Ленингор

Ацы къуыри республикæйы иууыл дæрддагдæр район – Ленингоры администрацийы уыдис хыгъдон æмбырд. Хайад дзы райстой администрацийы хайадты сæргълæуджытæ æмæ хъæусоветты разамонджытæ. Æмбырды нысан уыд администрацийы куыстæн хатдзæгтæ саразын, æмæ дарддæры куыст куыд уынынц, ууыл æрдзурын.

«Ленингоры район рагæй фæстæмæ хъуыстгонд уыд йæ хъæууонхæдзарадон продукцийæ. Ныртæккæ уыцы хъуыддаджы раппæлинаг нæу. Уымæн йæ аххосæгтæй сæйраг у – фаг техникæ нæм кæй нæй. Фæлæ уымæ нæкæсгæйæ, мадзæлттæ агурæм, цæмæй хъæууон хæдзарад йæ къахыл слæууа», – загъта хъæууон хæдзарады хайады сæргълæууæг Битарты Автандил.

Загъта ма, зæгъгæ, зæххытæ смæгуыр сты. Минералон хъацæнтæй сцух сты æмæ ацы ахсджиаг фарстыл хъæуы бакусын. Тыллæгисæн куыстыты афон Цъинагары зонæйы æфснайæн комбайн кæй нæ вæййы, уый  аххосæй тыллæг æххæстбæрцæй æфснайд не ‘рцæуы. Цъинагары зонæйы хъæуты цæрджыты риссагдæр фарста – донхæры доны хъуагдзинад. Ацы зонæйæ ис хъæздыг тыллæг райсæн, фæлæ донхæры аххосæй сæ тыллæг фесæфы.

Рæзты фæндагыл

Районы администрацийы сæргълæууæг цымыдис кодта, фермертæ куыд кусынц, цы æххуыс сæ хъæуы æмæ сæ чи фæнд кæны паддзахадон программæ – «Чысыл æмæ астæуккаг бизнесæн хатырон кредиттæ райсыны программæ»-мæ гæсгæ бизнес-проект бадæттын. Сбæрæг хъæуы ахæм арендаторты, цæмæй сæм фæкæсæм, уымæн æмæ кусæг лæгæн бонизæрмæ кабинетты рахау-бахау кæнын тынг зын вæййы. Донхæры системæйы тыххæй та районы сæргълæууæджы хъуыды у ахæм: уалдзæджы бæстон ссыгъдæг кæнын хъæуы Тирипоны донхæры цæуæнтæ, цæмæй фылдæр дон цæуа архы, уæд гуырдзиаг хъæуты цæрджытæ дæр уыдзысты ифтонг донæй æмæ Цъинагары цæрæг адæм дæр.

«Хъæууон хæдзарады техникæйы хъуагдзинад кæй ис, уый æмбæрстгонд у. Нæй афтæ зæгъæн, ома, нæм «Ирагропромсервис» нæ фæкæсынц. Иуæй-иу хатт комбайн чысыл байрæджы кæны, фæлæ уый тыххæй зæххытæ æгуыст ма хъуамæ баззайой. Ныртæккæ Уæрæсейæн йæхи мидæг зын экономикон уавæр ис, сæйраг æххуыс цæуы фронтмæ. Уымæ гæсгæ афтæ зæгъæн нæй, ома, уыдон райсом махæн æрæрвитдзысты комбайн. Архайын хъæуы нæхи тыхтæй», – радзырдта районы администрацийы сæргълæууæг.

Æмбырды хыгъд радта цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад дæр. Дзæвгар куыстытæ бакæнын бантыст ацы хайадæн. Ивгъуыд аз  май æмæ июны мæйты, Ленингоры районы цы стыр къæвдатæ æруарыд, уыдон аххосæй бирæ хъæутæ баззадысты æнæ донæй. Къæвдатæ фæластой хъæутæм бацæуæн фæндæгтæ. Уыцы куыстыты гуырахст дзæвгар уыд, хъуыд сæрмагонд техникæ. Фæлæ ис афтæ зæгъæн – сæ фылдæр хайыл сын фæтых сты. Ацы хайады сæргълæууæг Битарты Виталик зæгъы, зæгъгæ, ацы аз адарддæр кæндзысты уыцы куыстытæ. Ныртæккæ уыдонæн сæйраг у Ксаны доны былгæрæттæ сфидар кæнын.

