Иу азы размæ, 2020 азы 4-æм февралы Цæгат Ирыстоны уыд республикæйы егъаудæр электростанцы æмæ гуырахстмæ гæсгæ Цæгат Кавказы æртыккагыл нымад чи у, уыцы Зæрæмæджы ГЭС-1 эксплуатацимæ радтыны цытджын церемони. Зæрæмæджы ГЭС-1 РусГидро арæзт æрцыд Æрыдоны цæугæдоныл. Станцы гуырахст у 346 Мвт, электроэнергийы азы бакуыст – сахаты мидæг 842 милуан кВт. ГЭС-ы бæстыхайы æвæрд æрцыдысты дыууæ агрегаты 173 МВт гуырахстимæ. Зæрæмæджы ГЭС-1 йæ гуырахстмæ гæсгæ ахсы æртыккаг бынат Цæгат Кавказы гидроэлектростанцты ‘хсæн. Йæ разæй сты Дагъыстаны дыууæ ГЭС-ы. Гуырахст тагъдыл ивыны фадат ын уæвгæйæ, Зæрæмæджы ГЭС-1 ифтонг кæны энергосистемæйы электроэнергийы фæлхасы  иууыл хъæуæгдæр рæстæджы. Хæхты арæзт æрцыд, йæ дæргъ 14262 метры кæмæн у, ахæм деривацион тъунел, Уæрæсейы иууыл даргъдæр гидротехникон тъунел æмæ иумиагæй сисгæйæ, бæстæйы иууыл даргъдæр тъунелтæй сæ иу. Тъунелы фæрцы арæзт цæуы доны рекордон бæрзонд æфсæрст – 609 м., кæцы архайдмæ æркæны нæ бæстæйы иууыл егъаудæр турбинæты. ГЭС-ы арæзтад цыд уæлвæткон вазыгджын уавæрты. Дон турбинæтæм адæттыны размæ цы бассейны æмбырд кæны, уый ис хæхты 1600 м. бæрзæндæн, гидроэлектростанцæн йæхи бæстыхай арæзт æрцыд хæххон комы. ГЭС-ы ифтонгадтæ бафæраздзысты 9 баллы тыхы зæххæнкъуыстæн, уыимæ æмбæлон сты алфæмблай дунейæн æмæ æрдзыл та æндавынц минималонæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.