Аивгъуыйгæ азы Цхинвалы районы администраци цы куыст бакодта, ууыл дзырд цыдис  администрацийы хыгъдон æмбырды. Йæ куысты хайад райста РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик.

Районы администрацийы сæргълæууæг Мамытаты Вахтанг йæ раныхасы лæмбынæг æрдзырдта, æппæт къабæзты дæр хыгъдон рæстæджы цы бантыст саразын, уыдæттыл. Банысан кодта, зæгъгæ, администрацийы архайд, сæйраджыдæр, здæхт уыдис цæрджыты царды уавæртæ хуыздæр кæнынмæ.

Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады бакæнгæ куысты тыххæй дзургæйæ,  Мамытаты Вахтанг банысан кодта, загъгæ,  капиталон цалцæг æрцыдис Арцеуы хъæууон администрацийы бæстыхай, цыран сты амбулатори æмæ спортзал дæр. Капиталон цалцæг æрцыдис Дменисы хъæууон клубы бæстыхайы фыццаг уæладзыг дæр. Ам ма клубæй дарддæр сты хъæууон администраци, библиотекæ, милицийы хатæн. Сцалцæг кодтой Сарабукъы хъæууон администрацийы бæстыхай, Зары, Дменисы амбулаторитæ, Сарабукъ, Бихъар æмæ Къостайыхъæуы фелдшерон пункттæ. Къостайыхъæуы ма сцалцæг кодтой парчы сценæ, стадион, сарæзтой дзы сывæллæттæн хъазæн фæзуат. Рог цалцæг æрцыдысты районы иннæ скъолатæ дæр.

Сæрмагонд хъусдард здæхт цыдис районы хъæуты цæрджыты нуазыны донæй ифтонг кæнынмæ. Скважинæтæ ныббур кодтой Къусрет, Тъбет æмæ Къостайыхъæуы, дон рауагътой Галуанты хъæумæ. Донуадзæн хæххытæ та сцалцæг кодтой Сацхнет, Мамысантæ, Прис, Дменис, Зар æмæ Рустауы хъæутæм, кæцытæн сæ иумæйаг дæргъ уыд 5700 метры. Æмбонд æрцыдысты аст хъæуы донæмбырдгæнæны.

Хыгъдон рæстæджы канализацион хæххытæ арæзт æрцыдысты Ногхъæуы, Дæллаг æмæ Уæллаг Гудзабары хъæуты. Кæй сцалцæг кодтой, уыцы канализацион хæххытæн та сæ иумæйаг дæргъ уыдис 2600 метры.

Куыст цыдис фæндæгтæ цалцæг кæныныл дæр. Æдæппæт кæй сцалцæг кодтой, уыцы фæндæгтæн сæ иумæйаг дæргъ уыд 20 300 метры.

Уымæй дарддæр ма цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады управленийы кусджытæ зылдысты районы территорийыл уæвæг цыртдзæвæнтæ æмæ мемориалтыл, хицæн хъæуты уынгты телцæджындзтыл бакодтой электроцырæгътæ.

Цхинвалы район аграроныл нымад кæй цæуы, уымæ гæсгæ  районы сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй сæрмагонд хъусдард здæхт цæуы хъæууонхæдзарадон кондад рæзын кæнынмæ, уæлдайдæр та – зайæгой куысты æмæ фосдарды продуктты райст фылдæр кæнынмæ. Хæдзариуæгады ног формæтæм рахизгæйæ, кæй фæнды, уыдонæн фадат ис, цæмæй кусой æмæ уадзой сæхи продукци. Арендатортæн, фермертæн лæвæрд цæуынц зæххы фадгуытæ, фæлæ Вахтанг куыд зæгъы, афтæмæй нырма дзурæн нæй сæ эффективон куыстыл. Æдæппæт арæзт æрцыд 250 бадзырды, фæлæ зæххы фадгуытæ чи райстой, уыдонæй сæ фылдæрæн сæ бон нæу уыдонæй спайда кæнын, зæгъгæ нын нæй, куыд æмæ сæ цæмæй кусæм, уый. Афтæмæй зæххы арендæйы тыххæй бирæтыл ис хæстæ паддзахады раз.

Фæлæ, уыдæттæм нæ кæсгæйæ, хыгъдон рæстæджы районы арендатортæ æмæ фермертæ æдæппæт æркодтой 1100 центнеры нæмыгон культурæтæ. Куыд фермерон, афтæ хисæрмагонд хæдзарадты дæр зымæгмæ холлæгтæ æрцæттæ кодтой 29 800 центнеры æмæ ныр фос æдыхстæй æвæрынц сæ зымæгиуат. Уавæр хуыздæрæй хуыздæр кæны дыргъгуыст  æмæ сæндон куысты къабæзты дæр.

