Этноочерк

Кæрон. Райдайæн нæ газеты 104-æм номыры.

Чындзæхсæвы фæстæ лæг цасдæр рæстæг фембæхсы йæ ныййарджытæй, йæ усмæ дæр бахъуызы æрмæст æхсæвыгон, йæ къухылхæцæг дæр йемæ куыд уа, афтæмæй. Цалдæр боны фæцæры къухылхæцæджы хæдзары, уым ын кусарт акæнынц, стæй йын уæд йæхи хæдзармæ дæр фæндаг вæййы къухылхæцæгимæ æмæ хæстæгдæр æмгæрттимæ.

Чызгæн рагацау æрцæттæ кæнынц æмæ моймæ куы фæцæуы, уæд ын йемæ раттынц чындзы фæлыст: рон, хуыссæнгæрзтæ, æрхуы тас æмæ хъуывгъан, чырын, хæсгард, сæрвасæн æмæ алы лыстæг дзаума. Æппæт уыцы исбонæн хицау вæййы, цалынмæ йæ лæгимæ цæра, уæдмæ. Куы амæлы, уæд та баззайынц лæджы хæдзары.

Йæ лæджы хæдзарæй ацæуыны бар ис æрмæст æнæзæнæг сылгоймагæн. Лæгæн ис йæ усы ауадзыны бар. Уыимæ сывæллæттæ æдзухдæр баззайынц сæ фыды хæдзары. Лæг йæ усы куы ауадза, уæд ын йемæ дæтты йæ чындздзон фæлыст: рон, чырын, хуыссæнгæрзтæ æмæ иннæ дзаумæттæ. Ус йæхæдæг куы сыста лæджы хæдзарæй, уæд та йæм йæ чындздзон фæлыстæй æппындæр ницы хауы.

Ус хъуамæ æххæст кæна лæджы домæнтæ иууылдæр. Чысылдæр коммæ нæ бакасти, зæгъгæ, уæд баййафдзæн над. Раджы заманты лæгæн уыдис йæ усы амарыны бар дæр. Лæг разы куынæ уа, уæд усы бон нæу æфстау райсын, исты балхæнын кæнæ ауæй кæнын.

Сывæллæттæ мад æмæ фыды æвджид сты æмхуызонæй, фæлæ сæ хъысмæт лыггæнæг у æрмæстдæр фыд. Раджы заманы фыды бон уыдис йæ сывæллоны амарын дæр, æмæ йын уый тыххæй тæрхон нæ кодтой. Хи сывæллæттæн ауæйгæнæн нæ уыди, фæлæ кæддæр номылусы сывæллæтты уæй кодтой.

Цотæн сæ ныййарджытыл тæрхонмæ бахъаст кæныны бар нæй, сæ хъаст бахæссынц æрмæст хæстæгдæр къабæзтæм. Номылусы цоты хонынц кæвдæсæрдтæ; сæ фыды бынтæй сын хай нæ вæййы, фæндонæй сын балæвар кæнынц уæрдон, фæрæт, бæндæн æмæ æндæр дзаумæттæ. Уæвгæ та хæссынц сæ фыды мыггаг. Фидиссаг цæмæй ма уой æмæ сæ кæвдæсæрдтæ цæмæй ма хоной, уый тыххæй арæх райсынц сæ мады мыггаг, кæнæ та сæ мыггаг схонынц мады номæй. Лæджы амарды фæстæ цы сывæллæттæ райгуыры, уыдоны хонынц дзæгъæлзæдтæ.

Ис, 40-50 адæймаджы иумæ кæм цæрынц, ахæм бинонтæ. Æфсымæртæ байуарынц, файнустытæ кæрæдзиимæ кæй нæ фидауынц, уымæ гæсгæ. Фæстаг рæстæг ахæм хабæрттæ кæнынц арæхæй-арæхдæр. Бинонтæ цы бакусой, уый иууылдæр хæссынц иумæйаг къæбицмæ; ахæм фæтк се ‘ппæты зæрдæмæ нæ цæуы æмæ уæд байуарынц.

