Украинæйы хæстон операцийæн йæ райдайæнæй абонмæ Уæлахизмæ стыр бавæрæн бахаста Ирыстон дæр. Ныр дыккаг аз æнæрцухæй фронты раззаг хаххмæ ардыгæй цæуы  гуманитарон æххуыс. Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, йæхæдæг раздæры афицер, хорз æмбары хæсты зындзинæдтæ æмæ хъуæгтæ æмæ архайы уыдон баххæст кæныныл.

Ацы хатт дæр та, хæлцадон продукттæй уæлдай, фронтмæ æрвыст æрцыд хъæугæ техникæ: «Камаз»-тæ æмæ «УАЗ»-тæ, тепловизортæ, квадрокоптертæ, дардмæ уынæн прибор-тæ… Уыдон æлхæд æрцыдысты Ирыстоны амалхъомты фæрæзтæй, кæцытæ сæ ном басусæг кодтой.

Батальон «Алани»-йы минæвар куыд фæхъусын кодта, афтæмæй ацы техникæ лæвæрд æрцæудзысты Запорожье, Херсон æмæ Донецкы фронтæн æмæ стыр ахъаз фæуыдзысты уæлахиз æрхæссынæн.

Куыд зонæм, афтæмæй ныртæккæ Украинæйы сæрмагонд операцийы Ирыстонæй архайынц Сергей Меняйло кæй скодта, уыцы дыууæ стыр батальоны «Осетия» æмæ «Алания». Уыдонимæ контракты службæгæнджытæ æмæ бархионтæ – æдæппæт авд минæй фылдæр адæймаджы.

Уæлахизы сæраппонд сæ цард чи радта, уыдон та, официалон бæрæггæнæнтæм гæсгæ сты 213 хæстоны.

 

Сæйрагдæр – æнæниздзинад

Æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазы рæзтыл æрдзу-рыны тыххæй республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло фембæлд уыцы къабазы æмбæлон органтимæ.

Ныхас рауад дæрддзæф, чысыл хъæутæм медицинон æххуыс фæхæстæгдæр, дзæбæхгæнæн хостæй адæмы ифтонг кæныныл, тагъд æххуысы куыстыл æмæ национ проект «Æнæниздзинад» – мадзæлттæ æххæст кæныныл.

Зындгонд куыд у, афтæмæй дыууæ азы размæ ацы проекты фæлгæтты республикæйы фæзындысты 10 цæугæ медицинон комплексы.

Ахæм нырыккон техникон фæрæзты фæрцы дæрддзæф хъæутæ æмæ муниципалитетты цæрджытæн фадат фæцис се ‘нæниздзинады уавæр бынаты бæстон раиртасынæн.

Цæугæ медицинон комплекстæ ифтонг сты флюорографтæ, маммографтæ æмæ æндæр техникон фæрæзтæй. Æппæт уыцы ногдзинæдты фæрцы хъæуты цæрджыты медицинон цæстдарды мадзæлттæ баххæст кæныны нысанимæ районты центрон поликлиникæтæм цæуын нал бахъæуы, уымæн æмæ сын бынаты ахæм медицинон раиртæстытæ саразынц. Уымæй уæлдай сын аразынц диспансеризацийы мадзæлттæ. Цæугæ медицинон комплекстæ республикæйы районтæм абалц кæнынц сæрмагонд графикы бындурыл.

Ацы комплексты архайд бирæ фæрæвдздæр кодта медицинæйы къабазы рæзт. Ноджыдæр ма республикæйы Сæргълæууæг Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрадæн бафæдзæхста къабазы уавæрмæ ноджыдæр æркæсын, районты тагъд æххуысы куыст фæахадгæдæр кæнын, сывæллæтты диспансеризацийы фарстатæ, æмбæстæгты профилактикон æркаст фæуæрæхдæр кæнын, бæрзонд технологитæй пайда кæнгæйæ, медицинон уагдæтты куыст рацаразын.

 

Скъоладзаутæн – хъарм  хæринаг

Æртæ азы размæ Паддзахадон Думæ цы федералон закъон рахаста, уый æнтыстджынæй æххæстгонд цæуы Цæгат Ирыстоны дæр. Закъонæн йæ нысан у Уæрæсейы скъолаты сывæллæтты сихоры хъарм хæринагæй ифтонг кæнын.

Хæринаджы хæрзгъæддзинад бæрæг кæныны тыххæй ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытæй цы сæрмагонд къамис æрцыд арæзт, уый æдзух бæрæг кæны хæрæндæтты куыст, хæринæгты хæрзгъæддзинад. Уыдон куыд рабæрæг кодтой, афтæмæй сывæллæттæн сæ фылдæр зивæггæнгæ хæрынц, арæх кæй аразынц, бирæ ахæм хæринæгтæ. Зæгъæм, кас, борщ, катлеттæ, кæсаг…

Уый нымайгæйæ, дыууæ къуырийы дæргъы, скъолаты уæлдæр амынд къамистæ технологтимæ куыстой сывæллæттæн ног менюйыл æмæ йæ æрæджы сфидар кодтой. Ног менюмæ ныр бафтыдтой рæстæгæй-рæстæгмæ ирон чъиритæ, хъайла, дыргътæ, кас гагадыргътимæ, къæдор… Ныййарджыты ныфс ис, ног хæринæгтæ скъоладзаутæ зæрдиагæй кæй хæрдзысты.

Ныртæккæ Цæгат Ирыстоны скъолаты 1 – 11 къласмæ ис,  алы бон скъолаты лæвар хъарм хæринаг чи хæры, ахæм 53 мин скъоладзауы.

                                                      Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.