 

РАГУАЛДЗÆДЖЫ НЫВТÆ

Комы нæма райхъал къада дон,

Чи дзы æрдомдзæн чи, «базар».

Мæргътæ цы сарæзтой рагафон

‘Нæсыфтæр бæлæстыл «базар»?

 

Хъусы сæ сусæг цъыбар-цъыбур,

Зарын нæма сæ æндавы.

Цымæн йæ къуыбыр нæма фæбур,

Хур æй æдæрсгæ нæ тавы.

Ранæй ран зæхх нæм фæхъулæттæ,

Разынди хуссæртты згæйæ.

Агурынц лыстæг фос суррæттæ,

Фароны кæрдæг мысгæйæ.

 

***

Стыр фурдтæ денджызмæ хауынц æнусты,

Фæлæ нæ кæны уый стырдæрр, гъе къаддæр.

Афтæ у царды уаг адæмтæн рагæй,

А-зæххмæ афтæ æрцæуæм иу мах дæр.

 

Дзыллæйы  сбирæйæ сау зæхх нæ тæрсы

Никуы нæ сфæлмæцыд махæн нæ дарæг

Фæлæ нæхæдæг нæ сабырад халæг,

Рагæй æрæгмæ кæрæдзи    стæм марæг

 

***

Згъæлынц сыфтæртæ зивæгæй зæхмæ,

Кæрз æнкъардæй сæ фæстæ кæсы.

Уый  сæ чи ркодта ацы фыдæхмæ:

Бур сыфтæрты рæудымгæ хæссы.

 

Нал у раздæрау  бæлас цæрæццаг,

Хаты къабазты, цыма, лыгæй.

Сæрд бæргæ уыди  кæрзæн хæрзбæстаг,

Ивы абон æй маст ‘мæ хъыгæй.

 

Уæд йæ сыфтæр фæлмæн уыд, цъæх-цъæхид,

Уæд йæ зæрдæ рæуцинтимæ рад.

Уыцы рæстæг æм абон куы здæхид,

Уæд йæ удæй фæлидзит æнкъард.

 

***

Мæ тæбæты хуысдзынæн æз мæрдгъуызæй,

Зæххон цардæн æз нал уыдзынæн зонæг.

Уæлион бакаст айсæфдзæн мæ хуызæй,

Хуыцауæй ма цы хъуамæ уон уæд домæг.

 

Мæ амæлæт цы хъуаджы у кæмæн дæр,

(Æниу мæн дæр цæмæн бахъуыд йæ фæхъыг)

Мæ фæзианыл чи скæндзæн кæугæ дар,

Мæ зонгæтæй мыл чи ‘ркалдзæн йæ цæссыг?

 

Фæнды мæ уымæн уарзгæйæ куыд цæрæм,

Æнусон фарст та дзыллæтæн – мæлæт у.

Нæ равзæрдæй нæ уæвынад – æрдхæрæн,

Уæлиуон цард хъыгтимæ дæр дзæнæт у.

 

‘Мæ ингæны та уазал у, æнкъард у,

Йæ сыджыт дæр æздыйау у уæззау.

Æздæхæн мын уæлион цардлмæ нал у,

Куыд фехалон мæрдты бæсты æгъдау?

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.