Уаргæйæ хистæр æфсымæрмæ æмæ кæстæр æфсымæрмæ хауы уæлæмхасæн хæйттæ. Хистæры уæлæмхасæн хай вæййы 300 фысы, гал æмæ хъуг, хæдзар, къонайы рæхыс æмæ аг; хæхбæсты та – зæххы хай.

Кæстæры уæлæмхасæн хай вæййы 25 сомы. Астæуккаг æфсымæртæм уæлæмхасæн хæйттæ нæ хауы. Лæгæн чызджыты йеддæмæ цот куынæ уа, афтæмæй куы амæла, уæд йæ исбон хауы йе ‘фсымæртæм. Идæдз ус йæ цотимæ куы цæра, афтæмæй куы амæла, уæд йæ кæндтытæн раттынц гал, хъуг, зæххы хай, фондз мæрты мæнæу кæнæ дæс мæрты хъæбæрхор.

Æфсымæртæ куы байуарынц, уæд сæ идæдз мад баззайы кæстæр фыртимæ. Æнæзæнæг идæдз хæдзарæй куы сысты, уæд йемæ ахæссы йæ хуыссæнгæрзтæ.

Алы ссæдз хæдзарæй дæр равзарынц иу æууæнкджын лæджы æмæ уый халæппæрстæй хуымзæххытæ байуарынц фондз азы æмгъуыдæй.

Æрбалидзæгæн æрцæрыны бар ис, хъæубæсты фылдæр хай разы куы уой, уæд. Фæлæ хъуамæ бафида 200-300 сомы æмæ йын афтæмæй раттынц æхсæны хизæнтæй æмæ хъæдæй пайда кæныны бар.

Туджы аргъ у æстдæс хатты æстдæсгай хъуццытæ. Уыдонæй фыццаг æстдæсы аргъ у фæйнæ 30 сомы, дыккаг æстдæсы – фæйнæ 25 сомы, æртыккаг æстдæсы – фæйнæ 20 сомы, цыппæрæм æстдæсы – фæйнæ 19 сомы, фæндзæм æстдæсы – фæйнæ 15 сомы, æхсæзæм æмæ уымæй фæстæмæ æстдæсты – фæйнæ 9 сомы. Ноджыдæр саргъыбæх, хуымзæххы дыууæ бонгæнды; цыты чызг – марæджы кæнæ йе ‘фсымæры чызджы æнæ ирæдæй хъуамæ радтой марды хæстæджытæй искæмæн. Уымæй уæлдай тугдартæ æвæрдтой цыты фынг – æргæвстой тæккæ хæрзхастдæр гал, фондз хæрзхаст фысы æмæ фыхтой бæгæныйы цæджджинаг.

Фæндагыл бастъигъынимæ абаргæйæ, хæдзары мидæг бастъигъыны тыххæй хæссынц карздæр тæрхон. Хæдзары дуар куы басæттай, афтæмæй адавыны тыххæй бафидын хъæ-уы, цы адавай, уый æртывæр аргъ, стæй хъуамæ сæвæрай фидыды фынг, æнæ дуарсастæй та – æртывæр аргъ æнæ фидыды фынгæй.

Дзуарæй исты чи радава, уый йæ хæдзармæ ничи уагъта. Уыйхыгъд сыхаг адæмтæй радавын, сæ фос сын раскъæрын нымад уыди лæгдзинадыл.

Чырыстонхъæуккаг Кокиты Сауи куыд радзырдта, афтæмæй 1862 азы Дыгургомы хуымæтæг адæм æмæ Цæргæсаты уæздæттæ фæбыцæу сты, Хæресы фосхизæнтæ кæй исбон сты, уый фæдыл. Хъаугъа ахаста дæргъвæтин рæстæг. 1877 азы Кокийы-фыртмæ, ноджы ма æхсæз дыгуронмæ, иу асыйагмæ æмæ иу тæгиатагмæ фæсидтысты быцæу алыг кæнынмæ. Æвдисæн уыдысты зæронд лæгтæ. Уыдон куыд радзырдтой, афтæмæй Хæресы фосх-зæнтæ незамантæй фæстæмæ иумæйаг уыдысты хуымæтæг адæмæн æмæ Цæргæсатæн. Майы кæрон, фос Хæресмæ скъæрыны рæстæг, Цæргæсатæ алы фыййауæн дæр раттынц фæрæт, аг, бæндæн, лалым, къæпытæ. Фысвос Хæресы фæхизынц августы кæронмæ, стæй сæ раскъæрынц æмæ æртæ æхсæвы фæвæййынц Цæргæсаты зæххыл.

