Гуманон, арфæйаг, æнæмæнгхъæуæг…Ацы ныхæстæ зæгъæн ис дохтыры профессийы тыххæй. Фæзæгъынц, зæгъгæ, дохтыр професси нæу, фæлæ – царды æгъдау. Дохтырæн адæймаджы ирвæзын кæнын у йæ æрвылбонон уæззау куыст. А.П. Чехов куыд дзырдта, уымæ гæсгæ дохтыры професси у сгуыхтдзинад. Дохтыры професси домы уды æмæ хъуыдыты сыгъдæгдзинад, зонды ирддзинад. Дохтыр  монон æгъдауæй хъуамæ уа сыгъдæг. 

Мæ абоны уацы хъайтар 1980 азы Гиппократы ардбахæрд куы бакаст, уæдæй абонмæ, ныр 41 азы дæргъы цæсгомджынæй лæггад кæны йæ пациенттæн. Уал азы дæргъы уый цал рынчынæн баххуыс кодта, уыдон зын банымайæн сты æгæр бирæ кæй сты, уымæ гæсгæ. Йæ пациенттæм аудгæ ахаст  кæй дары, уымæ гæсгæ йæ уарзынц æмæ йын кад кæнынц.

Дохтыры куыст вазыгджын у, фæлæ уæл-дай вазыгджындæр та у дохтыр-гинекологы  куыст, уымæн æмæ уыцы иурæстæджы дзуапп фæдæтты дыууæ уды тыххæй – æнхъæлцау сылгоймагæн йæхи  æмæ  а-дунемæ чи нæма фæзынд, уыцы чысыл уды  тыххæй дæр. Ацы уæздан сылгоймаджы хорзы кой  рагæй хъуыстон, æмæ æцæгæйдæр уый разынд æппæт уæлдæр ранымад миниуджытæй  æххæст. Горæт Цхинвалы æмæ Цхинвалы районы цæрæг сылгоймæгтæй ацы хæларзæрдæ, æцæг ирон сылгоймаджы чи нæ зоны, йе ‘ххуысы сæр кæй нæ бахъуыд, ахæмтæ стæмтæ разындзысты.

Мæхъиты Нателæ райгуырд Цхинвалы районы Андореты хъæуы. Каст фæцис Громы астæуккаг скъола тынг хорз нысæнттыл. Уый чысылæй аскъуыддзаг кодта дохтыр суæвын. Уымæн æмæ йæхи цы хъуыды кæны, уымæй йæ фыд Дата уыд рынчын лæг æмæ æппынæдзух Нателæйæн дзырдта, зæгъгæ, мæнæ, уый у мæ дохтыр чызг. Æмæ чызджы зæрдæйы баззадысты уыцы ныхæстæ. Йæ мад Хацырты Аграфин уыд ахуыргæнæг æмæ йæ фыд Дата та тынг рæхст хъæдæрмæджы куыстмæ. Сæ хъæуы ахæм хæдзар нæ разындзæн, уый цахæмдæр кусæнгарз кæмæн нæ сарæзта, йæ хæдзары æмбæрзт кæмæн нæ раивта. Æниу ма абон хъæуы цæрынц æрмæстдæр Нателæйы ацæргæ ныййарджытæ æмæ Мæргъиты Толик. Датайæн кæд хæдзар ис горæты æмæ йыл азтæ дæр сæ уæззау фæд æруагътой, уæддæр нæ комы йæ царды бонтæ кæм арвыста, уыцы райгуырæн хъæуæй. Нате-лæйæ дарддæр ма сын ис ноджы дыууæ чызджы.

«Скъолайы рауагъдон къласы куы ахуыр кодтон, уæд фыстæджытæ ныффыстон Сыбыры æртæ горæтмæ – Иркутск, Новосибирск æмæ Омскмæ, зæгъгæ, æз дæн хуссарирыстойнаг чызг æмæ, зæгъ, гæнæн ис уæ институтмæ фæлварæнтæ радтын. Дзуапп мæм æрцыд æрмæстдæр Омскæй æмæ фидарæй аскъуыддзаг кодтон уырдæм ацæуын хъомыладон аттестат райсыны фæстæ. Сыбырмæ ацæуын та мæ уымæн бафæндыд æмæ Громы скъолайы мæ уырыссаг æвзаджы ахуыргæнæг уыд сыбыраг Смирнова Галина, кæцы нын арæх дзырдта сыбыраг уазæлтты, æрдзы, сыбыраг пецы тыххæй æмæ уыцы ныхæстæ дæр цæрæнбонтæм мæ хъуыдыйы баззадысты», – йæ зæрдыл æрлæууыд Мæхъиты чызгæн.

