Ахуыргæнæджы дæсныйад у нæ царды иууыл арфæйагдæр професситæй иу. Ахуыргæнæг у хæрзæгъдаудзинад хæссæг, кæцы феххæст кæны хæрзаудæн, æмбæстагон мисси – æвзонг фæлтæры хъомыл кæнын æмæ сæ царды раст фæндагыл бафтауын.

Æвæццæгæн, царды иунæг ахæм адæймаг нæ разындзæн, цæргæцæрæнбонтæм йæ уарзондæр ахуыргæнджыты чи нæ бахъуыды кæны. Цалдæр азы дæргъы ахуыргæнинагæн йæ зонындзинæдтæ æнæвгъау чи фæамоны, сæ зæрдæтæм сын уæрæх фæндаг кæцы ахуыргæнджытæ ссарынц, уыдон сын сæ царды свæййынц тынг æввахс адæймæгтæ.

1964 азы Дзауы скъола-интернат баконд кæй æрцыд, уый стыр æхцондзинад æрхаста цæрджытæн, уæлдайдæр та дæрддаг хъæуты цæрæг ныййарджытæн, уымæн æмæ ам сæ сывæллæттæн уыд æхсæвиуаты бынат дæр. Ацы ахуырадон уагдоны директорæй нысан æрцыд Коцты Яков Тотрадзы фырт (ныртæккæ дзæнæттаг), кæцы разынд диссаджы куыстуарзаг, раст æмæ домаг къухдариуæггæнæг. Уый йæ алыварс æрбамбырд кодта тынг хорз коллектив, курдиатджын æмæ куыстуарзаг ахуыргæнджыты. Уыцы ахуыргæнджытæй иу уыд уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Бибылты Клавдия Лонгийы чызг.  Диссаджы уæздан, куыстуарзаг сылгоймаг у, йæ дæсныйад иттæг хорз чи зоны æмæ уарзы, ахæм ахуыргæнæг. Йæ диссаджы адæймагдзинады миниуджытæй та йæхи уайтагъд бауарзын кодта коллективæн, ахуыргæнинæгтæн. Æвзонг сылгоймаг фæндаг ссардтаид цахæмфæнды зынхъомылгæнæн, æхгæдзæрдæ скъоладзауы зæрдæмæ дæр. Уый кæд æртæ азы йедтæмæ нæ бакуыста ацы скъола-интернаты, уæддæр æй цæрæнбонтæм бахъуыды кодта ацы рæнхъыты автор дæр, уымæн æмæ нын  5-6 кълæсты амыдта уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы уроктæ. Никуы хъуыды кæнын, æмæ уый искæцы ахуыргæнинагмæ бæрзонд хъæлæсыуагæй сдзырдта, тæрсгæ дзы ничи кодта, фæлæ дзы уый хыгъд иууылдæр тынг аргъуц кодтам. Раст уымæ гæсгæ тырныдтам алыхатт дæр уроктæм нæхи хорз бацæттæ кæнынмæ. Клавдия Лонгийы чызг æндæр ранмæ кусынмæ куы ацыд, уæд нын тынг хъыг уыд, æмæ-иу æй арæх æрæмысыдыстæм. Æгæрыстæмæй-иу йæ уæздан хъæлæс æмæ дзыхы ныхас дæр ауад нæ хъустыл, афтæ тынг æй мысыдыстæм.

Уæдæй нырмæ бирæ азтæ рацыдысты æмæ никуы дæр ахъуыды кодтаин, кæддæр ацы курдиатджын сылгоймаг мæ хъæбулы хъæбулы ахуыргæнæг уыдзæн æмæ та уымæн дæр йæ зонындзинæдтæ æнæвгъау амондзæн. Фæлæ, куыд фæдзурынц, зæгъгæ, хох хохыл не ‘мбæлы, уый йедтæмæ адæймаг адæймагыл кæддæр уæддæр сæмбæлы. Цæвиттон, мæ хъæбулы хъæбул Тамарæ ахуыр кодта 2-æм астæуккаг скъолайы, фæлæ йæ бæрæг аххосæгтæм гæсгæ бахъуыд ахуыр кæнынмæ скъола «Альбион»-мæ рацæуын. Уый-иу мын арæх æппæлыд йæ уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй æмæ йæ куы базыдтон, Бибылты Клавдия Лонгийы чызджы кой кæны, уæд мын уыд тынг æхсызгон. Æппындæр нæ дызæрдыг кодтон, Тамарæ ацы предметтæ ноджы хуыздæр кæй  базыдтаид, ууыл æмæ афтæ дæр рауад. Куы-иу бахъуыд, уæд-иу йæ ахуыргæнинæгтæн уæлæмхас уроктæ ауадзынмæ никуы базивæг кодта.

