Адæмы, ахуырады, Фыдыбæстæйы чи хъæуы, ахæм чиныг рухс куы фена, уæд уый æрмæст удыбæстæ нæ, фæлæ нацийæн цинхæссæг зынгæ цау у. Æмæ ахæм бæрæгбонхæссæг чингуытæ фæстаг рæстæджы Ирыстон не ’взæрмæбæлджыты фыдæнæн уыны фылдæрæй-фылдæр.
Уыцы чингуытæм æнæдызæрдыгæй хауы Хъазиты Мелитоны цалдæртомон зонадон куыст «Ирон литературæйы истори».
Ацы бонты райстам чиныджы 4-æм том æмæ йын ЦГЪОЙТЫ Аринæ бахатыд йæ автормæ, цæмæй нын сдзуапп кæна, нæ газеткæсджыты чи цымыдис кæнынц, ахæм цалдæр фарстæн.

— Мелитон, ацы чиныг фыццаг ахæм бафæлвæрд нæу, фæлæ нын цыбыртæй куы радзурис, ирон аив литературæйы истори ахуыр кæнын куыд райдыдтам, уый тыххæй.

— Мах хъуамæ сæрыстыр уæм нæ нывæфтыд литературæйæ. Æппæт Кавказы адæмты литературæтæй ирон литературæ хауы иууыл хъæздыгдæртæм, кæд æм цæрæнбонты, куыд фембæлы, иннæ адæмтæ сæ аивад æмæ фысджытæн хъулон митæ куыд фæкæнынц, махмæ ахæм æркаст никуы уыдис, уæддæр.
Паддзахад йæ адæмимæ фæцæуы размæ. Æнæ сæ кæрæдзи сын фидæн нæй æмæ йыл æнæраны хъуыды кæнын дæр нæ хъæуы. Раст афтæ сты литературæ æмæ йæ истори дæр. Литературæ куы уа, куы рæза, уæд йæ истори, абон уа æви сом, уæддæр йемæ ма цæуа размæ, уый гæнæн нæй.

Ирон литературæйы истори раджы райдыдта. Далæ йыл ивгъуыд æнусы райдайæны Гæдиаты Цомахъ зæрдæбынæй хъуыды кодта. Арæзта йын йæхихуызон куысты нывæз-тытæ. Фæлæ 1930-æм азы, хъыгагæн, цардхъуагæй йæ фæндтæ йæ хъуыры фæбадтысты.
Уый фæстæ дæр йæ ныффыссыныл уыдис бафæлвæрдтытæ. Фæлæ йæ кæцыдæр хай уæддæр æххæстæй равдисын йæ къухы никæмæн бафтыдис филологон зонæдты доктор, профессор Джусойты Нафийы онг. Уый ныффыста докторон диссертаци «История осетинской литературы» (Октябры революцийы агъоммæ) æмæ йæ бахъахъхъæдта æнтысгæйæ. Чиныг дыууæ томæй рухс федта ивгъуыд æнусы (1980, 1985).
Фæстæдæр уыцы куыст адарддæр кодта филологон зонæдты кандидат, профессор Джыккайты Шамил йæ чиныг «Ирон литературæйы истори (1917 — 1956)»-йæ (2002).
Фæлæ уыцы куыст адарддæр кæнын хъуыд, цæмæй нæ нывæфтыд литературæйы рæзты фæндаг фенæм æххæстæй. Æмæ абон нæ къухы цы том ис, уый дæр хауы уырдæм.

— Нафи нæ литературæйы историйы райдайæн дыууæ томы бацæуын кодта. Шамил ныффыста иу том. Ды нæ литературæйы историйæ цы хай фыссыс, уый цæмæн у бирæтомон?

— Æз дæр, зæгъæн ис, ног Америкæ нæ бакодтон. Ацыдтæн, уыдон цы фæндагыл рацыдысты, уæлдайдæр, Нафийы равзæрст фæндагыл — алы зынгæ фыссæджы сфæлдыстад дæр цыбыр зонæнты хуызы нæ, фæлæ цыбыр монографийы хуызы равдисыны фæндагыл. Æмæ уый мæ куысты, хъус æм æрдаргæйæ, бæрæгæй зыны.

Фæлæ, мæ размæ нæ литературæйы истори чи фыстой, уыдон фысджыты сфæлдыстад кармæ гæсгæ фæд-фæдыл рафæлгъауыныл куыд ныллæууыдысты, мæнмæ мæхиæрдыгæй уыцы фæндагыл ацæуын раст нæ фæкаст. Æмæ уымæн ис йæхи бындур.

