Хуыгаты Сергейы райгуырдыл сæххæст 90 азы

Алчи йæхи хъысмæтмæ гæсгæ цæры. Афтæ нæм уымæн фæкæсы, цыма нæ Хуыцау царды истæмæй куы фæцух кæны, уæддæр æй баххæст кæны æндæр хъуыддагæй. Хуыгаты Сергей дæр йæ райгуырцæй бирæтæм æнæниздзинадæй, арвæй стъалытæ чи скъæфы, ахæм нæ фæкаст — цыма рыгъд уыд, къæсхуыртæгонд. Уæллагмæ та йæхи хъуыдытæ вæййы. Йæхи тæрхæттæ фæхæссы. Кæд, куыд, – уымæн æй æргом æвдисæнтæ никуы хъуыд æмæ нæ  фæхъæуы.

Къæсхуыртæгонд Сергей чиныгмæ сабийæ фæстæмæ рæвдз куыд разынд, ирон нывæфтыд дзырдтæ йе `взагæй, цы адджындæр къафеттау, куыд згъæлдысты, уымæн йæхæдæг дæр  бæлвырд ницы зыдта. Фæлæ дын Хуыцау цы радта, ууыл дæхи бон дæр нæ бауыдзæнис дæ къух ауигъын. Æмæ Хуыгайы-фырты тыххæй табу – йæхицæн. Уымæн æмæ, Хуыгаты Сергей, йæ сабибонты, йæхæдæг дæр йæхицæй æнхъæл куыд нæ уыдис, ахæм ирон фыссæг хуымæтæджы нæ разынд. Уый йын Бæрзонд Хуыцауы цæст бауарзта. Æндæра куыд у æппынæдзух хæларзæрдæ, хъуыдыхуыз, дзырдхъом, дзырдбарон, тæригъæд-гæнаг, фердæхынмæ – рæвдз.

Сергей, кæйдæртау, æппæлой никуы уыд, фæлæ, лæджы сæр кæм бахъæуы, уым йæхи никуы бамбæхсы, æргом зæгъы йæ хъуыды. Уæлдайдæр, рæстдзинады охыл, стæй, искæй хъыджы барвæндæй куыннæ бацæуа, афтæ. Уыцы хъуыддаг, куыд зонæм, афтæмæй алкæй бон нæу. Фæлæ Хуыгайы-фырт йæ дзырдæн, стæй алкæмæн дæр, – хæлар уа, зонгæ æви æнæзонгæ, – кæны æмбæлон аргъ. Уымæн æмæ йæм рæстдзинад кæддæриддæр у нымад, йæхæдæг рæстаг адæймаг кæй у, уый тыххæй. Цыфæнды хъуыддаджы дæр æмсæр æмныхасгæнæг, сæрбахъуыды рæстæджы дыл йæ къух никуы ауадздзæн — хатдзынæ йæ дæ фарсмæ. Уæдæ, Нарты фынгыл иу абонæй иннæ абонмæ фарны бадтæн æгъдау радтын хъæуа æви сгуыхтæн скад кæнын, уæддæр дæ нæ бауадздзæнис фæцудын, ахæм хистæр у. Йæ дзырдаивадæй уайтагъд раргом вæййынц, батæхуды кæныны аккаг ын чи сты, йæ уды уыцы бæллиццаг миниуджытæ. Адæм уымæн акæнынц: «Хорз лæг дзыхъхъæй дæр зыны». Нæ фыссæгæн йæ аивады уæлдай ирддæрæй æрттивы йæ удыхъæд.

Хуыгаты Сергейы йæ цæсгомджын ахаст, йæ нывæфтыд уацмысты ахадгæ нысауинæг кæнынц нуарджын, уыимæ – хуымæтæг æмæ стыр, цардзонæг, хъуыд-дагзонæг, хæларзæрдæ æмæ адæймагуарзон.

Кæй ранымадтам, уыдон фылдæр хауынц нæлгоймаджы раппæлинаг миниуджытæм, уæлдайдæр, æцæг аивады кусæджы зæрдæуагмæ. Æмæ, Сергей лæгаулæг, стæй уыимæ æцæг курдиатджын фыссæг кæй басгуыхт, уый дызæрдыггаг никæмæн у. Уымæн æмæ, чиныгкæсджыты рæгъмæ цы фарстытæ (фарстатæ – нæ!) фæхæссы, уыдон алы хатт дæр ратæдзынц йæ зæрдæйы арфæй. Стæй – æнæуæлдай митæй. Хæрзæвзонгæй йæ фыццаг чиныг “Мæ сыхæгты номæй”-ы ацæргæ лæджы хъæлæсæй ныфсджынæй уый охыл загъта:

 

Ӕз абон мысын ибоны гæнæнтæ,

Ызнон куыдтон æндæрæбоныл æз.