Кокийы-фырты мадырвадæлтæ 1880–83 азты иу хæдзары мидæг цар-дысты 30 бинойнаджы бæрцæй, сæ мыггаг – Тæмутæ. Бинонты хицау уыди сæ фыд – хистæр нæлгоймаг. Уый æввастæй бинонтæн ницы саразыны бар уыди. Хонгæ дæр æй кодтой хицау. Къæбиц æмæ дæгъæлтæ уыдысты йæ усы – æфсины – къухы. Хæдзары хицау æмæ æфсин быдыры куыстытæм нæ цыдысты. Бинонтæн хæринаг файнустытæ цæттæ кодтой радыгай.

Бинонты иумæйаг исбон уыдысты хæдзар, хуымзæххытæ, уыгæрдæнтæ, фысвос æмæ стурвос. Хæдзары, зæххы æмæ фосы куыстытæй уæгъд рæстæг бинонтæй чи цы самал кæна, уый уыд йæхи исбон. Ноджы нæлгоймæгтæм æмæ сылгоймæгтæм лæвары хуызы цы æрбафта, уый дæр у сæхи исбон. Къуымбил сылгоймæгтæй вæййы, чи йæ бауафа, уый исбон.

Йæ фыд цалынмæ æгас уа, уæдмæ фырты бон æгъдаумæ гæсгæ нæу хæдзарæй байуарын. Æфсымæртæ байуарынц сæ фыды баныгæныны фæстæ. Арæхдæр байуарынц файнустыты аххосæй. Хæдзар хауы кæстæр æфсымæрмæ, йемæ цæргæ баззайы сæ мад дæр. Уарынмæ кæй æрбахонынц,уыдон мадæн дæр радих кæнынц исты хай.

Æфсымæртæ хатгай байуарын бадомынц, сæ фыд ма æгас вæййы, афтæмæй дæр. Уарджытæ вæййынц хæстæджытæй, сыхæгтæй, хъæубæстæй – хæдзары исбон хорз зындгонд кæмæн у, ахæм адæм. Фыдæн раттынц æфсымæртæй къаддæр хай æмæ цæргæйæ баззайы, фырттæй йæ кæимæ бафæнда, уыимæ. Фыд цалынмæ æгас уа, уæдмæ хæдзар кæстæр фыртмæ нæ хауы, фæлæ фыд куы амæлы, уæд баззайы мадæн, мад та кæстæримæ кæй фæцæры, уымæ гæсгæ хæдзар æппынфæстаг бавæййы кæстæры. Чызджытæн хай не ‘мбæлы. Байуарыны фæстæ æнæцыд чызг цæргæйæ баззайы, æфсымæртæй йæ кæимæ бафæнда, уыимæ. 

Дыгур уæды заман Доныфарсимæ фыдæх хастой, уымæн æмæ сын-иу сæ фос аскъæрдтой. Дыгур Бадилайы сæ фосæн хъахъхъæнæг баххуырстой. Уæды онг топп нæма зыдтой, хæцыдысты фатæй. Бадиламæ та уыди хъыримаг. Доныфарсы фæсивæд иуахæмы дыгурон лæппуйы куы адавтой æмæ йæ куы фæцæйтардтой, уæд сæ Бадила хъыримагæй багæрах ласта. Давджытæн сæ сæр сæ кой сси, цы фæуыдаиккой, уый нал зыдтой: æнхъæлдтой, арв æмæ хæхтæ сæхæдæг сыстадысты сæ ныхмæ.