 Раныхасгæнæджы хъуыдымæ гæсгæ цæмæй арендатортæ æмæ фермертæн сæ архайды хорз фæстиуджытæ уа, уый тыххæй сæ æнæкъуылымпыйæ ифтонг хъæуы æнæмæнгхъæуæг хъæууонхæдзарадон техникæйæ, кæй фæнды кусын, уыдонæн хатырон уавæртыл кредит дæттын, се ‘ркæнгæ продукци реализаци кæнынæн æххуыс кæнын, таможнæйон лæггæдтæ хатырон уавæртыл, исады фæдзæхсты дæттын, цæмæй сын æххуыс цæуа стихион æнамонддзинæдты рæстæджы.

Ахуырады къабазы, районы сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй дарддæр куыст цыдис ахуыры гъæд хуыздæр кæнын, ахуырдзау фæсивæды фидæны активон цардмæ бацæттæ кæныны фæдыл. Ацы хъуыддаджы скъолаты педколлективтæн æххуыс кодтой райадминистрацийы ахуырады управленийы методисттæ. Районы скъолаты ахуыргæнинæгтæн сæ 41 проценты сты, хорз æмæ иттæг хорз чи ахуыр кæнынц, ахæмтæ, æмæ ацы бæрæггæнæны раныхасгæнæг мæгуырауыл нæ банымадта.

Ахуырæй дарддæр ахуыргæнинæгтæ хайад истой къласæн æмæ скъолайæн æдтейæ уагъдцæуæг алыгъуызон мадзæлтты, куыд районы, афтæ республикæйы масштабты дæр, æмæ-иу сын уыд хорз æнтыстытæ. Ивгъуыд аз Хетæгкаты Къостайы азæй расидт кæй æрцыд, уымæ гæсгæ бирæ мадзæлттæ ауагътой генион поэты юбилейы цытæн.

Ахуырады къабазы бæрæг æнтыстытимæ районы сæргълæууæг банысан кодта цухдзинæдтæ дæр. Цæвиттон, скъолаты нæй химион кабинеттæ, нæй цæстуынгæ æрмæджытæ ирон, уырыссаг æмæ англисаг æвзæгтæй дæр. Спортивон зал ис æрмæстдæр Къостайыхъæуы астæуккаг скъолайы, иннæты кæнæ бынтондæр нæй  кæнæ та ныры домæнтæн дзуапп нæ дæттынц. Хъыгаг у уый дæр, æмæ ахуыргæнинæгты контингент районы скъолаты кæй  къаддæр кæны.

Дарддæр Мамытаты Вахтанг æрдзырдта администрацийы иннæ хайадты архайдыл, банысан кодта, аивгъуыйгæ азы сæ къухты цы æнтыстытæ бафтыд, афтæ ма сæ разы цы скъуыддзаггæнинаг фарстатæ лæууы, уыдоныл дæр. Афтæ ма загъта, зæгъгæ, районы администрацийы æппæт хайадтæ æмæ управлениты,  хъæууон  администрациты  куыст  цыдис æххæсткæнынадон дисциплинæйы æмвæзад бæрзонддæр кæныныл. «Цхинвалы районы администраци тырны, цæмæй цы фыстæджытæ æмæ куырдиæттæ æрбацæуы, уыдонæн рæстæгыл дзуапп лæвæрд æрцæуа. Мах дарддæр дæр æппæт тыхтæ аздахдзыстæм, цæмæй 2020 азы фæхуыздæр кæнæм районы цæрджыты фæрныгад», – загъта Мамытайы фырт.

Хыгъдон æмбырды раныхас кодта Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик æмæ æвæрццаг аргъ скодта районы администрацийы куыстæн аивгъуыйгæ азы. Перспективæйы районы сæйрагдæр хæстыл уый банымадта хъæууонхæдзарадон кондады къабазы паддзахадон политикæ æххæст кæнын æмæ хъæууонхæдзарадон нысаниуæджы зæххытæй рационалонæй пайда кæнын.

«Æз райгонд дæн, районы разамынад цы куыст кæны, уымæй. Ис размæцыд цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады управленийы куысты, ис æнтыстытæ зæхкусæгон-фермерон хæдзарадты рæзты хъуыддаджы. Тынг ахсджиаг у, хъæууонхæдзарадон продуктты æркондыл чи кусынц, уыдонæн æххуыс кæнын. Нæ фадæттæ нæ куыд амоной, афтæ æххуыс кæндзыстæм районæн æмæ иумæ скъуыддзаг кæндзыстæм сæвæргæ фарстаты. Уавæрæй пайда кæнгæйæ мæ бузныджы ныхæстæ зæгъын фæнды районы администрацийы кусджытæн, кæцытæ бæрнонæй æмæ намысджынæй æххæст кæнынц сæ хæстæ», – загъта Пухаты Эрик æмæ сын йæ цæст бауарзта дарддæры æнтыстытæ.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.