Рагзамантӕй фӕстӕмӕ ирæттæм, ӕндӕр адæмтимæ абаргæйæ,  сылгоймаг бинонты ‘хсæн дæр æмæ æхсæнады дæр уӕлдай кадджын уыди. Ууыл дзурæг сты, æнусты сæрты нӕм сæ кой кæмæн æрхæццæ, уыцы номдзыд сылгоймæгты нæмттæ: Амагæ æмæ Алайнаг Иринæ, Сатеник, Бурдухан, Рохсанӕ, Задалесчы Нана æмæ æндæртæ. Раджы дæр æмæ ныр дæр сылгоймаджы æууæлтæ ирон адæм барстой зæдтæ æмæ дауджыты æууæлтимæ, хуымæтæджы нæ фæзæгъынц: «Æцæг сылгоймаг хæдзары зæд у».

Сылгоймаг йæ уæларвон хъомысæй нӕлгоймагæн боны рухс кæй дæтты, йæ зæрдæйы хъармӕй, йæ уæздандзинадæй йæ царды раст фæндагыл кæй æфтауы, уый тыххæй йын ирон адæм зæды аргъ кодтой, сæ зонд, сæ хъару цас æххæссыди, уый бæрц æй хызтой зындзинæдтæй.

Ирон сылгоймаг йæ хӕрзӕгъдаудзинад æмæ йæ фарн рахæссы, цы хæдзары æмæ æхсæнады схъомыл вæййы, уырдыгæй. Раджы дæр æмæ ныр дæр сылгоймаг (чызг) схъомыл кæнын бирæ зындæр уыди нæлгоймаг (лæппу) схъомыл кæнынæй. Уымӕн ӕмӕ, цалынмæ æрыгон вæййы, уæдмæ йæ зондахаст æмæ йæ удыхъæды бацæуой уæздандзинады миниуджытæ: хӕрзӕгъдаудзинад, зæрдæхæлардзинад, хиуылхæцындзинад æмæ ӕфсарм. Æнæ уыдонæй сылгоймаг у æгад, æдзыт æмæ æнамонд. Сылгоймаг йæхи зонынхъом куы фæвæййы, уæдæй йæ амæлæты бонмæ йæ алы ныхас, йæ алы фезмæлд дӕр хъуамæ барст цæуой æфсарм æмæ уæздандзинады барæнтæй. Ирон сылгоймаджы кад æмæ æхсæнадон ахадындзинад кӕнгæ митæ æмæ æрдзон рæсугъддзинадæй не сты, фæлæ йын, фыдæлты æрхъуыдыгонд национ хъомылады институттæ æмæ йæ ныййарджытæ цы рæсугъд удыхъæд балæвар кæнынц, йæ миддуне йын цы æууæлтæ, миниуджытæй срӕсугъд кæнынц, уыдоны фӕрцы йӕ барстой уæларвон зæдтæ æмæ дауджытимæ. Уыцы миниуджыты фӕрцы систы бирæ алайнаг (ирон) сылгоймæгтæ дунейыл хъуыстгонд паддзæхты устытæ.

Ирон сылыстӕгӕн суанг дыууадӕсаздзыдӕй фӕстӕмӕ аргъ кодтой сыгъдæг намысы уагыл. Алы кары дӕр сылгоймагæн сæрмагонд хидарыны домæнтæ æмæ миниуджытæ, бартæ æмæ хæстæ уыди: «Чызг хъуамӕ йæхи дарын зона», «Чызг хъуамӕ лæппуйы митæ ма кæна» ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Бандоныл куыд ӕрбада, куыд сыста, уыдӕттӕм дӕр сӕдӕ цӕстӕй кастысты хӕдзары хистӕртӕ. Хистæр ын «цу-ма» загъта, зӕгъгӕ, уæд бӕстыл арт куы сирвӕза, уӕддӕр ын ӕнӕ сӕххӕстгӕнгӕ нӕ уыди. Хистæрты рæзты куыдфæндыйæ дӕр ма  хъуамӕ ахызтаид, сӕхӕдӕг ын уый бар куынӕ радтаиккой, уӕд.

