Гуфта-Къуайсайы фæндаджы арæзтад хауы 2017 азæй 2018 азмæ цы арæзтæдтæ хизынц, уыдоны номхыгъдмæ. Уый арæзт цæуы 2 этапæй. Фыццаг этап – Гуфтайæ Хъемултамæ фæндаг арæзт фæцис. Ныр та куыстытæ сæ тæмæны сты Къуайсайæ Хъемултамæ фæндагарæзтады.

Фæндаг Къуайсайы горæтæй цæмæн райдыдтой аразын уымæ мах бацымыдис кодтам æмæ бафарстам «Дорэкспострой»-ы генералон директор Лалыты Мураты. Уый нын куыд загъта, афтæй «Гуфта-Къуайсайы фæндаг дарддæр реконструкци цæуы, ома, бавнæлдтам фæндаджы арæзтады дыккаг этапмæ, кæцыйы дæргъ у 10 километры. «Фæндаджы арæзтад Къуайсайæ кæй райдыдта, уый у республикæйы Хицауады инициативæ. Уымæн æмæ уым кæрæдзимæ æввахс бирæ хъæутæ ис æмæ сæ цæрджытæ зындзинæдтæ æййафынц фæндаджы æдзæллаг уавæры аххосæй. Уый тыххæй райст æрцыд ахæм уынаффæ», – зæгъы «Дорэкспострой»-ы генералон директор.

Лалыты Мурат куыд зæгъы, афтæмæй, ацы аз фæндаг арæзт æрцæудзæнис, Кæсаджджыны хъæуы онг. Фæндаджы арæзтад хауы 4-æм категоримæ. Уый та нысан кæны, йæ фæтæн кæй уыдзæн 10 метры бæрц. Къæдзæхтæй дон кæдæм лæдæрса, уыцы рæтты сæвæрдзысты доны хæтæлтæ. Фæндаджы иувæрсты арæзт æрцæудзысты донцæуæн къанаутæ. Проблемон бынæтты арæзт æрцæудзысты лæсæнуромæн бетонон къултæ. Хъæуты æмæ хъæутæм хæстæг фæндаджы иувæрсты арæзт æрцæудзысты тротуартæ дæр.

Лалыты Мурат ма куыд зæгъы, афтæмæй ныртæккæ фæндаджы арæзтадыл кусы техникæйы 18 иуæджы. Кусæгдых нырма уадиссаг кæй нæ хъæуы, уымæ гæсгæ сæм цы кусджытæ ис, уыдон фаг сты. Куы бахъæуа, уæд кусджытæ исдзысты бынæттон цæрджытæй. Уыдон дих цæудзысты бригадæтыл æмæ сæ алчидæр æххæст кæндзæнис, йæ разы цы хæстæ уа, уыдон. «Къуайсайæн  йæхи мидæг ис, мах чи бахъæуа ахæм дæсны кусджытæ. Уыдон æнæмæнг райсдзыстæм куыстмæ. Практикæ куыд уынын кæны, афтæмæй æрхонгæ кусджытæ æвзæрдæр фæкусынц, бынæттон цæрджытæй. Сæ дарын дæр нæ куыстуатæн бæрæг зынаргъдæр лæууы. Фыццаджыдæр уыдон сифтонг кæнын фæхъæуы цæрæнуатæй, стæй сæ бынатмæ æмæ фæстæмæ фæхъæуы ласын. Бынæттон кусджытимæ уыйбæрц проблемæтæ нæ вæййы. Сæ куыст та бæрæг гъæдджын-дæр вæййы», – зæгъы Лалыты Мурат.

Гуфта-Къуайсайы фæндаджы 2-аг этап «Дорэкспострой»-ы ныхæстæм гæсгæ фæуыдзæн азы кæрон.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ Фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитеты дæлбар организаци «Дорэкспострой»-мæ лæвæрд фæндæгтæ æмæ уынгтæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцæуынц графикмæ гæсгæ æмæ гъæдджынæй. Къуайсайæгты ныфс ис, тагъд уыдоны республикæйы центримæ кæй сбæтдзæн нырыккон автомобилон фæндаг.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.