Тæхудиаг, дæллаг галау йæ уæнтыл

Кæмæн ныууадзы кусгæ бон йæ уæз!

 

Тæхуды, адæм хионæй-хæстæгæй

Фæйнæ “цума” куы зæгъиккой мæнæн.

Тæхудиаг, лæггадгæнæг кæстæрæн

Кæй равзарынц йæ цахъæнты æхсæн!..

(“Кæны изæр”)

 

Гъай-гъайдæр, тæхудиаг сты, сæ рæзæн карæй сæ бадт азтæм Хуыцауы сконд  дзыллæйæн лæггадгæнгæйæ чи цæрынц, уыдон. Уыцы тæхудиæгтæй иу у, цы фыссæджы кады хъуыддæгты кой нæм ис, уый, Хуыгаты Сергей. Сергейæн йæ цард дæр, йæ курдиат дæр Хуыцауæй хæлар сты, нæ иузæрдыг ирон адæмы зæрдæмæ йын афтæ æввахс уымæн лæууынц, афтæ адджын нын уымæн у.

Нæ зындгонд поэт, прозаик, литературон критик æмæ тæлмацгæнæг Хуыгаты Сергей райгуырд 1933-æм азы, зæрдæвæрæны мæйы 15-æм бон  Ирыстоны хуссар хайы, Дзауы районы, Цъоны – уæлхох быдыры, Хуыгаты хъæуы. Уыцы хъуыддаг æрмæст йæ фыд Зауырбегæн нæ, фæлæ æгас мыггаг, хъæубæстæн дæр цин кæныны, зарын æмæ кафыны цау уыдис. Уымæн æмæ нæм уæд нырма мыггаджы, хъæубæсты, комбæсты хъуыддæгтæ лæгдыхæй аразгæ уыдысты. Куывдтæ дæр-иу уымæн кодтой.

Фæлæ Зауырбегæн цæй куывд скæ-ныны бон уыдис. Ӕрмæст уый нæ, фæлæ уæд æгас хъæубæстæ дæр  уыцы рæстæджы, цæмæй сæ гуыбынтæ æфсæстаиккой, ууыл дæр не `ххæстысты. 1920-æм азы нын нæ фыдбоны сыхæгтæ – гуырдзыйы геноциды фæстæ бирæтæн рæстмæ балæууæндæттæ дæр нæма уыдис. Ирон зындгонд революционер æмæ фыссæг, йæ Фыдыбæстæ, йæ адæмыл чи тыхст, нæ уыцы сæрхъызой Беджызаты Чермен нæ уымæн фæдзæхста: “Ӕссæдзæм аз махæй Кæмæй фæуа рохы, Уый не `хсæн æлгъыст уæд фæлтау  (“1920-æм аз”). Фæлæ махæй алы фыдтæ дæр айрох вæййынц. Уым, йæ райгуырæн уæзæгыл, æрвыста Сергей йæ сабибонтæ. Йæ хæларзæрдæйæ ницæмæ дардта йе стонг, йæ бæгънæг дæр. Уым бацыдис æмæ ахуыр кодта райдиан скъолайы. Фæлæ 1944-æм азы, Фыдыбæстæйон Стыр хæсты кæрон куы нæма зындис, уæд æппæт Советон Цæдисы адæм æййæфтой уынгæджы бонтæ. Царды хæрзты кой чи кæны, фæлæ адæм маамæлайы къæбæры фаг нæ кодтой, уæлдайдæр, кусæн, хойраг æркæныны зæххытæ кæмæн нæ уыдис, уыдон. Æмæ алыхуызты архайдтой, сæ удтæ куыд рахæссой, адзалæн ком куыд нæ радтой æмæ Уæлахизы боныл цинимæ куыд сæмбæлой, ууыл. Хуыгаты бинонтыл дæр æндæр бон нæ уыдис, фæлæ кæмæн куыдтаиккой? Цардысты, хордтой маамæлайы къæбæр. Фæлæ: “Фидæн адджын кæмæн нæу.” Сергейæн йæ ныййарджытæ хуыздæр цардæнхъæл алыгъдысты Ирыстоны цæгат хаймæ.