Чындздзон чызджы хидарыны уагæн ирон æхсæнады уыди бæрæг арæнтæ æмæ барæнтæ. Чызг иугæр хъазтмæ цæуын райдыдта, уæд зыдта йæ бынат, уыимæ йæ бартæ æмæ йæ хæстæ. Чындздзон чызджы уӕздандзинад исты кусгӕйӕ кӕнӕ лæггад кӕнгӕйӕ дӕр сӕйраг куыннæ уыди бинонтæн, хъæубæстæн, фæлæ йе ‘гъдауыл, сӕйраджы-дӕр, дзурӕг уыдысты уарзондзинады сусæг æнкъарæнтæ. Уыдонæн равдисыны фадат лæвæрдта ӕрмӕстдӕр ирон хъазты фæтк, фӕлӕ аивӕй, сусӕг цӕстызулты ӕвзагӕй.

Ирон адӕм чындзæн цас аргъ кодтой, уый тыххæй Ирыстонмӕ ӕндӕр рӕттӕй ӕрцӕуӕг бӕлццӕттӕ ӕмӕ ахуыргӕндтӕ фауинаг-æппæрццаг миниуджытӕ фылдӕр рахастой рӕгъмӕ, раппæлинаг миниуджытӕй. Цыма ӕгӕр сæрбæрзондæй  кастысты хæххон нӕлгоймӕгтӕ сылгоймæгтæм. Æниу афтӕ фыста Хетæгкаты Къоста дӕр йæ очерк «Особа»-йы: «Никто не слышит ее голоса, никто не видит ее сидящей. Встает она раньше всех, везде подметет, уберет, всем прислуживает, ест наскоро и позже всех, ложится спать позже всех… На ее плечах все заботы о семье у домашнего очага, она должна всех об-шить, напоить и накормить».

Бирӕ легендӕтӕ баззад ирон адӕм-мӕ чындзы фарн ӕмӕ уайсадыны ӕгъдауы фӕдыл. Иу ахӕмы, дам, дыууын фондз барӕджы ӕрфистӕг сты иу сидзæргæс усы кӕрты. Ус сӕ ‘рбадын кодта фынджы уæлхъус, ӕрхаста сын нозт, цыхты кӕрстытӕ ӕмӕ сӕм бахатыд: «Чысыл мын фæгӕдзӕ кӕнут, ныртӕккӕ уын дзул афыцдзынӕн… Хӕдзары устыты ‘рдыгæй фарс, къулмӕ ӕнгом ӕвӕрд уыдысты ӕртӕ къутуйы. Ус сӕм бацыд ӕмӕ дзы иуы сӕр систа. Уазджытӕ уынынц, къуту йедзаг у ссадӕй, фӕлӕ уӕддӕр ус афтӕ бакодта: «Уый сын не сфаг уыдзӕн»… Уазджытӕм уый диссаг фӕкаст, ӕмӕ сӕ хистӕр усы цурмӕ бацыд. Ус дыккаг къутуйы сӕр систа. Къуту ӕрдӕгмӕ уыд ссадӕй, фӕлӕ ус уӕддӕр афтӕ бакодта: «Уый дӕр сын не сфаг уыдзӕн»… Æртыккаг къутумӕ ныккасти ус, ӕмӕ ма дзы уыди иу армыдзаг ссад, фӕлӕ бацин кодта: «Уый сын фагӕй фылдӕр у!».

Барджыты хистӕр бадис кодта, фӕлӕ ницы сдзырдта. Ус уыцы ссады тӕппӕй иу дзул ракодта, уӕлкъӕй йӕ афыхта ӕмӕ уазджытӕм бадзырдта: «Адих ӕй кӕнут, уӕ нывонд фӕуон, фӕйнӕ къӕбӕры уӕм дзы ӕрхаудзӕн, ӕмӕ уе стонг айсӕфдзӕн…».

Уазджытӕ бавнӕлдтой хӕрынмӕ. Кӕд стонг уыдысты, уӕддӕр сӕ йӕ хай кӕронмӕ бахӕрын никӕй бон баци – ахӕм бӕркадджын разынд уыцы дзул. Æрӕджиау уазджыты хистӕр бафарста фысымы:

«Бахатыр кӕн, мӕ мады хай, фӕлӕ нын бамбарын кӕн: дзаг къутуйы ссадӕй загътай: «Уый сын не сфаг уыдзӕн», ӕрдӕг къутуйӕ – «Уый дӕр сын не сфаг уыдзӕн», ӕртыккаджы ма иу ссады тӕпп уыд ӕмӕ уымӕй та загътай: «Уый сын фагӕй фылдӕр у»… Æмӕ раст разындтӕ – фагӕй нын фылдӕр разынд…».

