Зынгсирвæзт – базарадон центры

Кемеровойы базарадон-хиирхæфсæн центр «Зимняя вишня»-йы æрцыд зынгсирвæзт. Фæмард сты 64 адæймаджы. Оперативон штабы куыд хъусын кæнынц, уымæ гæсгæ базарадон центры зынгсирвæзты рæстæджы æбæрæгæй фесæфтысты 11 адæймаджы, хъыгдард баййæфтой 50 адæймагæй фылдæр, уыдонæй 15 сты рынчындæтты. Развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, зынгсирвæзт гæнæн ис, райдыдтаид батутон хатæнæй. Сывæллæттæй сæ иумæ уыд зынгхос (зажигалка). Базарадон центры æртыккаг уæладзыджы уыд 200 цæрæгойы, уыдоны дæр сæ бон нал ссис аирвæзын кæнын. Кемеровомæ æрцыдысты УФ-йы Уæлвæткон уавæрты æмæ Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрадты сæргълæуджытæ Владимир Пучков æмæ Вероника Скворцова.

Скусдзæн 2018 азы кæрон

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ «РусГидро»-йы Генералон директор Николай Шульгинов бабæрæг кодтой Зæрæмæджы ГЭС-1 арæзтадон фæзуат. Егъаудæр инвестицион проект реализаци цæуы Цæгат Ирысатоны территорийыл Æрыдоны цæугæдоныл бæрзонд хæххон уавæрты. 2017 азы ГЭС-ы арæзтады инвестицийы гуырахст уыд 6,4 миллиард сомы,  2018 азы фæфылдæр уыдзæн 13, 6 миллиард сомы онг. Зæрæмджы ГЭС-1 фæнд кæнынц 2018 азы кæрон – 2019 азы райдианы скусын кæнын. «РусГидро»-йы къухдариуæггæнæг куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ 342 МВт хъомысадимæ арæзтцæуæг гидроэлектростанцæн ис уникалон характеристикæтæ. Ам ис Уæрæсейы иууыл даргъдæр 14 254 м дæрддзæгæн гидротехникон тъунел æмæ Уæрæсейы ГЭС-ты ‘хсæн иууыл бæрзонддæр доны æфсæрст (напор) – 600 метрæй фылдæр.  ГЭС-ы монтажгонд æрцыдысты Уæрæсейы иууыл егъаудæр гидротурбинæтæ. Ног станцы скуыст фадат ратдзæн Цæгат Ирыстоны электроэнергийы дефицит 80 процентæй 30 проценты онг фæкъадæр кæнын. «Ам спайдагонд технологитæн аналогтæ нæй Уæрæсейы гидроэнергетикæйы», – банысан кодта Николай Шульгинов. Зæрæмæджы ГЭС-ы арæзтад æххæст цæуы фæтагъддæргонд темптæй.

Баурæдтой Пучдемоны

Германы полици бауæрдта Каталонийы раздæры сæргълæууæг Карлес Пучдемоны. Уый фæстиуæгæн Барселонайы уынгтæм рахызтысты мингай протестгæнджытæ. Митинггæнджытæй бирæтæ фæлвæрдтой испайнаг хицауады минæварадмæ бабырсынмæ, фæлæ сæ баурæдта полици. Испаны разамынд Пучдемоны аххосджын кæны Каталонийы æнæзакъонæй референдум ауадзыны æмæ растад сорганизаци кæныны.

«Зæххы сахат»

Дунейы дыууæсæдæ бæстæйы дыууæ миллиард цæрæджы хайад райстой планетæйы иууыл егъаудæр экологон æрвылазон акци «Зæххы сахат»-ы. Уæрæсейы ацы акци ныр уагъд æрцыд дæсæм хатт. Цæмæй æрдз бахъахъхъæныны проблемæтæм хъусдард здæхт æрцæуа, уый тыххæй Уæрæсейы 160 горæты – Владивосткæй Севастполмæ 20.30- 21.30. сахатмæ электроэнерги ахицæн кодтой иу сахатмæ. Традицион æгъдауæй Мæскуыйы æнæ рухсæй баззадысты Кремль, Сырх Фæзуат, Хицауады хæдзар, Стыр театр, Мæскуы-ситийы мæсгуытæ – æдæппæтæй 2 мин бæстыхайы.

Тыхджын срæмыгъд

Египеты горæт Александрияйы центры айхъуыст тыхджын срæмыгъд, кæцыйы фæстиуæгæн иу адæймаг фæмард æмæ æртæ адæймаджы та фесты цæфтæ. Теракт здæхт уыд бæстæйы æдасдзинады службæты къухдариуæггæнджытæй сæ иуы кортежы ныхмæ. Информацион фæрæзтæ куыд хъусын кæнынц, уымæ гæсгæ террористтæ куынæг æрцыдысты.

Ног къухдариуæггæнæг

Зынгæ режиссер, театралон аивады студийы къухдариуæггæнæг Сергей Женовач ссис А.Чеховы номыл МХТ-ы аивадон къухдариуæггæнæг. Уый тыххæй фехъусын кодтой УФ-йы культурæйы министр Владимир Мединискиимæ цы рабадт ауагъдæуыд, уым. Бардзырдмæ гæсгæ Женовач йæ хæстæм æрæвналдзæн иу мæйы фæстæ. Ацы бынаты бирæ азты дæргъы куыста, æрæджы йæ цардæй чи ахицæн, уый – Советон Цæдисы адæмон артист Олег Табаков

Рацыдысты сабыр цæрджытæ æмæ боевиктæ

Скæсæйнаг Гутайы Арбилайæ рацыдысты иу мин боевикы æмæ сæ бинонты уæнгтæ. Уыдон автобусыл аластой Идлибмæ. Экстермисттимæ баныхæстæ дарддæр кæнынц æнтыстджынæй. Уый руаджы æххæстæй ссæрибар æрцы-дысты анклавы дыууæ егъудæр горæты – Эйн-Терма æмæ Хараста. Афтæ ма террористтæ армийы контролмæ радтой къорд хъæуы. Иу суткæмæ Скæсæйнаг Гутайæ рацыдысты 700 лигъдоны. Гуманитарон паузæйы архайды райдианæй фæстæмæ Скæсæйнаг Гутайæ рацыдысты 110 мин адæймаджы. Уыимæ террористтæ фехстой Дамаск, кæцыйы фæстиуæгæн фæмард иу адæймаг, фæцæфтæ сты фондз адæймаджы.

Хæрзбон, Мартен

Выксы сæхгæдтой Уæрæсейы фæстаг «хъайтарон пец». Згъæримæ куысты технологи, кæцыйы инженер Пьер Мартен сарæзта 19-æм æнусы, раджы ссис æнæэкономон, æнæэкологон æмæ, æгæрыстæмæй, æнæтехнологон. Фæлæ уæддæр мартенаг пецимæ практиконæй баст у Советон Уæрæсейы индустриализацийы æппæт истори. Уымæ гæсгæ Выксуны металлургон заводы, цыран куыста уæрæсейаг егъаудæр пец, аскъуыддзаг кодтой, цæмæй мартенаг пецæн хæрзбон зæгъын суа бæрæгбон, кæд цæссыгимæ бæрæгбон у, уæддæр.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.