Уыцы хабары фæстæ дыгур Бадилайæн радтой Астаны байзæддæгты зæх-хы хай. Астаны æртæ фырты уыцы хай байуарын нæ фæрæзтой, хъаугъайы хос сын разынди æмæ йæ уæд ныу-уагътой æмæ ног цæрæнуæттæ агурæг ацыдысты: сæ иу – Урсхъæумæ, иннæ – Къæмынтæм, æртыккаг – Уæхъæцмæ. Бадила Дыгуры бæстæйы цæргæ баззад, ус ракуырдта æмæ дзæвгар цот рауагъта.

Дыгурмæ æввахсдæр уыди Уæллагком. Уæллагкомы æмæ Астаны царди фæйнæ æртæ хæдзары. Дыууæ хъæуы иумæ хуыдтой Дыгуры бæстæ, се ‘хсæн уыди æрмæст иунæг цыбыр ком. Иу хæдзары хицау уыд Алуан, иннæйы – Болат, æртыккаджы – Галаон æмæ Басил. Иннæ æртæ хæдзары хицæуттæ уыдысты Астаны фырттæ. Уыдоны байзæддагæй равзæрдысты Дыгуры бындурон цæрджытæ. Рæстæг куыд цыд, афтæ сæм æндæр рæттæй æфтын байдыдтой адæм. Хæхбæсты абон дæр фенæн ис бындурон мыггæгты гæнæхты пырхæнтæ. Адæм Дыгурмæ лыгъдысты Балхъарæй (ирæттæ сæ хонынц Асы). Фыццагдæр æрцæрæг мыггæгтæ æнæнцойæ хæцыдысты кæрæдзиимæ.

Бадила ардæм куы æрбафтыд, уæд дыгур уыдысты чырыстон, Бадила та – пысылмон, æмæ кургæ дæр ракодта доныфарсаг пысылмон чызг. Уыцы рæстæджыты райдыдтой иры æмæ кæсæджы фыдæх быцæутæ. Кæсæг архайдтой дыгурæн пысылмон дин райсын кæныныл. Бадила та пысылмон кæй уыди, уымæ гæсгæ йæ хуыдтой сæхион, хæцыдысты йæ фарс.

Дыгур хохæй быдырмæ лидзын куы райдыдтой, уыцы рæстæгмæ кæсæг бацахстой дæлвæзтæ, æмæ дыгуры фидын бахъуыди хъалон – хæдзарæй иу фыс… Уæды заман алы хæдзарæн дæр уыдис, йæ бон цас бакусын у, уыйас зæхх æрцахсыны бар.

Кæсæг уыдысты Бадилайы фарс, дыгурæн иудадзыг дзырдтой, пысылмон дин райсут, зæгъгæ. Кæсæг давтой иры сывæллæтты, арæх-иу бастъыгътой ирон хъæутæ. Кæм фæфосгæнæн ис, уый кæсгон къниæзтæн амыдтой Бадилатæ. Куыдфæстæмæ ирон адæм Бадилатæн æнхъæлын райдыдтой кæсгæттæ æмæ сын сæ домæнтæ æххæст кодтой. Кæсæг æмæ Бадилатæ нæ æгæр æлхъивынмæ куы бавнæлдтой, уæд æххуысгур фæсидтыстæм Уырысмæ. Ацы зæххытæ Ермолов байста. Бадилатæ Уырысы хицауадæй курын байдыдтой, цæмæй сын быдыры зæххытæ банымайа сæ исбоныл, дзырдтой, зæххытæ, дам, балхæдтам Тасолтантæй, Мулдартæй æмæ Биаслантæй. Уæвгæ та ирон адæм ацы зæххытæ бацахстой Бадилатæй раздæр, Воронцов Тифлисы хицау куы уыдис, уæд. Хицауад ирон адæмы хистæртæй дыууæмæ фæсидтысты, æмæ уыдон ард бахордтой, Бадилатæ зæхх Тасолтантæй кæй нæ балхæдтой, уый тыххæй. Иннæ дыууæ æвдисæны – Гæбуты Гаги æмæ Агънаты Саханбег та хъæддыхæй загътой: дыгур Бадилатæм не ‘рбацыдысты, фæлæ Бадилатæ дыгурмæ æрбацыдысты. Уырысы хицауад зæххытæ Бадилатæй байста æмæ сæ ирон адæмæн радта.