Нæ литературæ æрмæст фысджытæм гæсгæ нæ рæзт, фæлæ йыл бирæ бæрцæй æндæвта рæстæг. Алы хатт ын нæ лæвæрдта йæ къабæзтæ йæхи фæндиаг айтынг кæныны фадат. Нафи йæ Историйы 2-томон уымæн фæцис 1917-æм азыл, Шамил — 1956-æм азыл.

Махмæ 1917-æм азы нæ фæуæлахиз Октябры революци, фæлæ, кæй уæрдоныл бадыс, уый зарæг хъуамæ кæнай. Уæрæсеимæ нæ къах æмист куынæ кæнæм, уæд нæ хъуыддæгтæ ныссуйтæ уыдзысты. 1956-æм азы та Компартийы ХХ-æм съезды фæстæ цыма фæцис тоталитарон режим. Фæлæ нырма йæ фæдыл, — уæлдайдæр, ирон фысджытæн, — къуыдыртæ баст уыдис.
Нæ фысджытæн сæ бон нæ уыд сæ зæрдæтæ æмæ сæ курдиатмæ гæсгæ сæ уæнгтæ айтынг кæнын. Нывæфтыд литературæйы алы жанр æмæ нæм алы кары фысджытæй алчи йæхирдыгонау рæзтысты æмæ бадтысты сæ гаччы. Уый тыххæй æз равзæрстон ацы фæндаг. Ома, сæ алчи куыд рæзтис æмæ нæ литературæ йæ гаччы куыд бадт, нæ литературæйы фыццаг классиктæ йæ цы фæндагыл сæвæрдтой, уыцы фæндагмæ фæлтæргай куыд здæхтыстæм, уый литературæзонады хуызы равдисын.

— Фыццаг томы æвдыст цæуы, ирон поэзийы æндидзæн рæстæг, кæд дæлсæры «Ирон нывæфтыд литературæйы æндидзæн дуг» хуыйны, уæддæр. Цыппæрæм томы дæлсæр у «Ирон поэзийы æв-зист рæстæг». Иннæ томтæ та куыд уыдзысты?

— Развæлгъау æппæт æргом кæнын хорз нæу. Фæлæ ацы чингуытæй бæрæг у, æмткæй дзырд кæд ивгъуыд æнусы дыккаг æрдæгæй фæстæмæ ирон литературæйы историйыл цæуы, уæддæр уыцы истори йæ ацы чингуыты арæзтмæ гæсгæ кæй дих кæны хицæн темæтыл. Æмæ сæ фендзыстæм, æмткæй сисгæйæ сау дывыдон дуджы фæстæ партийы ХХ-æм съездæй райдайгæйæ куыд рæзт нæ поэзи, нæ прозæ, нæ драматурги.

фтæ ма базонгæ уыдзыстæм алы кар нæ литературæйы рæзтмæ цы бавæрд хаста æмæ сæ абон сæрыстыр цæй тыххæй стæм, уыдæттимæ.

Зæгъæм, æхсайæмазонтæ кæй хуыдтой йæ рæстæджы раздæры Советон Цæдисы, уыдон лæггад æппæт советон адæмты аив литературæты дæр стыр уыдис. Ирон поэзийы æхсайæмазонты Нафи схуыдта «ирон поэзийы ног фæлтæры хуыздæртæ». Æмæ «ног фæлтæры хуыздæртæ» цæмæй уыдысты, уый ахуырдзау фæсивæдимæ хъуамæ зоной нæ адæм дæр, уæлдайдæр, нæ интеллигенци.
Литературæ æнæ адæм æгомыг у, адæм æнæ литературæ æнæбындур. Уымæ гæсгæ, не ’ппæт дæр хæсджын стæм, лæууæм нæ аив литературæйы æнцой, æмæ уæд бауыдзæнис йæ бон, дунейæн нын равдиса не ’ппæт аивтæ.

— Литературæйы историйы ацы том цæмæн хуыйны «Ирон поэзийы æвзист рæстæг»?

— Ивгъуыд æнусы дыууынæм азтæй фæстæмæ нæ литературæ цы тæрæнты фæцис, нæ фысджытыл 37-æм азы куыд хуыздæрæй цы тугуарæн ныккодта, 50-æм азты цы уынгæджы бонты уыдысты, уый аргъæутты дзургæйæ дæр никæй бон бацæудзæнис равдисын. Къоста, Секъа, Елбыздыхъо, Арсен æмæ иннæ ирон фысджыты стыр аивад ивд æрцыд деклоративон, риторикон æмæ прокламацион дзæнгæдайæ.

