Бæрæг куыд у, афтæмæй фæстаг рæстæджы Хæххон Къарабах æмæ Азербайджаны ’хсæн уавæр фæкарздæр, ис дзы уды зиæнттæ. Ацы цау куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ æппæт Фæскавказы æдасдзинадыл куыд бандавдзæн, уый тыххæй уынаффæ цыд Медиа-центр «Ир»-ы тымбыл фынджы. Йæ куысты хайад райстой Медиа-центр «Ир»-ы кусджытæ Гаглойты Иринæйы сæргълæудæй, постконфликтон уавæр бæстонкæнынады фæдыл Хуссар Ирыстоны Президенты æххæстбарджыны хæдивæг Санахъоты Дауыт, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Коцты Алан, РХИ-йы Парламенты Хицауады æххæстбарджын Гобозты Вячеслав, Хъахъхъæнынады министрады минæвар Сиукъаты Вадим, фыццаг æмæ фæндзæм сæвзæрст Парламенты депутат Кокойты Геннади, журналист Саулохты Мадинæ, эксперттæ, политологтæ.
Мадзал уагъта эксперт, журналист Уазæгты Юри. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй Хæххон Къарабахы конфликты фарст абоны бон актуалон у æмæ йыл уый тыххæй хъæуы лæмбынæг æрдзурын.
«Хæххон Къарабахы конфликт кæд æрсабыр Уæрæсе, Герман æмæ æндæр бæстæты фæрцы, уæддæр æм æнхъæлмæкæсæн уыд, фæстаг афæдз æмæ æрдæджы дæргъы диверсион архайдтытæ, алыгъуызон инциденттæ, æхстытæ кæй уыд, уымæ гæстæ. Конфликты сытынгæн иууыл дырысдæр прогнозтæ лæвæрдтой Гуырдзыстоны эксперттæ, кæцытæ дзырдтой, зæгъгæ, æввахс иу-дыууæ азмæ фæкарздæр уыдзæн Хæххон Къарабахы конфликт. Фæстаг дыууæ мæйы дæргъы Гуырдзыстоны дипломаттæ æмæ Хъахъхъæнынады министрады минæвæрттæ арæх æмбæлдысты Сомихстон æмæ Азербайджаны коллегæтимæ. Гуырдзиаг дипломаттæ дзырдтой серьезон тасдзинады тыххæй, уымæн æмæ сомихæгтæ æмæ азербайджайнæгты ’хсæн уæрæхмасштабон хæстон архайдтытæ куыдфæндыйæ дæр бандавдзысты Гуырдзыстоныл дæр — кæцыфæндыйы фембылдæй дæр састы бынаты баззайдзæн Гуырдзыстон дæр.

Алкæмæн дæр æмбæрстгонд у, ныры уавæр чи сцырын кодта, уыцы тыхтæ ууыл нæ банцайдзысты, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, цы процесстæ райдыдтой, уыдон иу кæнæ иннæ хуызы адарддæр уыдзысты. Æппæт уыцы процесстæм гæсгæ мах цымыдис кæнæм Хуссар Кавказы уавæрмæ, уымæн æмæ мах стæм уыцы регионы æмæ тæссаг у, уыцы конфликт Хуссар Ирыстоныл дæр куы бандава, уымæй», — загъта Уазæгты Юри.
Уый куыд банысан кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстонæн Хæххон Къарабахимæ хæларадон ахастытæ ис. 25 азы дæргъы уыцы ахастытæ фидарæй фидардæр кодтой куыд Хуссар Ирыстоны ‘рдыгæй, афтæ Хæххон Къарабахы ‘рдыгæй дæр, афтæ ма дыууæ паддзахады историтæ дæр кæрæдзийыл баст кæй сты нæ адæмты тох хæдбардзинад, сæрибардзинад æмæ хъысмæт скъуыддзаг кæныны барты сæрыл, уый дæр дзурæг у, Хуссар Ирыстон Хæххон Къарабахы фарс кæй у, ууыл.
Мадзалы раныхас кодта Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Коцты Алан дæр. Уый куыд загъта, афтæмæй «Хæххон Къарабахы конфликт бандавдзæн æрмæст Хуссар Кавказыл нæ, фæлæ æнæхъæн Кавказыл дæр.
Мах лæмбынæг нæ хъус дарæм уавæрмæ, æдзух ныхас кæнæм нæ къарабахаг коллегæтимæ. Хæххон Къарабахимæ нын рагæй ис æфсымæрон ахастытæ. Фæстаг цауты тыххæй мах сарæзтам хъусынгæнинаг дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, уый кæйдæрты зæрдæмæ нæ фæцыд. Хæххон Къарабах нын хæларадон паддзахад у, ис организаци «СНГ-2»-йы сконды, кæцы сырæзт 2000-æм азы. Мах æй æмбарæм, ацы конфликт Къарабахæн æппындæр ницы цымыдис хæссы, уый йæ арæнты хъахъхъæны, йæ паддзахаддзинад аразы, размæ цæуы.