Æрбынат кодтой Тарскæйы æмæ æвзонг лæппуйы бахъуыд ног æмбæлттæ æмæ царды уавæртæ агурын. Фæлæ нæ фæтыхст. Зæрдæргъæвд æмæ зæрдæхæлар, дуг йæ зæрдæйы дзæнгæрджытæ кæмæн фæцæгъды, уыцы удæн иузæрдыг æмбæлттæ ссарын, царды фæрæзтæ кæнын æмæ цæрын, æрмæстдæр йæхи къоппайы кой кæй ис, уыцы лыскъудтимæ абаргæйæ, бирæ æнцондæр вæййы. Фыдтæй чи фервæзы, уыцы адæймаг цардмæ æмбаргæ цæстæй кæсы, хорз ракæнынмæ, иннæтимæ абаргæйæ, вæййы рæвдздæр.

Уæддæр, поэт йæ Фыдыбæстæ æнахуыр уарзтæй кæй фæуарзы, æнæ уый йын йæ цард ад кæй нæ фæкæны, уый тыххæй Сергей-фыссæг цæрынæй-хæрынмæ æппынæдзух мысдзæнис йæ райгуырæн къуым, уый рæсугъд æнгæс, уый мæры хъарм æмæ уарзт нæ рох кæндзæн йæ удæй æмæ йын уыдзысты аиваддæттæг:

Арв кæм ауагъта йæ къабæзтæ,

Уым куы фæзилай, уым,

Не ссардзынæ ахæм хъарм бæстæ,

Ахæм диссаджы къуым.

 

Хъентæ бадынц фæйнæрдыгæй

Хæхтæ, къуылдымтæ – цъæх,

Æмæ мин-мин цъæх фæрдыгæй

Судзы райсомы ‘ртæх..

Ӕмæ кæй нæ батавдзысты, нæ хæхбæсты поэт куыд ныв кæны, цахæм ахорæнтæй сæ ныддиссаг кæны, уыцы æрдхæрæны къуымтæ. Сæ фæдыл æнцонæй уымæн фæсайынц чиныгкæсæджы. Фæсайынц нæ алæмæтон къуымтæ фенынмæ, алæмæтон уæлдæф улæфынмæ, цинæй райынмæ. Мах дæр фæфæнды уыцы дзæнæтмæ:

Адæймаг диссаджы нывтæ уынгæйæ æмæ аргъæутты музыкæмæ хъусгæйæ, ферох кæны, поэт зонгæ-зонын хатт æмдзæвгæйы ритм иуварс куыд авæры, аивтæ æвзаг æмæ йын нывтæ куыд свæййынц сæйраг. Æмæ диссаг уый у, мах дæр уайтагъд уыцы “низæй куыд æрбарынчын вæййæм”. Афтæмæй йе `хцон фынты Габетыхуымы ауæдзты цъиуты ахстæттæ дæр агурдзæнис; йæ рæсугъд æрдз дæр дзы никуы рох кæндзæн: «Мæнæ – Хуыцауы цæхæрадон, Мæнæ – Хуыцауы ‘рмадз!»; мысдзæн «Цъойнаг æргом цард! Сæ дуæрттыл Ричъитæ ‘ддæрдыгæй уыд»… Иууыл диссаг дæр та – «Лæнчы дæр æмæ рындзыл дæр Сабийæ азмæлæн нæй».

«Сабиты райдзаст зæрдæйыуаг, сæ уды фидыц арвыронау хъулон-мулонæй худы», – дзырдта Бестауты Гиуæрги. Раст, уыцы «уды фидыц арвыронау хъулон-мулонæй» кæм худы, уым хоры нæмыгау, цы мысинаг ныппарай, уымæн фæмæнггæнæн нæй. Æмæ, цы йæ дзырддаг кæнæм, бирæ сабитæ кæм хъомыл кæнынц, æцæг царды фарн, æцæг царды цин уым ис.