Æцæг фысджыты бынат бацахстой алы къозбау ми кæнджытæ æмæ дымыстæртæ. Нывæфтыд дзырд баивтой аслам мидбылхудт æмæ «æппæлæн» зæрдæхæццæгæнæнтæй. Нал зыдтой намыс æмæ цæсгом. Аив дзырды бæсты литературæйы тыхтъыст кодтой се ’нæаивад. Сæ цъыф калдтой Фыдыбæстæйон Стыр тугкалæны хæстонтæ Гафез, Грис, Нафи, ирон поэзийы зæрингуырд Алыксандр æмæ бирæ æндæртыл.

Æмæ нæ хуыздæртæн ХХ-æм съезды фæстæ фадат куы фæцис тоталитарон æфсæн цæг атонынæн, уæд нæм уыдон фæстæ цы дзæвгар поэттæ фæзынд — Дзаболаты Хазби, Бестауты Гиуæрги, Козаты Исидор, Дзуццаты Хадзы-Мурат… Поэтты, уымæй дæр цахæм поэтты æнæхъæн фæлтæр! Æрмæст ирон поэзимæ нæ, фæлæ ирон литературæмæ, æнæхъæн Ирыстонмæ се сфæлдыстадæй каст æмæ кæсы хур. Цæмæй нæ басгуыхт уый нæ ирон поэзийы æвзист рæстæг?!.

Æнцон сын нæ уыд, фæлæ цыдысты размæ. Гиуæрги уымæн дзырдта:

Ма, мæ хæлар, сойбыл зарæг ма кæн,
Афтæ ’нцон дæр нæу зæххыл фæцæрын.
Цардвæндаг дæрзæгтæ конд у, какон:
Ис æвзонгæй урсхилтæ мæ сæры.

— Нæ хуыздæр фысджытæй дарддæр дæ «Ирон литературæйы истори»-йы чингуыты кæронæй вæййы сæрмагонд сæр — «Литературæйы зиууонтæ» æмæ сæ цæмæ гæсгæ кæныс ахæм дихтæ?

— Æз сæ нæ дихтæ кæнын. Историфыссæгæн йæ цæсгом истори зыгъуыммæ кæныны бар ма хъуамæ дæтта. Нæ литературæйы истори æз фыссын ирон нывæфтыд литературæ астæуккаг скъолатæ æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты сфидаргонд программæтæм гæсгæ.

Лæмбынæг дзырд кæй сфæлдыстадтыл цæуы, уыдон сты уыцы программæты. Алчи дзы уа, уый гæнæн нæй. Фæлæ, программæтæм чи нæ хауынц, уыцы фысджытæм дæр хор-зæй, адæмы рæгъмæ рахæссинагæй цы уацмыстæ ис, уыдон кой куынæ скæнæм, уæд, мæнмæ гæсгæ, уый раст нæ уыдзæнис. Уый тыххæй, программæтæм чи нæ хауынц, уыцы фысджытæй бирæты, мæ къух мæ куыд самоны, афтæ бахæссын «Литературæйы зиууонтæм».

Æниу мын Нафи, хъуыддагмæ куы ’рæвнæлдтон, уæд батæригъæд кодта: «Бахæрдзысты дæ, программæтæм чи нæ хауынц, уыцы фысджытæ». Фæлæ, бирæгъæй чи тæрсы, уый хъæдмæ нæ цæуы.

— Æвæццæгæн, бирæтæ бацымыдис кæндзысты — дыккаг томæй цыппæрæм том цæмæн фæраздæр, зæгъгæ?

— Куы загътон, адæймаджы буарау, «Истори» иу чиныг у, фæлæ дзы алы том дæр хицæнæй у сæрмагонд чиныг. Уымæ гæсгæ дзы чи кæцы фæнды рæстæджы рацæуæд, сæ кæрæдзи нæ хъыгдарынц.
Æнæуый та, дæ сынтæг куыд у, афтæ адаргъ кæн дæ къæхтæ. Финансон авналæнты тыххæй афтæ рауад. Бæндæн иудагъæй кæм не ’ххæссыд, уым æй дыдагъ куыд кодтаин.

— Æмæ ма кæронбæттæны иу фарст: цы дæ фæнды нæ зынаргъ газеткæсджытæн?

— Нæ газеткæсджытæ сæйраджы-сæйраг нæ ирон адæм сты, кæд уыдон дæр иууыл нæ кæсынц ирон газет, ирон журнал, ирон чиныг, уæддæр. Уый тыххæй сын зæрдæбынæй арфæ кæнын, цæмæй, нæ зымæджы фæстæ нæ уалдзæджы къухы куыд бафтыдыстæм, афтæ иууылдæр сабийæ зæрондмæ уой æнæниз, сæрæгас; нæ Сæрибар куы райстам, уæд Ирыстоны арв кæддæриддæр уа райдзаст, хурæфсæст.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.