21-æм апрелы нæ горæты Сывæллæтты республикон библиотекæйы уагъд æрцыд цымыдисон мадзал Мад-Зæххы дунеон боны цытæн. Мадзалы архайджытæ уыдысты гимназ «Альбион»-ы ахуырдзаутæ. Бацæттæ сæ кодта ахуыргæнæг Цоциты Лейлæ.

Мадзалмæ фæуазæг сты РХИ-йы Культурæйы министры хæдивæг Дзеранты Джульеттæ, министрады сæйраг специалист Цхуырбаты Джульеттæ, республикон æхсæнадон организаци «Зеленая Алания»-йы сæрдар Габайты Зæлинæ æмæ æн-дæртæ.

Мадзалы райдианы Сывæллæтты республикон библиотекæйы директор Джиоты Аллæ бузныджы ныхæстæ загъта æрæмбырдуæвджытæн, кæй сæм æрбацыдысты, уый тыххæй. «Абон мах æрæмбырд стæм, цæмæй банысан кæнæм Мад-Зæххы дунеон бон. Зæхх у нæ дарæг æмæ йæ хъæуы бахъахъхъæнын, цæмæй йыл цæрой фидæны фæлтæртæ дæр. Абон экологи ис мæгуырау уавæры. Æгъатырæй цагъд цæуы хъæд, кæцыйы фæстиуæгæн уым нал вæййы цæрæгойтæ дæр. Зæхх броны бын фæцис æмæ нæ алчи дæр хъуамæ тырна, цæмæй йæ хайбавæрд хæсса экологийы сыгъдæгдзинадмæ», – загъта уый.

Уый фæстæ мадзаламонæг, библиотекæйы методист Мæргъиты Маринæ загъта: «Зынаргъ сывæллæттæ! Нæ планетæйæн тас у фыдбылыз æрцæуынæй. Ацы мæлæтхæссæг фыдбылызы аххосджын у адæймаг йæхæдæг, ома, мах иууылдæр. Зæххы дунеон бон у сыгъдæг дон, уæлдæф æмæ Зæххы бæрæгбон. Ацы бон зæрдыл æрлæууын кæнынц тæссаг экологон катастрофæты тыххæй. Адæймаг зæххыл куы фæзынд, уæдæй фæстæмæ тырныдта, цæмæй йæ дæлбар бакæна æрдзы. Цы нæ æрхъуыды кодта, цæмæй йæ цард фæрогдæр кодтаид. Æрæмысыд алыгъуызон мæлæтхæссæг мæргтæ, цæмæй амара зианхæссæг уырынгонты, хъацæнтæ, цæмæй хъæздыг тыллæг æрзайын кæна æмæ афтæмæй фæхъæстæ кодта зæххы. Æмæ зæххæн дарддæр йæ бон нал у æмæ хъæрзы. Домы, цæмæй йын баххуыс кæнæм. Мах куыдфæндыйы цæстæй ма хъуамæ хъусæм зæххы хъæрзынмæ. Æрдз бахъахъхъæнын у нырыккондзинады уæлдай актуалондæр проблемæтæй сæ иу. Кæд нæ фæнды нæ планетæйæн, нæ рынчын æрдзæн баххуыс кæнын, уæд хъуамæ зонæм рæстдзинад йæ низты тыххæй, куыдфæнды тæссаг ма уа, уæддæр», – загъта уый.

Ахуыргæнинæгтæ кастысты æмдзæвгæтæ æрдз бахъахъхъæныны тыххæй, дзырдтой, зæгъгæ, хуыцаубоны цыдыстæм цæугæдонмæ, фæлæ дзы сыгъдæг бынат ссарæн  нал уыд. Равдыстой инсценировкæ, хъæды цæрæгойтæ куыд тыхсынц алыгъуызон бронæй, уый тыххæй.

Сывæллæттæ: «Мах ацыдыстæм кæсагахсынмæ, фæлæ кæсаджы бæсты чи тебæ, чи зæронд дзабыртæ, чи машинæйы цалх, чи авг, чи та æндæр брон æрцахста. Æмæ мæстæйдзагæй раздæхтыстæм æнæ кæсагæй».

