Æртæ азы бæрц Цæгат Ирыстоны регионалон проект «Развитие первичной медико-санитарной помощи»-йы фæлгæтты кусы медицинон авиаци. Ивгъуыд аз, куыд зонæм, афтæмæй республикæйы разамынд уынаффæ рахаста Цæгат Ирыстоны медицинон авиаци сæхгæныны тыххæй. Йæ аххосаг у вертолеттæн рæстмæ æрбадæн фæзтæ кæй нæй, уый. Фæлæ уæд Парламенты депутатты фылдæр хай схъæлæс кодтой уый ныхмæ. Цæрджытæй дæр Хицауадмæ бацыд бирæ фыстæджытæ, цæмæй санитарон-медицинон авиаци куса. Уымæн æмæ дард районтæй, хæххон хъæутæй рынчыны Дзæуджыхъæумæ сæмбæлын кæнын тынг зын у. Уый аххосæй рынчын алыхатт рæстæгыл медицинон æххуыс нæ райсы æмæ æрцæуы уды зиæнттæ дæр.

Санитарон авиаци республикæйы канд кусгæйæ нæ баззад, фæлæ ма нырæй фæстæмæ кусдзæн Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн дæр. Ахæм уынаффæ рахастой се ‘мбырды рæстæг Цæгат Ирыстоны Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис, йæ хæдивæг Александр Реутов, республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Тебиаты Сослан, Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министр Наниты Сослан æмæ æндæр бæрнон адæймæгтæ.

Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн рагæй ис бадзырд, цæмæй нæ республикæйы исой æнæмæнгхъæугæ медицинон æххуыс. Ныртæккæ уавæр афтæ домы æмæ уыцы медицинон лæггæдты номхыгъд хъæуы фæуæрæхдæр кæ-нын. Сæйрагдæр, дыууæ республикæйы ‘хсæн хъуамæ скуса санитарон авиаци.

Тебиаты Сослан ранымадта Хуссар Ирыстонимæ æмгуыстады рæстæг цал рынчыны райстой нæ республикæйы рынчындæтты æххуыс, цал адæймаджы æрцыд æрвыст санаторитæм. Куыд банысан кодта, афтæмæй ныр уавæр вертолеты руаджы ноджы фæхуыз-дæр уыдзæн. Уымæн æмæ рынчыны хæхты сæрты ла-сын, уæлдайдæр æвзæр боныхъæды рæстæг, тæссаг у.

Наниты Сослан зæрдæбын арфæ ракодта республикæйы разамындæн сæ ахадгæ æххуысы тыххæй. Куыд банысан кодта, афтæмæй ахæм æххуыс Хуссар Ирыстоны цæрджытæн у стыр лæвар.

 

 

СПОРТ -ÆНÆНИЗДЗИНАДЫ  ГУЫРÆН

Рагæй фæстæмæ дæр Ирыстон йæ спортсментæй зындгонд у, уæлдайдæр хъæбысхæсты. Цас сты Ирыстонæн ном чи скодта, ахæмтæ. Хорз спортсментæ кæм хъомыл кæны, уым та республикæйы разамынды хæс у æппæт уавæртæ дæр сын саразын.

2022 азы спорты къабазы бирæ ног фæндтæ кæй ис республикæйы разамындмæ, уый тыххæй журналисттимæ йæ пресс-конференцийы рæстæг фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны физикон культурæ æмæ спорты министр Коцты Сослан.

Журналистты фарстытæн дзуапп дæтгæйæ куыд радзырдта, афтæмæй ацы аз республикæйы кусын райдайдзæн федералон проект «Спорт – норма жизни». Уый фæлгæтты Дзæуджыхъæуы арæзт æрцæудзæн ног ихын галуан. Ихыл бырыны спорт чи уарзы, уыдон афтæ бирæ сты æмæ сын иу галуан нал фаг кæны. Арæзт æрцыд ног бæстыхайæн йæ проект, фæзынд ын меценаттæ.

Уымæй уæлдай, арæзт æрцæудзысты футболæй хъазынæн стыр æхгæд фæз æмæ олимпаг нормæтыл арæзт бассейн. Реконструкцигонд æрцæудзысты Спорты галуан «Манеж» æмæ стадион «Спартак». Хуссайраг поселокы арæзт цæуы физкультурон – дзæбæхгæнæн комплекс, уыдзæн дзы футболы фæз, тренажертæ, баскетбол æмæ волейболы фæзтæ. Æрыдоны та кæронмæ бахæццæ стыр спорты комплексы арæзтад.

Уымæй дарддæр, æртæ азы æмгъуыдмæ республикæйы æппæт скъолаты дæр хъуамæ арæзт æрцæуа спортивон клубтæ. Физкультурæйы ахуыргæнджытæй та тренеры куыст дæр чи кæны, уыдонæн сæ мыздыл бафтдзæн.

Министр ма ранымадта 2021 азы цы арæзт æрцыд æмæ къухы цы нæ бафтыд, уыдоны тыххæй.

                                                                 Нæ  уацх.

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.