Цæргæсатæ Гуырдзыстонæй æрбацыдысты Туалгоммæ. Æфсымæртæй иу – Цæразонты Гæуыс – ныр дæр ма цæры уым. Иннæ Цæргæсатæ æрбалыгъдысты Стыр Дыгурмæ, фысым сын фæлæууыд дыгурон лæг Хæмыц æмæ сын хъæумæ хæстæг Хæресы радта зæххы хай. Æмæ уыцы зæхх абон дæр у быцæйуаг – Стыр Дыгур æй хонынц иумæйаг, Цæргæсатæ та йæ хонынц сæхи.

1880 азы Терчы облæсты тæрхондон рахаста уынаффæ, ирон адæмы æхсæн тæрхоны системæ сфидар кæныны тыххæй. Уынаффæйы дзырдæуы:

Мах, Дзæуджыхъæуы зылды ирон адæмы минæвæрттæ, æрцыдыстæм ахæм фидар хъуыдымæ, æмæ не ‘гъдæуттæй бирæтæ зианхæссæг кæй сты æмæ гæвзыкмæ кæй тæрынц, уымæй уæлдай тæккæ стырдæр цæлхдур сты адæмы æнтыстджын рæзтæн. Уымæ гæсгæ сæ 1879 азы 20 декабры бындзарæй фесафинагыл банымадтам ацы уынаффæйæ.

1.Ирæд. Ирыстоны суанг рагзаманты сфидар чындз æрхæссыны тыххæй ирæд фидыны зианхæссæг æгъдау, куыд никуыма уыд, афтæ тынг скарз фæстаг рæстæг, бынтон мæгуырмæ тæры адæмы, у чырыстон дины æмæ европæйаг цивилизацийы ныхмæ.

Къаддæр хæрдзтæ нæ домы чындз æрхæссыны размæ сиахсыцыд дæр. Сиахс æппынкъаддæр ссæдз æмгаримæ бацæуы чызджы хæдзармæ æмæ сын фынгтæ æрæвæрыныл йæ каисты бахъæуы бынтон æнæхъуаджы егъау хæрдзтæ бакæнын. Пысылмæттæ та ирæдæй æмæ сиахсыцыдæй уæлдай фидынц нæчех дæр — бæрæгбæрц æхца. Нæчехæн ис граждайнаг къайады нысаниуæг: мыййаг, пысылмон сылгоймаджы йæ лæг æнæбындурæй куы атæра, уæд æм йæ æфхæрды хыгъдмæ баззайы нæчех æнæхъæнæй дæр.

Ирæд æмæ сиахсыцыд талынг æмæ æнæхъола æгъдæуттæ кæй сты, уымæ гæсгæ амæй фæстæмæ бынтондæр ивд æрцæуæд. Нæчех та пысылмон къайад фидар кæнынæн ахъаз кæй у æмæ йæ дин дæр кæй амоны, уымæ гæсгæ баззайæд, æрмæст ирæды хуызы куыннæ ацæуа, афтæмæй; чызджы ныййарджытæн дзы афонæй раздæр пайда кæныны бар ма уæд, фæлæ сæ чызг лæджы аххосæй куы рахицæн уа, уæд ын цæрæнхос куыд уа, афтæ.

  Фиппаинаг: æфсымæртæ куы байуарой, кæнæ йæ лæг куы амæла, уæд пысылмон сылгоймагмæ амæй фæстæмæ нал ис нæчех домыны бар, фæлæ хъуамæ хъуыддаг лыггонд æр-цæуа граждайнаг тæрхондоны кæнæ шæриаты уагыл.

Ацы уынаффæ чи фехала, уый хъуамæ ивар бафида 200 сомы; ивары æхца, 10 процентæй фæстæмæ, ратгæ сты æхсæны хъуыддæгтæн.