Йæ ныййарджытæм нæ уыд финансон фæрæзтæ сæ чызджы дард фæндагыл арвитыны тыххæй. Уый базонгæйæ йын йе ‘ввахс хион билет балхæдта хæдтæхæгмæ, афтæ ма йын радта фæндаггаг 260 сомы дæр. Омскмæ нытæхгæйæ, хæдтæхæгæй куы ракаст уыцы стыр горæтмæ, уæд æвзонг чызг фæтыхст, фæлæ уæддæр йæ ныфс нæ асаст.  Йæ документтæ радта Калинины номыл Омскы паддзахадон медицинон институтмæ. Конкурс дзы уыд стыр, иу бынатмæ – фондз адæймаджы. Фæлæ Нателæ æнтыстджынæй радта бацæуæн фæлварæнтæ. Ахъуыды ма кæнæм, цас хъару хъуамæ уыдаид йе ‘взонг уæнгты æмæ иунæгæй æцæгæлон горæтмæ ахуыр кæнынмæ ацæуын йæ ныфс бахæсса. «Институтмæ чи бахаудта, уыдоны номхыгъд кæд изæры фараст сахатмæ æввахс бакодтой, уæддæр æрхъæцмæ нал лæууыдтæн æмæ мæ ныййарджытæм тел арвыстон. Фæндыд мæ, цæмæй йæ мæ фыд тагъддæр базыдтаид медицинон институты студент кæй сдæн, уыцы хабар æмæ фæцин кодтаид. Мæ фыды зондамонæн ныхæстæ мæ никуы ферох уыдзысты, мемæ æмдзу кæнынц мæ царды æмæ сæ æххæст кæнын», – радзырдта уый.

Æрцард институты æмдзæрæндоны æмæ уæхскуæзæй æрæвнæлдта ахуыр кæ-нынмæ. Цыбыр рæстæгмæ ирон чызг йæ ахуыр æмæ уагахастæй йæхимæ æркæсын кодта йæ ахуыргæнджыты. Тырныдта, цæмæй йæ Ирыстоны кад бæрзонд систаид æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта. Нателæ институт каст фæцис 1980 азы, равзæрста дохтыр-гинекологы дæсныйад. Интернатурæ дæр рацыд Омскы областон клиникон гуырæн хæдзары бындурыл. Иинтернату-рæйы ахуыр кæнгæйæ йын тынг хорз практикон æххуыс бакодта Омскы областы сæйраг акушер-гинеколог Бурматов Владимир. Уый йын бирæ зонындзинæдтæ радта, базонгæ йæ кодта ацы дæсныйады сусæгдзинæдтимæ. Бахъуыды кодта интернатурæйæ йæ ахуыргæнæг Сухих Марияйы дæр. Нателæйæн йæ бон уыд Омскы рынчындæттæй иуы кусын райдайын, фæлæ йын йæ ахуыргæнæг, интернатурæйы йæ къухдариуæггæнæг Кортусов Александр бауынаффæ кодта районмæ ацæуыны тыххæй. Загъта йын, зæгъгæ, уым практикон фæлтæрддзинад хуыздæр райсдзынæ. Ацыд æмæ кусын райдыдта Оконешниковойы районон рынчындоны. Районы цард 27 мин адæймаджы æмæ дзы уыд дохтырты хъуагдзинад. Нателæ æнæхъæн районы уыд иунæг дохтыр – гинеколог. Æхсæвæй-бонæй уыд йæ куысты уæлхъус, уымæн æмæ гуырæн хæдзары дæр, консультацион æмæ гинекологон хайадты дæр куыста йæхæдæг. Радтой йын фатер дæр. Æхсæз мæйы бакусыны фæстæ нысан æрцыд районы рынчындоны хосгæнæн хайады фæдыл сæйраг дохтыры хæдивæгæй. Гуырæн хæдзары дæр æмæ гинекологон хайады дæр ахæм фæтк æрæвæрдта æмæ йæм областы æнæниздзинад хъахъахъæныны хайады сæргълæууæг басгæрстмæ куы æрбацыд, уæд ын йæ дæлбар гуырæн хæдзары баны-мадта областы иууыл хуыздæр медицинон уагдоныл.

