Ирон адæмы цытджын хъæбул Хетæгкаты Къоста алывæрсыг курдиаты хицау кæй уыд, уымæн ма æвдисæн у уый дæр, æмæ стыр æвæрæн кæй бахаста Кавказы географи æмæ экологимæ дæр. Фыццаджыдæр, стыр аргъ скæнæн ис йæ дзыллон лекцитæн, Цæгат Ирыстоны хæххон регионты æмæ йæ райгуырæн Нары тыххæй. Йæ лекцитæ æмæ беседæты бындуры та уыдысты йæхи сæрмагонд цæстдардтæ, бирæ кавказаг экспедициты æмæ ахуыргæндты раныхæстæ, кæцытæ мыхуыргонд цыдысты уæды рæстæджы газеттæ æмæ журналты.

Къоста Нары æрдзон бынæтты экологон-географион афыстытæй, аивадон ахорæнтæй ныв кæнгæйæ, дæтты зайæгойты æмæ цæрæгойты дунейы бæлвырд миниуджытæ, дзуры Нары хъæуы хæхты фæрæзтæ æмæ алфæмблай зæххытæй хæдзардзинæй пайда кæныныл.

Къоста æнцонæмбарæн æвзагæй фыста уæды Цæгат Ирыстоны, Кавказы æмæ æппæт Уæрæсейы Хуссары экономикæйы рæзты тыххæй. Йе сфæлдыстадон архайды сæрмагонд бынат ахсы скъолайы географион чиныг. Уый карзæй критикæ кодта М. Мостовойы географийы ахуыргæнæн чиныг, афтæмæй уæды рæстæгмæ уый уагъд æрцыд аст хатты. Къоста бафиппайдта, Цæгат Кавказы регионты хæххон бынæтты афыстыты кæй ис  стыр цухдзинæдтæ. Бацамыдта, ахуыргæнæн чиныджы æрдзон объектты экологон-географион равæрдтытæ зыгъуыммæгонд кæй æрцыдысты, уый. Бирæ рæдыдтытæ ссардта цæрджыты миграцийы фарстаты фæдыл фыст иуæй-иу æрмæджыты æмæ куыстадон хъарутæ равæрыны географийы дæр.

Къостайы хъуыдымæ гæсгæ, географи ахуыр кæнгæйæ, аразын хъæуы экскурситæ. Уыдон фæрцы сывæллæттæ хуыздæр бамбардзысты æрдзон объекттæ æмæ се ‘хсæн бастдзинæдтæ. Бæстæзонæн архайд ныртæк-кæ дæр скъолайы у ахуырады ахсджиаг мадзæлттæй иу.

Къоста стыр æргом здæхта Ирыстоны хæдзарадон комплексы, фæллойадон фæрæзтæн аргъ дæттыны фарстатæм, рох дзы нæ уыдысты транспортон, фæндагон хъуыддæгтæ дæр. XIX æнусы кæрон Ирыстоны экономикæйы аграрон реформæйы архайд тыхджындæр уыд, сæудæджерадимæ абаргæйæ. Иумæйаг æхсæнадон продуктты 80 проценты онг уыдис хъæууонхæдзарадон продукци. Дарддæр, хæххон уавæрты хъæууон хæдзарадыл дзургæйæ, Хетæгкаты Къоста сбæрæг кодта, къуылдымтыл хуымзæххытæ аразгæйæ, ирон хæххон лæг, цæмæй хоры культурæты тыллæг æрзайын кæна, цæмæй афæдзæйафæдзмæ йæ бинонты аирвæзын кæна, уый тыххæй цы бирæ фыдæбæттæ æмæ тухитæ фæкæны, уый.

Сæудæджерады уавæр дæр хуыздæр нæ уыд Ирыстоны. Фылдæр куыстуæтты пайдагонд цыдис хуымæтæджы мадзæлттæй. Сæйраг куыстадон товартæ уыдысты: цырæгътæ, агуыридуртæ, цæрмттæй конд продукци, хоры æмæ хъæдæрмæджы куыстад. Æппæт куыстуæтты дæр хъæууон хæдзарадау пайда цыдис уæнгдых фæллойæ. Продукцийы фылдæр хай хардзгонд цыдис бынæтты, къаддæр хай та-иу ласын бахъуыд Уæрæсемæ.

