Ныр æртыккаг аз афæдзы кæрон, республикæйы разамынд банымайы йæ районты рейтинг цардуаджы алы къабазы дæр. Иу азы бæрæггæнæнтæ банымайы иннæ азы кæрон. Уый у конкурс районты ʻхсæн. Æрвылаз дæр дзы вæййы уæлахиздзаутæ.

Ныр дæр та адæмы æрфарстыты бындурыл 2020 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, экономикон-финансон къабазы хуыздæртыл нымад æрцыдысты Мæздæджы, Æрæфы æмæ Кировы районтæ. Социалон къабазы дæр лидер сси Æрæфы район, стæй ма Алагир æмæ Рахисфарсы районтæ. Ныр та уæлахиздзауты ‘хсæн дих цæудзысты бынæттæ. Фыццаг бынат бацахсæгмæ æрхаудзæн 10 милуан сомы, дыккагмæ – фондз милуан, æртыккаг бынатæн та æртæ милуаны.

Экономикон рæзты министры хæдивæг Олег Быкадоров куыд загъта, афтæмæй ахæм конкурсты архайын у хорз мадзал. Алчидæр тырны фыццаг бынат бацахсынмæ æмæ зæрдиагæй архайы йæ хæстæ æххæст кæныныл. Цы фæрæзтæ райсой, уыдон та ацæудзысты районты хæрзвадат скæнынмæ.

Ацы азы бæрæггæнæнтæ та банымайдзысты фидæн азы.

 

ИНВАЛИДТÆН  ÆХХУЫСÆН

Ирыстоны бирæ ис сахъат уæвгæйæ спорты къабазмæ стыр бавæрæн чи бахаста, сæ къухты стыр æнтыстытæ кæмæн бафтыд, ахæмтæ. Уыдонæй бирæтæ схызтысты Паралимпиадæйы бæрзæндтæм дæр. Фæлæ, хъыгаг у, ахæм фæсивæдæн нырмæ сæрмагонд спортивон комплекс кæй нæ уыд, уый. Ахæм бæстыхайы арæзтад республикæйæн ахсджиаг у. Йæ арæзтадыл ныхас рагæй цыди.

Ныр республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы указæй ног азы райдайæнæй бавналдзысты сæрмагонд физкультурон-æнæниздзинады комплексы бæстыхай аразынмæ. Комплекс уыдзæн Спорты министрады дæлбар, арæзтадыл дæр разамынд дæттдзысты уыдон. Комплекс ифтонг уыдзæн сахъат адæймæгты æнæниздзинад фидар кæнынæн æмæ спорты архайынæн цы хъæуы, уыдонæй алцæмæй дæр. Зæгъæм, бассейн, спортивон залтæ, тренажертæ, хæрæндон, уылæфæн бынат, дохтырты уат, пандустæ…  Уыдон æндæр ахæмтæй хицæн кæндзысты бирæ цæмæйдæрты. Уыцы иу рæстæг дзы архайæн уыдзæн иу 200 адæймагæн.

Ныридæгæн цæттæ цæуы объекты проектон-сметон документаци. Сахъат спортсментæн спорты архайынæн æмбæлгæ уавæртæ саразын у республикæйы разамынды хæс, цæмæй Ирыстоны спорты фылдæр æнтыстытæ уа.

 

БÆЛЦÆТТÆ – ÆНÆ БИЛЕТÆЙ

Ацы бонты Цæгат Ирыстоны Парламент сфидар кодта ног закъоны проект. Ацы проектмæ гæсгæ, нырæй фæстæмæ 16 азы онг кæуыл цæуы, ахæм бæлцæтты æнæ билет æмæ æхцайæ æхсæнадон транспортæй рахизын кæныны бар нал ис.

Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм цаутæ арæх уыд. Сывæллæттæм-иу арæх транспортыл бадгæйæ æхца нæ разынд, кæнæ-иу сын бахардз сты, кæнæ нæ фаг кодтой æмæ-иу сæ дурзæрдæ шофыртæ кæны кондуктортæ феддæдуар кодтой. Сывæллонæн йæ ныййарджытæй йемæ куы ничи уа, афтæмæй йæ æхцайы тыххæй куы рахизын кæнай, уæд уый у стыр закъонхалæн ми.

Ныр уымæн кæрон æвæрд æрцæудзæн. Ног закъон чи фехала, уыцы шофыртæ кæнæ кондуктортæ ивар бафиддзысты дæс мин сомы. Транспорт кæцы организацийы уа, уыдонмæ та æнхъæлмæ кæсы 50 мины ивар.

                                                                     Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.