Ус ахъуыды кодта ӕмӕ афтӕ зӕгъы:

«Диссагӕй дзы ницы ис, мӕ хъӕбултӕ. Дзаг къутуйы ссад уӕды хойраг у, чындзӕн йӕ ныхас артдзӕстӕй кӕртмӕ хъуысын куы райдыдта. Уый ӕбӕркад у… Дыккаг къутуйы ссад та уӕды хойраг у, чындзӕн йӕ ныхас артдзӕстӕй фӕрссагмӕ хъуысын куы райдыдта… Уый дӕр бӕркадджын нӕу… Æртыккаг къутуйы ссад та уӕды хойраг у, чындзы хъӕлӕс артдзӕстӕй рахысмӕ дӕр куы нӕма хъуыст… Уый бӕркад хӕссы, уый ныр уӕхӕдӕг уӕхиуыл бавзӕрстат… Афтӕ у, мӕ хуртӕ, адӕймаджы фарнӕй у хойраджы бӕркад дӕр»…

Ног чындз нымад цыди лæггады кæстæрыл, фæлæ æфсæрмаджы уагыл, намысы фæткыл. Бакусынæн ын куыд уыди афон æмæ бынат, баулæфынæн æмæ бахæрынæн дæр – афтæ. Йæ уайсæсты уагмæ дæр бинонты хистæртæ сæ хъус дардтой, æмæ кæм рæдыдаид, уым ын сабырæй амыдтой æнæ бустæ, ӕнӕ тызмæг ныхасæй. Чындзы æфсармы уаг ӕмӕ уайсæсты фæткæн æвдисæн уыдысты бинонтæ, сыхбæстæ, хъæубæстæ. Уыдон чындзы æфсармы раз сæхи цас раст дардтой, уыйбæрц ахадыдта æхсæнадон хъомыс фæлтæрты бастдзинады фарныл. Уый тыххӕй нӕм баззад ахӕм ӕмбисӕндтӕ дӕр: «Иуы уайсæстæй уайсæст нæй», «Хицау куыд уайсада, чындз дæр –  афтӕ», «Тиуы уайсæстæн – чындзы лæггад æв-дисæн», «Хорз æфсин йæ чындзы фыдгой уынджы нæ кæны», «Хорз æфсин æвзæр чындзы дæр схорз кæны», ӕмӕ афтӕ дарддӕр.

Бирӕ бинонтæн хъуыди фылдæр лæггад, æмæ сын æфсиниуæг кодтой алы кары сылгоймæгтæ дӕр, кæрæдзи ивгæйæ. Кары уагыл уыди хистæр æмæ кæстæр æфсинтæ, æгъдауы уагыл – сывæллæтты мад, чындз, ходыгъд, хистæр файнуст. Æппæты хистæрыл нымадтой æртæ, цыппар фæлтæры мады – Стыр мады. Стыр мадæй кусын, лӕггад кӕнын нал домдӕуыди, фӕлӕ уæддæр æфсиниуæг уый кодта, æмæ кæстæртæ йæ амындмæ хъуыстой, уый æвастæй нæдæр хойраджы, нæдæр урсаджы кӕнӕ сойаджы ӕвӕрӕнтæм æвнæлдтой. Æппæт кары æфсинты хидарыны уагæн дӕр хуыздæр миниу-джытæ уыдысты: нымд æмæ æфсарм, намыс æмæ кæрдзындæттон, рæстæй цæрын æмæ рæстыл дзурын… Цыфӕнды уавæрты дӕр æфсинтæ фыдæбон хъуаг нæ уыдысты. Æххормæгтæ æййæфтой, æмпъызт дарæс дардтой, фæлæ хæцыдысты бинонты рохтыл кад æмæ радæй. Æгъдауæй хистæрты, æфсинты сæ кæстæртæ фарстой зондæй, куыдхуыздæр, куыдрастдæр бакæной, уымӕй.

Ирон ӕхсӕнады хистӕр кары сылгоймӕгтӕ чызг-сывæллæттæм дзырдтой иу уагыл, хъомыл чызджытæм – ӕндӕр уагыл. Сывӕллӕттӕм: «Дæ ныййарджыты фæндиаг байрæз!», «Стыр чызг ау!». Хъомыл чызджытӕм: «Хæрзныхы-дзуар фæхæсс!», «Амондджын у!».

Ныр афтӕ нал у, уыцы дуг историйы арфы аныгъуылд, царды размӕцыдимӕ фӕивтой сылыстӕджы ӕууӕлтӕ дӕр, фӕлӕ уӕддӕр ӕмӕ уӕддӕр, ӕндӕр адӕмтимӕ абаргӕйӕ, уаг ӕмӕ ӕгъдауӕй ирон сылыстӕджы ничи ма ӕййафы…

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.