2. Хист. Ирон адæм мардæн афæдзы дæргъы кæнынц цалдæр егъау хисты, æмæ хæдзар бынтон смæгуыр вæййы. Æппæт уыцы хистытæ амæй фæстæмæ ивд цæуынц æмæ сæ бæсты сауджын æмæ молло бацамондзысты: чырыстæттæн – мард ныгæныны бон уæлмæрды хæрнæг, хъуамæ дзы иу гал æмæ фондз фысæй фылдæр æргæвст ма уа; стæй дыууиссæдзæм боны хист – æрмæст иунæг фыс; алы хисты дæр, бæгæныйæ фæстæмæ, цас æмбæлы, уыйас арахъхъ æмæ сæн; пысылмæттæ та хистытæ кæндзысты комуадзæны æмæ хъуырманы бонты.

Ацы уынаффæ чи фехала, уыдон ивар бафиддзысты 100 сомы; ивары æхца 10 процентæй фæстæмæ, лæвæрд уыдзысты æхсæны хъуыддæгтæн.

3.Уымæй уæлдай ирон адæммæ ис мардмæ бынтон дæрддзæф рæттæй цæуыны æнæсæрфат æгъдау. Уыимæ мæрдджын хæдзар нæлгоймаг мæрддзыгойыл ницы уадиссаг бахардз кæны, фæлæ сылгоймæгтæ дæсгæйттæй æрцæуынц мæрдджынтæм æмæ хæдзар гæвзыккмæ æрцæуы; цæссыг сæ никæмæй æрхаудзæн, афтæмæй сæ кæуын æмæ æрдиаг дардмæ фæхъуысы, ноджы ма сæ цæсгом æмæ сæр тымбылкъухæй фæхойынц, сæрыхил рæдувынц, цæсгом сæ ныхтæй ныттонынц. Ахæм хъæддаг митæ кæныны бар амæй фæстæмæ нал и марды тæккæ хæстæгдæр къабæзтæн дæр.

Ацы уынаффæ чи фехала, уыдон ивар бафиддзысты 25 сомы; ивары æхца, 10 процентæй фæстæмæ, лæвæрд уыдзысты æхсæны хъуыддæгтæн.

4.Амæй фæстæмæ нал ис мардæн стыр дугъ, фысы дугъ æмæ æлæм аразыны бар. Ацы уынаффæ чи фехала, уыдон æхсæны пайдайæн бафиддзысты: стыр дугъы тыххæй – 100 сомы, фысы дугъы æмæ æлæмы тыххæй – фæйнæ 30 сомы æвзист æхцайæ. Бар нал ис фæндаггæрæтты цырт æвæрынæн дæр; чи сæвæра, уый ивар бафиддзæн 30 сомы.

5.Карз æфхæрд æййафдзысты чызгыскъæфджытæ, уымæн æмæ чызгыскъæфты аххосæй дыууæ мыггаджы сфыдæх вæййынц, се ‘хсæн суанг лæджы мæрдтæ дæр рауайы. Чызгыс-къæфты тыххæй тæрхондон цы уынаффæ рахæсса, уымæй уæлæмæ æхсæны пайдайæн усгур ивар бафиддзæн 200 сомы, скъæфджытæ та – фæйнæ 100 сомы.

6.Давыны, стъигъыны, фæливыны, фосы къæдзил лыг кæныны, холлагыл, бæстыхæйттыл арт сæндзарыны æмæ æндæр ахæм фыдракæндты тыххæй иумæйаг æмæ фидауынгæнæг тæрхон-дæттæ цы уынаффæ рахæссой, уымæй уæлæмæ æхсæны пайдайæн ивар бафидгæ уыдзæни 50 сомы. Ноджыдæр давджытæ, артæндзарджытæ æмæ фосы къæдзил лыггæнджытæ Терчы облæстæй хаст цæудзысты, фæстæмæ æрбаздæхыны бар сын никуал уыдзæн, афтæмæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.