Районы ахуырады системæйы уавæрыл дзырдта ахуырады хайады сæргълæууæджы хæдивæг. Йæ ныхæстæм гæсгæ Ленингоры районы ис 16 иумæйаг ахуырадон уагдоны, уыдонæй 11 сты скъолатæ, æмæ æртæ та сабиты рæвдауæндæттæ, сывæллæтты сфæлдыстады галуан æмæ сывæллæтты хæдзар. Иууыл фылдæр ахуыргæнинæгтæ ис Ленингоры уырыссаг, æмæ Цъинагары хъæуы астæуккаг скъолаты. Арæнгæрон скъолаты цъусдæр ахуыргæнинæгтæ ис, фæлæ сæ æхгæнынмæ ничи хъавы. Гуырдзиаг æмæ уырыссаг æвзагыл цæуынц ахуыртæ цæмæй дзы ма уа национ дискриминаци. Районы администрацийы хистæр бафæдзæхста ахуырады хайады сæргълæууæджы хæдивæджы, цæмæй лæмбынæг сæ хъус дарой арæнгæрон скъолаты уырыссаг æвзагыл ахуыртæ куыд цæуы, уыцы процессмæ.

Районы фæсивæд æмæ спорты хайадæн разамынад кæны Бестауты Казимир. Фæсивæд æнæниз цардуаг цæмæй кæной æмæ сæ физикон цæттæдзинад æмбæлон уагыл уа, уый у ацы хайады сæйраг нысан. Фæлæ кæм архайой спорты хуызтæй, ахæм бынатæй бынтон ифтонг не сты. Хъæуы сæ сæрмагонд спортивон зал. Бестауы фырт бахатыд районы сæргълæууæгмæ, цæмæй сын ацы хъуыддаджы баххуыс кæной. Иумæйаг уынаффæйы фæстиуæгæн хатдзæг рахастой поселочы кæй сараздысты бæстыхай æмæ кæй сцæттæ кæндзысты цæрæнуатон-коммуналон хайады æххуысæй, цæмæй поселочъы цæрæг æвзонг фæсивæдæн фадат уа спортæй архайынæн. Фæсивæд æмæ спорты хайады сæргълæууæг дзырдта, районы активонæй уагъд кæй цыдысты спортивон мадзæлттæ ахуыргæнинæты ‘хсæн. Спорты хуызтæй сæм ис дзюдо, теннис, баскетбол æмæ хъæбысæйхæсты секцитæ.

Спортивон мадзæлтты хайад исынмæ, иууыл активондæр сты Орчъосаны æмæ Цъинагары скъолатæ. Ам районы сæргълæууæг бахæс кодта Бестауты Казимирæн цæмæй хуыздæр æнтыстытæ кæцы сывæллæттæн уа, уыдон-иу администрацимæ æрбавдисой æмæ сæ уым цытджын æгъдауæй схорзæхджын кæной грамотæтæ  æмæ æхцайы фæрæзтæй.

Районы администрацийы культурæйы хайады сæргълæууæгæй Жанна Епифанова нысан æрцыд ноябры мæйы. Ацы цыбыр рæстæгмæ цы куыстытæ бакодта, уыцы хыгъдмæ дæр байхъуыстой æрæмбырдуæвджытæ. Районы ногазон бæрæгбонтæм цы мадзæлттæ арæзт æрцыд, æмæ республикæйы культурæйы министрадимæ цы æнгом куыстытæ бакæнынмæ хъавы, уыдоныл æрдзырдта. Районы сæргълæууæг цымыдис кодта поселочы культурæйы хæдзар рæзгæ фæлтæримæ цахæм куыст кæндзæнис 2023 азы. Жанна куыд банысан кодта, афтæмæй йæ разы æрæвæрда хæс – Ленингоры ирон национ культурæ райрæзын кæнын. Ууыл, зæгъ, æз кусдзынтæн иузæрдионæй. Ныртæккæ цы æмвæзадыл ис районы национ культурæ, уымæй бынтон райгонд нæу. Æцæг ивгъуыд азы районы сывæллæттæй чидæртæ хайад райстой республикон æмвæзадыл цæуæг конкурсты. Проект «Зарæг»-ы хайад иста Ленингоры скъолайы ахуыргæнинаг дæр, кæцыйæн уыд дзæбæх фæстиуæг. Цъинагары хъæуы кафджыты къорд хайад райсы канд республикон конкурсты нæ, фæлæ ма йæ фæлгæтты дæр. Фæстæмæ та æрæздæхынц æмбæлон хорзæхтимæ. Библиотекæты куыстыл дзургæйæ та загъта, зæгъгæ, сæ фонд баххæсткæнинаг у нырыккон чингуытæй.

Хыгъдон æмбырдæн фæстиуджытæ сарæзта районы сæргълæууæг. Афæдзы бакæнгæ куыстытæ та банымадта рæстæмбисыл. 2023 азмæ цы нывæзт сарæзта йæхицæн, куыст афтæ кæй араздзæн, администрацийы хайады сæргълæуджытимæ, уымæй зæрдæ бавæрдта.

УАЗÆГТЫ Марфæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.