Ирыстоны ахсджиагдæр уыдысты, куыд хæхты, афтæ быдыр дæр, фæндæгтæ æмæ транспорты куыстимæ баст фарстатæ. Уымæ гæсгæ Къоста иу æмæ дыууæ хатты нæ дзырдта уый тыххæй. Йæ зындгонд бæлвырд амынд цæуы хæххон фæндæгты æдзæллаг уавæр: стыр митуардтæ, зæйцæуæн бынæттæ, азæйазмæ стыр тасдзинад æвзарын кæнынц адæмæн. Æнæхъæн мæйдæргъы дæр сын иудзинад нал вæййы æддагон дунемæ.

Уæды рæстæджы, экономикæйы уавæрæн аргъ кæнгæйæ, Хетæгкаты Къоста дзырдта, зæгъгæ, фæндæгтæ æмбæлон хуызы куы уаиккой, уæд бирæ туристтæ æмæ экскурсанттæ цæуиккой Кавказмæ æмæ хорз æфтиаг хæссиккой къазнамæ. Хæххон хъæууон хæдзарады продукци та стыр гуырахсты ласæн уаид фæсарæнтæм. Уæдæ уым техникæ балхæнæн дæр гæнæн ис нæ продукцийы ныхмæ, цæмæй хæххон зæххытæ æнцондæр кусæн уой хойраджы продукци райсынæн, холлаг та – арæзтад æмæ металлургион куыстуæттæн æмæ афтæ дарддæр.

Уæлдай фылдæр æргом Къостайы экологон-географион куыстыты здæхт цæуы хохæгты царды фарстатæм зымæгон уавæрты. Уымæн æмæ ма уæд сæрдыгон сагъæстыл æмæ æндæр зындзинæдтыл бафтынц сугцæттæгæнæн куыстытæ дæр, цæрæнуат хъарм цæмæй уа æмæ хæринаг кæнынæн дæр уавæртæ уа. Иуныхасæй, цард æнцондæр уыдис, хъæд æввахсдæр кæмæ уыдис æмæ суг æрæфтауц кæнын зын кæм нæ уыд, ахæм хæххон хъæуты цæрджытæн. Къоста дзырдта, зæгъгæ, хъæдтæ æнауæрдонæй кæй цæгъдынц, уæлдайдæр, хихджын бæлæстæ, уый тыххæй къуылдымты зæххытæ фæлахс кæнын кæй райдыдтой, стæй ахæм уавæр æвзæрæрдæм зыны цæугæдæттыл дæр.

Къостамæ гæсгæ ахсджиаг уыдысты Садоны хуызджын згъæрты æвæ-рæнтæ хæдзардзинæй пайда кæныны фарстытæ дæр. Уæды рæстæджы Ирыстоны рæзын райдыдта сæудæджерад, æмæ Къоста тыхсти хицæн къæпхæнты кусджытыл, уæлдайдæр, хохæгты кусгæ бон 10-12 сахаты кæй уыдис, ууыл. Фæллой хъахъхъæнынæн æрзæткъахæнты хицæуттæ ницы мадзæлттæ арæзтой, чысыл æгъдаухæлды тыххæй дæр стыр ивартæ кодтой кусджыты, фæллой кæнын та сæ хъуыд зынвадат хæххон-геологон æмæ экологон уавæрты.

Сæрмагонд экологон-географион ахуырад нæ уыдис Къостамæ, афтæмæй сарæзта, адæймаг дæргъвæтин рæстæг кæй бахъуыды кæны æрдзы хицæн хæйтты, ахæм нывтæ.

Къоста экологийы тыххæй куы фыста, уæдæй абонмæ кæд æнусæй фылдæр рацыд, уæддæр абон уыцы темæ у актуалон. Æндæр æмæ æндæр чъизидзинæдтæй æвзæрæй-æвзæрдæр кæны цæугæдæтты экологион уавæр. Хъыгагæн, мах рæстæджы дæр хæдзардзинæй пайдагонд нæ цæуы, Къоста кæуыл фыста, уыцы алфæмблай æрдзы æндæр фæрæзтæй.

Æрмæг мыхуырмæ бацæттæ кодта

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.