1982 азы амондагур чызг йæ цард баиу кодта Тадтаты Аланимæ, кæцы куыста Норильскы æмæ Нателæйы дæр бахъуыд уырдæм ацæуын. Уайтагъд кусын райдыдта Норильскы гуырæн хæдзары дохтыр-гинекологæй. Иу азы фæстæ дыууæ уарзæгой æмкъайæн фæзынд сæ фыццаг хъæбул Иринæ. Нателæйæн æнæуый дæр йæ зæрдæ æппынæдзух йæ Ирыстонимæ дзырдта æмæ йын уæд фадат фæцис дек-ретон улæфты йæ райгуырæн бæстæм æрæцæуынæн. Фæлæ та ам дæр иу ран нæ бадт. Кусын райдыдта Громы хъæуы фадыгон рынчындоны акушер-гинекологæй, цыран бынат уыд 25 уатæн. Йæ пациенттæй-иу кæй хъуыд, уыдон-иу схуыссын кодта стационары. Уыцы рæстæджы Громы рынчындонмæ тынг бирæ адæм цыд.

1985 азы Нателæ кусын райдыдта Цхинвалы районон поликлиникæйы. Уæдмæ йæ цардæмбал дæр æрцыд Норильскæй æмæ 1987 азы баисты дыккаг хъæбул – Светланæйы хицау дæр. 1989 азты гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуд куы райдыдта, уæд Гром, Арцеу æмæ æндæр хъæутæм фæндæгтыл ацæуæнтæ нал уыд æдасæй. Æмæ Нателæйы та сабат, хуыцаубоны цæуын хъуыд Громы рынчындонмæ (ам дæр йæ куыст нæ ныууагъта, куыста дзы терапевтæй сабат æмæ хуыцаубоны). Ацыдысты-иу БТР-тыл кæнæ та уæзласæн машинæтыл. Иу ахæмы уыд йæ ныййарджытæм Андореты æмæ йæм уалынмæ тыхстæй æрбацыдысты цалдæр нæлгоймаджы, зæгъгæ, нæ тагъдыл хъæуы медицинон æххуыс. Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ Громы хъæуы уыд фидауынгæнæг тыхты пост æмæ фидауынгæнджытæй иу æвзонг нæлгоймагæн йæ къух тыхджын алыг æмæ  йæ туг йæ цæуынæй нал лæууыд. Цы гæнæн уыдис, Нателæ кæд гинеколог уыд, уæддæр фæцæуæг æххуыс бакæнынмæ. Лæппуйы къух хъуыд бахуыйын. Мæхъиты чызгмæ уыд медицинон судзин, фæлæ йæм медицинон æндах нæ уыд. Фæлæ уавæр домдта тагъдыл мадзæлттæ райсын æмæ уæд Нателæ фæтæгены рухсмæ хуымæтæджы æндахæй бахуыдта лæппуйы къух. Æмæ цы хъуыды кæнут. Сарæхстис фæлтæрдджын хирургау æмæ дзы нæлгоймаг абоны онг дæр у стыр райгонд, йæ ирвæзынгæнæг æй хоны. Иу рæстæджы гуырдзиаг тыхæйисджытæ фæндаг бынтондæр сæхгæдтой уавæр кæй фæкарздæр, уымæ гæсгæ. Нателæйæн æппынæдзух йæ зæрдæ дзырдта йæ рынчынтимæ æмæ уæд та ветролетыл атахтысты Громмæ. Æмæ цал æмæ цал ахæм цауы уыд, уыдон чи фæнымайдзæнис, уыцы æндыгъд рæстæджыты.