Бибылты Клавдия Лонгийы чызг райгуырд Цхинвалы районы Тъбеты хъæуы. Йæ ныййарджытæ Лонги æмæ Галуанты Настяйæн сæ фыццаг хъæбул Клавдия куы райгуырд, уæд ма сæ цинæн кæрон кæм уыд, банкъардтой хъæбулы стыр уарзт, бæргæ æнхъæлмæ кастысты дыккаг хъæбулы фæзындмæ дæр, фæлæ… 1941 аз. Гитлерон фашисттæ гадзрахатæй æрбабырстой Советон Цæдисмæ æмæ советон адæмы ныхмæ расидтысты тугуарæн мæлæтхæссæг хæст. Бибылты Лонги уыцы рæстæджы бухгалтерæй куыста Къостайыхъæуы колхозы. Хæсты райдианы дыккаг бон барвæндæй ацыд фронтмæ кæд æй нæ уагътой, зæгъгæ, ды ам фылдæр пайда æрхæссдзынæ, уæддæр йæ хæсыл банымадта советон æфсады рæнхъытæм бацæуын æмæ гитлерон окуппанттæн аккаг ныхкъуырд дæттын. Йæ цардæмбал Настяйы ныууагъта дыккаг хъæбулмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, сылгоймаджы дæр бæргæ нæ фæндыд йæ цардæмбалы ацыд, фæлæ йæ уый кой дæр не суагъта. Настя йæ  афæндæраст кодта цæссыгкалгæйæ, йæ зæрдæ йæ хатыд йæ уарзон цардæмбалы фæстаг хатт кæй уыны, уый æмæ йæ нал фæндыд уымæй фæхицæн уæвын, фæлæ… Æмæ афтæ дæр рауад, 1943 азы Лонги æбæрæгæй фесæфт. Уæдмæ а-дунемæ фæзынд сæ дыккаг чызг дæр, фæлæ йын йæ райгуырд йæ фыд нал федта. Хæрзæвзонгæй  баззад Настя идæдзæй йæ дыууæ хъæбулимæ. Сидзæрты мад амæлттæ кодта æмæ афтæмæй хъомыл кодта йæ дыууæ чызджы. Кæд цыбыркъух уыд, уæддæр ахуырæн кодта стыр аргъ æмæ йæ дыууæ хъæбулы дæр бафтыдта ахуыры фæндагыл. Дыууæ хойы скъоламæ цæуынхъом куы фесты, уæд къахæй цыдысты Цхинвалмæ. Клавдия фæстаг кълæсты куы ахуыр кодта, уæд ацыд Дзæуджыхъæумæ æмæ уым сыгъзæрин майданыл каст фæцис астæуккаг скъола. Уый фæстæ бацыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты уырыссаг филологийы факультетмæ. Ам дæр уыд цæвиттойнаг, ахуыр кодта тынг хорз æмæ уæлдæр ахуыргæнæндон дæр каст фæцис фæндзтыл 1963 азы. Институты фæстæ иу азы бæрц бакуста Уæрæсейы горæт Троицкы уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй. Фæлæ чызджы зæрдæ фæстæмæ йæ Райгуырæн зæххмæ кæй æхсайдта, уымæ гæсгæ æрæздæхт æмæ кусын райдыдта Дзауы скъола-интернаты уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй.

Ацы скъолайы æртæ азы бакусыны фæстæ йæ кусынмæ ракодтой горæт Цхинвалы горæххæсткомы ахуыры хайады методикон кабинеты хистæрæй, цыран бакуыста 1975 азы онг. Уырдыгæй та йæ кусынмæ арвыстой Цхинвалы скъола-интернаты ахуыры хайы сæргълæууæгæй æмæ дзы бакуыста 1997 азы онг. Уый фæстæ та куыста нæ горæты 6-æм астуæккаг скъолайы ахуыры хайы сæргълæууæгæй.

Кæй зæгъын æй хъæуы, уал азы ахуырадон къабазы бакусгæйæ, йæ хорзы ном айхъуыст нæ горæты скъолатыл æмæ йæ ныр та йæхимæ кусынмæ фæхуыдта скъола «Альбион»-ы къухдариуæгад æмæ абоны онг дæр, ныр цалдæр азы кусы ацы скъолайы уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй. Тынг райгонд дзы сты куыд йе ‘мкусджытæ, афтæ йæ ахуыргæнинæгтæ дæр. Клавдя кæмдæриддæр фæкуыста, уыцы скъолаты коллективты ‘хсæн ныууагъта хорз фæд. «Клавдяйы хуызæн ахуыргæнджытæ арæх нæ вæййы. Уый йе ‘ппæт æмбаргæ цард æгасæй дæр снывонд кодта рæзгæ фæлтæры хъомыладæн æмæ йæ цард нæ уыны æнæ йæ уарзон архайдæй. Уæздан, хиуылхæцгæ æмæ йæ дæсныйад тынг бирæ чи уарзы, ахæм адæймаг у. Тынг цæттæ ахуыргæнæг. Куыд æмгар, афтæ дæр у тынг хорз. Клавдяйы æрдз сфæлдыста ахуыргæнæджы куыстæн. Иудзырдæй уый у советон ахуыргæнæг», – загъта гимназ «Альбион»-ы директор Гуыцмæзты Иринæ.

