2019 азы Знауыры районæн цы бантыст саразын, уый фæдыл дзырд цыдис районы администрацийы хыгъдон æрмбырды. Йæ куысты хайад райстой РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, хъæууон хæдзарады министр Пухаты Лев, паддзахадон унитарон куыстуат «Водоканал»-ы генералон директор Цхуырбаты Алан, Парламенты депутаттæ Гæбæраты Инал æмæ Хъотайты Димитр.

Знауыры районы администрацийы сæргълæууæг Хуыбиаты Сослан йæ раныхасы куыд банысан кодта, афтæмæй хыгъдон рæстæджы сæрмагонд хъусдард здæхт цыдис районы цæрджыты социалон ифтонгадмæ, хъæууон хæдзарады, ахуырад, æнæниздзинад хъахъхъæнын, культурæ æмæ спорты рæзтмæ. Афтæ ма хъусдард здæхт цыдис администрацийы структурон дæлхæйттæн хуыздæр разамынд кæнынмæ, паддзахадон унитарон куыстуат «Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады управлени»-йы фадæттæй эффективондæрæй пайда кæнынмæ, цæмæй районы цæрджыты проблемæтæ хуыздæр скъуыддзаг цæуой. Район аграрон регион кæй у, уымæ гæсгæ, йæ сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй цæрджытæн сæ æфтиæгты сæйраг гуырæн сты фосдард, дыргъгуыст æмæ зайæгойгуыст, уыцы нымæцы нæмыгон культурæты æрконд.

Хæууон хæдзарады пайдайы зæххытæ районы æдæппæт ис 16 131 гектары. Уыдонæй 6 995 гектары сты хуым кæнынæн бæзгæ, 8 649 – сæрвæттæ æмæ 486 та – угæрдæнтæ.

 Хуымæн бæзгæ зæххыты районы, сæйраджыдæр, кусынц арендатортæ. 2018-2019 азты ам æдæппæт куыстой 19 арендаторы æмæ сæм цы зæххытæ уыд, уыдоны иумæйаг фæзуат уыдис 1 178 гектары. 21 арендаторы та куыстой бадзырдмæ  гæсгæ 11 мæймæ æмæ сæм уыд 320 гектары.

Аивгъуыйгæ азы арендатортæ фæззыгæнд мæнæу байтыдтой 75 гектары, 652 – уалдзгонд сысджы æмæ 32 гектары та – нартхор. Зæдбадæн æмæ Аунеуы хъæуты та ныккалдæуыд æртæ гектары фæзуатыл сæндон. Инвестпрограммæйы фæлгæтты 19 гектары фæзуатыл арæзт цæуы ног дыргъдон. Дарддæр дыргъдæттæ аразы арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Южный сад» дæр.

Уымæй дарддæр ма аивгъуыйгæ азы, республикæйы Хицауады бацамындмæ гæсгæ, районы администраци инвесторæн рахицæн кодта 350 гектары,  æхсæры къутæртæ ныссадзыны тыххæй.

Знауыры районы территорийыл архайынц 12 зæхкусæгон-фермерон хæдзарады, кæцытæ, сæйраджыдæр, кæнынц фосдарды куыст. Уыцы хæдзарадты æдæппæт ис 2 741 сæры ставдкъах фос, 11 822 сæры мæргътæ æмæ 1 223 та мыды чыргъæдтæ:

 Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады архайды тыххæй дзургæйæ, районы сæргълæууæг банысан кодта, хыгъдон рæстæджы фæндæгты цалцæггæнæн куыстытæ кæй бакодтой ахæм хъæутæм, куыд Хъорнис, Терегуан,  Балта, Цъорбис, Алибар, Циндара, Принеу, Суадæттæ, Фæзыхъæу, Цънелис æмæ Гобозтыхъæумæ. Уыцы фæндæгтæн сæ иумæйаг дæргъ у 28, 7 километры.

Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады тыхтæй ма цалцæг æрцыдысты 6 хисæрмагонд хæдзæртты æмбæрзтытæ, афтæ ма Терегуаны æмæ Хъорнисы хъæууон администрациты бæстыхæйттæ, Хъорнисы ветеринарон фадыг æмæ районон рынчындоны гараж. Уыдонæй дарддæр ма ивгъуыд азы рог цалцæг æрцыдысты Сырхуаты, Лиса, Цънелис, Хъорнис, Фарн æмæ Пичъиджыны хъæуты хидтæ. Хуыбиаты Сослан куыд банысан кодта, афтæмæй зынгæ куыст бачындæуыд доны хызæгтæ цалцæг кæныны фæдыл дæр. Уыдон цалцæг æрцыдысты Дзагъина, Циндара, Калет, Балта, Цънелис, Чдилет, Чъимас, Мухаур, Знауыр æмæ Пичъиджыны хъæуты. Сæ иумæйаг дæргъ у 7,8 километры.

Хæрзарæзт æрцыдис дзюдойы спортивон скъолайы территори.

Инвестицион программæйы фæлгæтты 2019 азы Знауыры поселочы сырæзт 18-фатерон цæрæн хæдзар. Ныртæккæ ам кæронмæ фæхæццæ кæнынц арæзтадон куыстытæ.

Знауыры электрохызæджы кусджытæ капиталон цалцæг скодтой бæрзондвольтон электрохæххытæ Зиулет, Бахъатыхъæу, Гатыгкоты, Азуат æмæ Метъехы хъæуты.

Хыгъдон æмбырды Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик Знауыры районы администрацийы сæргълæууæгæн бахæс кодта, цæмæй йæ контролы бын уой хъæууон бынæтты проблемон фарстатæ, фылдæр хъусдард здахой бынæттон цæрджыты куырдиæттæ рæстæгыл æвзарынмæ, цæрыны уавæртæ сын аразынмæ.

«Æз зонын, хицæн цæрæн бынæтты, фаг, кæнæ бынтондæр кæй нæй нуазыны дон æмæ ацы проблемон фарстайы скъуыддзаг кæнын хъæуы этапгай. Сæйраг хъусдард хъуамæ аздахæм хъæуты цæрджытæм, аразын сын хъæуы æнæмæнгхъæуæг уавæртæ, æххуыс сын хъæуы, цæмæй цæрджытæ фылдæр кæной», – загъта Пухаты Эрик.

Районы администрацийы сæргълæууæг Хуыбиаты Сослан бакæнгæ куыстæн фæстиуджытæ аразгæйæ, ныфс бавæрдта, районы разамынад æппæтдæр кæй сараздзæн, цæмæй ацы азы снысангон плæнттæ æнтысгæйæ æххæст æрцæуой.

«2020 азы нæ тыхтæ, сæйра-джыдæр, аздахдзыстæм районы иууыл актуалондæр хæстæ æххæст кæнынмæ. Нæ нысан у, Знауыры районы цæрджыты царды уавæртæ хуыздæр кæнын», – банысан кодта районы сæргълæууæг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.