Сабийы кæуын цы къуымæй нæ райхъуысы, саби цы уæзгуытыл нæ разгъор-базгъор кæны, уырдæм фарн хæцаг галы каст кæны. Æмæ Брытъиаты Елбыздыхъойы драмæ «Дыууæ хойы» хъайтар Саламджери йæхицæй æппæлынæн зæгъы: «Æз дæн ирон лæг, ирон æгъдауыл хæцæг», – фæлæ, æцæгæй йæ сæрæн кад цы ирон кæны, уый йæ уæзæгыл фарны фæд фыццаджы-фыццаг хæрзуаг сабиты схъомыл кæнынæй ныууадзы. Нæ кадджын фыдæлтæ-иу æзхуыздæронæй топпы гæрахæй æгас адæмæн уымæн хъусын кодтой лæппуйы райгуырд. Уæлæрвты тæхджытæй дæр “нæ фехъуыстон” мачи загътаид.

Сергей цардæй дæр, йæ зынтæй дæр никуы тарст. Алы хатт дæр æхсарджынæй, фыссæгыл куыд æмбæлы, афтæ сæрбæрзондæй фæцæуы размæ. Ӕмæ иу æнтысты фæстæ иннæ æнцонæй уымæн æфтыд йæ къухты. 1950-æм азы æнтысгæйæ каст фæцис астæуккаг скъола. Уыцы аз йæ ахуыр адарддæр кодта Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты историон-филологон факультеты æмæ йæ каст фæцис 1954-æм азы.

Уæдæй – 1964-æм азмæ, æнæхъæн дæс азы, куыста ахуыргæнæгæй, фыццаг – Дагъыстаны, стæй – Цæгат Ирыстоны скъолаты. Хъомылгæнæджы куыст бæрнон æмæ зын кæй у, уый йæ никуы фæтыхсын кодта.

Йæ зонындзинæдтæ фылдæр кæнын, йæ поэтикон авналæнтыл фæйнæрдæм хæцын, цæмæй бадт донау иу бынаты ма лæууа, уый тыххæй Институты фæстæ бацыд Мæскуыйы Горькийы номыл Литературон институты фæсаууон хайадмæ. Кусгæ дæр кодта æмæ ахуыр дæр. Нæ йæ бафæндыд йæ хæдзары бинонтæн йæхи даринаг фæкодтаид.

Сергей 1966 – 1971-æм азты куыста Цæгат Ирыстоны телеуынынады студийы редакторæй, стæй бацыд Цæгат Ирыстоны чингуыты рауагъдад «Ир»-мæ редакторæй æмæ дзы фæкуыста 1979-æм азмæ. Уый фæстæ аивта журнал «Мах дуджы» критикæ æмæ публицистикæйы хайадмæ редакторæй. Фæлæ дзы бирæ нæ афæстиат – 1981-æм азы фæстæмæ раздæхт рауагъдадмæ. Йæхæдæг хъазгæйæ куыд фæдзуры: нæ йæ фæндыд йæ хæлæртты ницæйаг уацмысты охыл хъыг кæнын.

Уæдæй  2018-æм азмæ фæкуыста уым хистæр редакторæй. Фæлæ дзы æфсонæн дæр никуы схауд, бафæлладтæн, зæгъгæ, ахæм дзырд. Кæм хъуыдис, уым райдайгæ авторты фарс дæр лæууыдис, хистæрты уацмыстæ дæр-иу хуым кодта æмæ дзы йæ рæстдзинады ныхмæ никуы ничи сдзырда – æнæмызд кусæг ссардтой.  Уый уыд йæ профессионализмыл дзурæг. Автортимæ ардта иу æвзаг. Уый та у редакторы сæйраг хæс. Стæй редакторы лæджыхъæдыл дзурæг дæр.  Уыимæ у дзæвгар поэтикон, прозаикон уацмыстæ “Ракæс, Хур”, “Хурвæндаг”,  Мæ хурбонтæ, аив романтæ “Ацы хъарм хуры бын” æмæ “Нарты Фарнæг”-ы автор

Тыбылты Алыксандры хъуыдымæ гæсгæ: “Алы заманæн хицæн æгъдау æмæ æфсарм вæййы”, – фæлæ алы уды йæхи цард хъæуы. Уымæйдæр, зæрдæзæгъгæ цард. Нæ фыссæг Хуыгаты Сергей уыцы хъуыддагмæ кæй бæллы æппынæдзух, уымæн æвдисæн – йæ чингуытæ, æмæ сæ чи бакæса, уый баууæнддзæн нæ хъуыдыйыл.

  ХЪАЗИТЫ Мелитон

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.