Хуссар Ирыстоны хицауады рабадты рæстæджы уынаффæ кодтой тæссаг вирус COVID-19  æй нæ республикæйы цæрджыты бахъахъхъæныны фарстыл.

РХИ-йы Сæйраг санитарон дохтыр Коцты Маринæ радзырдта, цы саразын хъæуы, цæмæй не ‘мбæстæгтæ коронавирусы инфекцийæ бахъахъхъæнæм. Йæ ныхæстæм гæсгæ, фыццаджыдæр, республикæйы территоримæ æрбахизæнтæ сæхгæнын хъæуы бæстон. Гуырдзыстоны фæстаг зонæтæм гæсгæ ацы тæссаг низæй фæрынчын цыппар адæймаджы. «Пневмонийы вирус апарахат декабры кæрон, китайаг горæт Уханы. Фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ Китайы коронавирусæй фæрынчынуæвджыты иумæйаг нымæц схызт 91 мин адæймаджы онг, уыдонæй ныридæгæн амард æртæ минæй фылдæр. Мах сараздзыстæм æппæтдæр, цæмæй нæхи бахизæм ацы тæссаг низæй», – дзырдта Коцты Маринæ.

Уый ма загъта, зæгъгæ, Китайæ уæлдай ацы низ ахæлиу 64 бæстæйыл. Уæрæсейы цы бæстæты минæвæрттæн сæхгæдтой арæн, уыдоны номхыгъды сты Австрали, Сомихстон, Афганистан, Бахрейн, Беларусь, Бельги, Бразили, Вьетнам, Германи, Греци, Гуырдзыстон, Дани, Египет, Израиль, Испани, Итали, Камбоджа, Канадæ, Катар, Китай, Кувейт, Ливан, Литва, Люксембург, Малази, Мексика, Монако, Неаполь, Нигери, Ни-дерландтæ, Ног Зеланди, Хорвати, Швейцари, Швеци, Эквадор, Эстони, Япони æмæ ноджы æндæр бæстæтæ.

Кæд Уæрæсейы Федерацийы нырма иугай сты ацы тæссаг низæй фæрынчын уæвыны цаутæ, уæддæр бацархайын хъæуы æппæт амæлттæй дæр, цæмæй махмæ ма æрбахæццæ уа. Æрæджы Паддзахадон Æдасдзинады комитет куыд фехъусын кодта, афтæмæй Гуырдзыстоны территорийыл не ‘мбæстæгтæй чи баззад, уыдоны æрбахизын кодтой арæныл. Фæлæ уыцы æмбæстæгтæ дыууæ къуыри уыдзысты карантины сæ хæдзæртты. Уырдæм сæм сæ хъус дардзысты медиктæ, куыддæр сæм зæрдæ фехсайа, афтæ уыдон конд æрцæудзысты медицинон уагдонмæ, изоляцион блоктæм.

Хицауады уæнгтæ куыд банысан кодтой, афтæмæй вирус нæ арæнмæ хæстæг кæй æрбафтыд, уый хæссы тæссагдзинад.

«Вирус дунейыл парахат цæуы, æрхæццæ сыхаг Гуырдзыстонмæ æмæ  тæссаг у Хуссар Ирыстонæн дæр уый фæдыл мадзæлттæ хъуамæ райсой медицинæйы сферæйы æппæт профилон кусджытæ дæр», – дзырдта Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик.

Хицауады Сæрдарæн Коцты Маринæ куыд загъта, афтæмæй арæзт æрцæудзæн паддзахадон программæ, кæцымæ гæсгæ Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад бацæттæ кæндзæн мадзæлттæ цæрджыты æдасдзинад бахъахъхъæнынæн. Ацы министрад æмæ Югосетпотребнадзор сæ уæрæсейаг коллегæтимæ хъуамæ саразой иумæйаг æмгуыстады нывæст. Уымæй дарддæр ма хъæуы радтын рекомендацитæ, цæмæй не ‘мбæстæгтæ сæхи рæстæгмæ бахизой, массон æгъдауæй адæм кæм æмбырд кæнынц, уырдæм цæуынæй. Къухтæ сапонæй арæхдæр куыд æхсой, кæнæ дезинфекцигæнæн фæрæзтæй пайда кæной. Кæд æмæ фæрынчын стут хуымæтæджы гриппæй, архайын хъæуы æддæмæ ма хизын æхсæнадон бынæттæм. Хатæны арæх сæрфын хъæуы уымæл хæцъилæй.

Коронавирус иннæ гриппы хуызтæй, фыццаджыдæр, хицæн кæны, адæймагæн йæ буары тæвд бæрзонд кæй вæййы æмæ сур хуыфт кæй фæкæны, уымæй.

Коцты Маринæ ма куыд загъта, афтæмæй республикæмæ æрбахизæны Ручъы арæнхъахъхъæнджытæн цы пост лæууы, уым дæр хъуамæ æвæрд æрцæуа карантин æмæ бæлццæттæ сгæрст цæуой лæмбынæг.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.