Хъæд у ахсджиагдæр экологон ресурс, уымæн егъау  нысаниуæг ис климат бахъахъхъæныны хъуыддаджы. Хъæд – «планетæйы цъæх рæуджытæ». Хъæд у сæртæг уæлдæф, уый у мæргъты æмæ хъæды æндæр цæрæгойты хæдзар, рæсугъддзинад. Фæлæ йæ адæм марынц. Тæвд бæстæты сæфынц диссаджы хъæдтæ – джунглитæ. Адæм куынæг кæнынц хъæд хъæдæрмæджы тыххæй. Æрвылбон дæр хырхы бын амæлы 5 милуан бæласы. Хъæдтæ мæлынц æрмæст хырхæй нæ, фæлæ зынгсирвæзтытæй дæр, кæцытæ арæхдæр æрцæуынц адæймаджы аххосæй. Афтæмæй хъæстæ кæны атмосферæ, цы уæлдæф улæфæм, уый.

«Æрдз нæ бары адæймаджы рæдыдтытæ. Сусæггаг нæу уый дæр, æмæ дуне кæй лæууы экологон катастрофæйы къæсæрыл. Иунæг ирвæзынгæнæн фæрæз у, цæмæй алчи дæр фехъуса æрдзы хъæлæс, æххæст ын кæна йæ закъæттæ. Удæгас æрдз ныри-дæгæн у æрдæгмард, адæймаг æй æрлæууын кодта йæ зонгуытыл. Абон махæй алкæйы хæс дæр у алфæмблай дуне бахъахъхъæнын. Сывæллæттæ, иу ран бадын нæ хъæуы, алчи дæр хъуамæ йæ хайбавæрд бахæсса æрдз бахъахъхъæныны хъуыддагмæ. Стыр проекттæ райдайынц чысыл къахдзæфтæй: «Бæлас ныссадзынæй, алчи дæр йæхи районы брæттæ æрæмбырд кæнынæй, брон æмбæлон бынæттæм калынæй æмæ афтæ дарддæр», – дзырдта мадзаламонæг.

Габайты Зæлинæ сывæллæттæн ауагъта викторинæ, алыгъуызон фарстатæ сæм дæтгæйæ. Зæгъæм, Хуссар Ирыстоны цал цæугæдоны ис? Кæцы сæ у иууыл сыгъдæгдæр æмæ а.д. Уый фæстæ сæ райста Экологты рæнхъытæм æмæ сын балæвар кодта экологы риуылдарæн нысæнттæ.

Мадзалы раныхас кодта Дзеранты Джульеттæ. Уый раарфæ кодта æрæмбырдуæвджытæн ацы нысаниуæгджын боны сæраппонд. Сывæллæттæн загъта, зæгъгæ, уе ‘мдзæвгæты цы кастыстут, уыдон куы æххæст кæнат, уæд бахъахъхъæндзыстæм Зæххы æмæ нæ зæрдæтæ райдзысты рæсугъд æрдз уынгæйæ. Раздæр, дам-иу, 22-æм апрелы æппæт куыстуæттæ дæр рацыдысты æфснайæн зиутæм, кæцыйæн уыд хорз фæстиуджытæ.

Цхуырбаты Джульеттæ дæр бузныг загъта библиотекæйы коллективæн, ахæм пайдайы мадзæлттæ арæх кæй ауадзынц æмæ афтæмæй рæзгæ фæлтæримæ хъомыладон куыст кæй кæнынц, уый тыххæй.

Кæронбæттæны библиотекæйы директор Джиоты Аллæ ахуыргæнинæгтæн бакодта зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Мадзалы гимназы ахуырдзау Зассеты Максим азарыд зарæг «Земля моя».

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ахæм мадзæлтты фæрцы сывæллæттæ кæй ахуыр кæнынц æрдзыл аудын, алфæмблай дунейы сыгъдæгдзинад хъахъхъæныныл.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.