Хæххон Карабахы æмæ Хуссар Ирыстоны уавæртæ кæрæдзийæ хицæн кæнынц, фæлæ уыимæ иумæ ис ахæм тæппытæ, кæцытæм хъус æрдарын хъæуы. Сæрмагондæй та Хæх-хон Карабах, Азербайджан æмæ Сомихстонæн ис ахæм документтæ, кæцытæ барадон фæткмæ гæсгæ, фидар кæнынц тыхæй ма спайда кæныны принцип. Уыцы документтæ арæзт æрцыдысты 2000-æм азы. Сæ къухтæ сыл æрфыстой Сомихстоны Президент Серж Саркисян, Уæрæсейы Федерацийы уæды Президент Дмитри Медведев æмæ Азербайджаны Президент Ильхам Алиев. Документы нысан æрцыд, зæгъгæ, уыцы бæстæтæ тырндзысты Хæххон Карабахы алыварс конфликт политиконæй æрбæстон кæнынмæ æмæ йын дарддæр йе статус, тыхæй не спайда кæнгæйæ, сбæрæг кæнынмæ. Нæ уавæр та у афтæ, æмæ 25 азæй фылдæр рæстæг архайæм, цæмæй Гуырдзыстонимæ арæзт æрцæуа юридиконæй бæрнджын документ тыхæй ма спайда кæныны тыххæй. Карабахы фæстаг цаутæ нын куыд фенын кодтой, афтæмæй махæн дæр æрмæст юридиконæй бæрнджын документ саразын фаг нæу, ахъуыды кæнын хъæуы нæ хуссары арæнты ноджы хуыздæр сфидар æмæ сæдас кæныны тыххæй æмæ Гуырдзыстонæй æрдомын хъæуы æрмæст тыхæй ма спайда кæныны тыххæй юридикон документтыл къух æрфыссын нæ, фæлæ ма саразын хъæуы демилитаризацигонд зонæ Гуырдзыстоны территорийыл, уымæн æмæ цалдæр хатт Гуырдзыстон æрбабырста Хуссар Ирыстонмæ.
Конфликт куы фæкарздæр уа, уæд ын Хуссар Кавказы цы фæстиуджытæ уыдзæн, уый тыххæй йæ хъуыдытæ загъта Санахъоты Давид. Уый куыд загъта, афтæмæй конфликт ногæй куы сцырын уа, йæ æрбæстон кæнынæн æмбæлон мадзæлттæ ист куынæ рцæуа, уæд йæ фæстиуджытæ уыдзысты катайаг æмæ бандавдзысты æрмæст Хуссар Кавказыл нæ, фæлæ анхъæвздзысты дæрдтыл.
«Æнæмæнгæй уым стыр ролы ахъаздзысты, Фæскавказы чи нæ ис, фæлæ алы æмæ алы организациты чи ис æмæ сæ цæдисонты æвварс чи хæцы, уыдон. Растдæр зæгъгæйæ та анхъæвздзæн бирæ бæстæтыл. Афтæ куы рауайа, æмæ серьезон архайдтытæ куы райдайой, уæд кæд абон нæ, уæддæр сом Хуссар Ирыстоныл дæр бандавдзæн. Уыцы хъуыддаджы ахсджиаг ролы ахъаздзæн Гуырдзыстоны ахаст Хуссар Ирыстонмæ, кæцы нæ фæивта 2008 азы августæй фæстæмæ. Уый бæрæг у Женевæйаг дискусситæй дæр. Куыд уынæм, афтæ-мæй Гуырдзыстон фыстæй нæ, фæлæ ныхасæй дæр нæ разы кæны тыхæй ма спайда кæныны тыххæй гаранти радтыныл», — загъта Санахъоты Давид.
Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй ацы фарст Гуырдзыстонимæ аскъуыддзаг кæнын хуымæтæг хъуыддаг нæу, æмæ Хицауад кусы йæ аскъуыддзаг кæныныл.
Кокойты Геннадийы ныхæстæм гæсгæ, Азербайджан æмæ Хæххон Карабахы ’хсæн уа-вæр фыццаг хатт не скарз, æмæ, æвæццæгæн, тагъд рæстæджы дæр нæ аскъуыддзаг уыдзæн.
«Конфликты истори дæсгай азты размæ нæ, фæлæ сæдæ-гай азты размæ райдыдта æмæ уый тыххæй конфликтон уавæр уым кæдфæнды дæр уыдзæн, уый тыххæй йæ аскъуыддзаг кæнын æнцон хъуыддаг нæу. Хуссар Ирыстоныл куы дзурæм, уæд, мæ хъуыдымæ гæсгæ, Гуырдзыстонимæ конфликт æрбæстон дæргъвæтин рæстæгмæ Уæрæсейы политикон къахдзæфы фæрцы», — загъта Кокойты Геннади.
Тымбыл фынджы иннæ хайадисджытæ дæр уынаффæ кодтой Хæххон Карабахы конфликты тыххæй æмæ сæ фарсхæцынад равдыстой æфсымæрон карабахаг адæммæ.
ОСИАТЫ И.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.