Цхинвалы районон поликлиникæйы кусгæйæ, йæ дæсныйады æцæг специалистмæ уыд районы хъæуты цæрæг сылгоймæгты æххæст номхыгъд. 18 азæй уæлæмæ кæуыл цыд, ахæм сылгоймæгтæ йæм хыгъды уыд 2800 адæймаджы. Тынг бирæ куыста зæнæг кæмæн нæ цыд, ахæм сылгоймæгтимæ æмæ-иу сæ уый фæстæ коляскæтимæ куы федта, уæд-иу йæ цинæн кæрон дæр нал уыд. Йæ пациентты кæны æгæрон уарзт. Абон дæр æм хыгъды чи лæууы, уыдон зоны номгай. Цхинвалы районон поликлиникæйы бакуыста 2019 азы онг, цалынмæ бирæпрофилон медицинон центр арæзт не ‘рцыд, уæдмæ. 2019 азæй фæстæмæ та кусы Цхинвалы Гуырæн хæдзары консультацион хайады акушер-гинекологæй. Уырдæм дæр æм сылгоймæгтæ цæуынц куыд хъæутæй, афтæ горæтæй дæр. Æхсæвæй-бонæй йæм цафонфæнды дæр куы фæдзурынц йæ пациенттæ, уæддæр сæ фарсмæ æрбалæууы. Хыгъды йæм лæууынц куыд æнхъæлцау, афтæ гинекологон низтимæ сылгоймæгтæ дæр. Мæхъиты чызг йæ цард нæ уыны æнæ йæ куыстæй. «Мæ бинонтæ æмæ мын мæ куыст сты иугъуызон æмвæзадыл. Æмхуызон ахсджиаг мын сты дыууæтæ дæр», – фæзæгъы уый.

Йæ ныхæстæм гæсгæ йын йæ дарддæры куысты тынг баххуыс Сыбыры рынчындоны райсгæ фæлтæрддзинад. Цалдæр хатты рацыд квалификаци бæрзонддæргæнæн курсытæ дæр, уыцы нымæцы горæт Ивановойы дæр. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, йын кæд йæ куысты исты æнтыстытæ ис, уæд уыдонмæ йæ хайбавæрд бахаста æмæ ныр дæр хæссы медицинон хо Плиты Азæ, кæцыимæ иумæ кусынц 30 азæй фылдæр.

Райгонд дзы сты йæ коллегæтæ дæр. Плиты Мельс, Гуырæн хæдзары сæйраг дохтыр: «Нателæ у йæ дæсныйады иттæг хорз специалист. Тынг лæмбынæг ахаст дары йæ пациенттæм. Йæ куыстмæ йын фау æрхæссæн нæй. Иннæ ахæм у тынг хæларзæрдæ адæймаг æмæ хорз коллегæ». Чилæхсаты Аллæ, консультацион хайады сæргълæууæг: «Нателæ у тынг хорз дохтыр æмæ  фæлмæнзæрдæ адæймаг. Цæмæ фæнды йæм бахат, уайтагъд дæ уæлхъус æрбалæудзæн. Йæ зæрдæхæлардзинад, адæймагдзинад æмæ хуымæтæгдзинадæй фæндаг ссардта адæмы зæрдæтæм». Хъотайты Аллæ, дохтыр-гинеколог: «Фыццаджы уал зæгъдзынæн уый, æмæ Нателæ нымад кæй цæуы тынг хорз дохтырыл. Никуы ма федтон æмæ дзы искуы исчи хъастгæнгæйæ ацыд. Куыд адæймаг, афтæ дæр у иттæг хорз».

Сылгоймаг йæхæдæг дæр   райгонд у йæ коллегæтæй. «Тынг æнгом коллектив нын ис Плиты Мельсы сæргълæудæй. Иууылдæр сты иттæг хорз специалисттæ. Иннæ ахæм нын ис тынг хорз уавæртæ цæрджытæн бæрзонд квалификацион медицинон æххуыс бакæнынæн. Бузныг зæгъын мæ фæнды РХИ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Наниты Сосланæн йæ лæмбынæг хъусдарды тыххæй. Райгонд стæм нæ куыстмыздтæй дæр».

41 азы дæргъы Нателæ цал æмæ цал хатты фехъуыста арфæйы ныхæстæ, зæгъгæ, «дæ къухтæй фæрнæй фæкус», «бузныг дохтыр, дæ фæрцы хъæбулты хицау бадæн», уыдон чи фæнымайдзæнис. Мæхъиты чызг йæ хорз куысты тыххæй хорзæхджын у бирæ паддзахадон хорзæхтæй. 2008 азы ссис уæлдæр категорийы дохтыр. 2014 азы та йын лæвæрæд æрцыд «РХИ-йы сгуыхт дохтыр»-ы кадджын ном.

Йæ хистæр чызг Иринæ кусы ХИПУ-йы англисаг æвзаджы ахуыргæнæгæй. Йæ кæстæр чызг Светланæ та кусы Дзæуджыхъæуы 4-æм поликлиникæйы УЗИ-йы дохтырæй.

Нателæ, арфæ дын кæнæм Сылгоймæгты дунеон бон – 8-æм марты цытæн. Ноджыдæр дæ адæмы хорзæх уæд!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.