«Клавдя Лонгийы чызг у тынг хорз ахуыргæнæг.  Уый у нæ республикæйы рагондæр ахуыргæнджытæй иу. Ис æм ахуыргæнæджы куысты егъау фæлтæрддзинад æмæ йæ рæдауæй дих кæны йæ коллегæтимæ. Йæ хъуыддаджы æцæг дæсныйæн кад кæнынц куыд йæ коллегæтæ, афтæ йæ ахуыргæнинæгтæ дæр. Райгонд дзы сты ныййарджытæ дæр.  Уый йæ ахуыргæинæгтæн цы зонындзинæдтæ дæтты, уымæн саргъгæнæн дæр нæй. Хæрзæвзонгæй бауарзта хъомылгæнæджы дæсныйад æмæ йыл йæ зæрдæ никуы сивта. Уæздан, зæрдæхæлар æмæ куыстуарзаг адæймаг у коллективы уарзон коллегæ» – банысан кодта гимназ «Альбион»-ы ахуыры хайы сæргълæууæг Гасситы Нинæ.

«Гуырдзиаг-ирон хæсты азты æндыгъд уавæр банæдвдта нæ республикæйы ахуырады къабазыл дæр. 1998 азы ахуыр кодтон 7-æм къласы. Уроктæ нын уагътой уазал кълæсты, уымæй дæр-иу тыхджын æхстыты рæстæджы скъолатæ нал куыстой. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый бандæвдта мæ ахуырыл дæр æмæ-иу уырыссаг æвзагæй диктанттæ фыссыны рæстæджы æруагътон рæдыдтытæ. Уæд мæ мад цæттæ кæнынмæ бакодта Библыты Клавдиямæ. Уый мын уыйбæрц зонындзинæдтæ радта æмæ цыбыр рæстæгмæ бирæ фæхуыздæр уырыссаг æвзагæй мæ цæттæдзинад. Диктанттæй-иу райстон хорз нысæнттæ. Æгæрыстæмæй-иу нæ æхца дæр нæ иста, уыцы уæззау рæстæджыты. Стыр райгондæй дзы баззадтæн æмæ йæ абон дæр райгондæй æрæмысын», – радзырдта мын нæ горæттаг æвзонг нæлгоймаг.

Бибылты Клавдия Дзауы скъола-интернаты кусгæйæ ссардта йæ амонд дæр. Йæ цард баиу кодта Кæркуысты Валикимæ (ныртæккæ дзæнæттаг). Схъомыл кодтой  чызг æмæ лæппу. Йæ чызг дæр равзæрста йæ мады дæсныйад

Рацыд 57 азы Клавдя фыццаг хатт ахуыргæнинæгты раз куы æрлæууыд, уыцы бонæй. 57 азы та 57 боны куынæ сты мыййаг, фæлæ дзы никуы ма ничи фехъуыста, бафæлладтæн, зæгъгæ. Арæх фæдзуры, зæгъгæ, уал азы ахуыргæнæгæй бакусыны фæстæ абон дæр фæстæмæ  равзарин ахуыргæнæджы дæсныйад, уымæн æмæ мæ цард нæ уынын æнæ мæ уарзон ахуыргæнинæгтæй. «Къласмæ бахизгæйæ сывæллæтты цæсгæмттæм кæсгæйæ исын æхцондзинад, свæййынц мын хи хъæбулты хуызæн»,- арæх фæзæгъы æвзыгъд ахуыргæнæг.

Бибылты Клавдияйы цæсгомджын æмæ æнувыд куыстæн саргъ кодта РХИ-йы хицауад дæр. Цалдæр азы размæ йын лæвæрд æрцыд «РХИ-йы сгуыхт ахуыргæнæг»-ы кадджын ном, у куысты ветеран. Йæ бирæ Кады грамотæтæ æмæ алыгъуызон хорзæхтæн та банымайæн дæр нæй. Фæлæ уæддæр сгуыхт ахуыргæнæгæн йæ иууыл стырдæр хорзæхтæ сты йæ хъомылгæнинæгты æнтыстытæ. 57 азы дæргъы цал фæлтæры схъомыл кодта, уыдон ахызытысты мингæйттæй. «Амбæлынц мыл мæ раздæры ахуыргæнинæгтæ, кæцытæ абон сæхæдæг нанатæ æмæ дадатæ сты æмæ мын фæзæгъынц хъарм ныхæстæ. Бирæты дзы зонгæ дæр нал бакæнын, фæлæ мын сæхи бацамонынц. Тынг æхсызгон мын вæййы хъарм æмæ бузныджы ныхæстæ мын кæй фæзæгъынц, кæй мæ нæ рох кæнынц, уый», – загъта Бибылты чызг.

Клавдия Лонгийы  чызгæн нæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, бафсæд дæ хъæбулты уарзтæй, сæ хорздзинæдтæм сын кæсгæйæ. Бирæ азты ма æнæвгъау дæ зонындзинæдтæ фæамон, афтæ бирæ цы кæстæрты уарзыс, уыдонæн Ирыстоны сомбоны рæсугъд царды сæраппонд. Арфæ дын кæнæм ахуыргæнæджы  боны цытæн!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.