Президент Бибылты Анатоли паддзахадон хорзæхтæ радта хæстон архайдтыты хайадисджытæн, кæцытæ слæууыдысты 1989 азæй 2008 азмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны территориалон хæдбардзинад æмæ æнæхъæндзинад хъахъхъæнджыты рæнхъыты.

Хорзæхтæ дæттыны церемони уагъд æрцыд Æхсардзинад æмæ адæмы иудзинады боны цытæн.

Æрæмбырдуæвджытимæ дзургæйæ, паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны адæм цы патриотизм, фæндвидардзинад æмæ æхсардзинад равдыстой национ интерестæ хъахъхъæныны хъуыддаджы, уый фадат радта абон не ‘мбæстæгтæн сæрибар æмæ хæдбар паддзахады цæрынæн.

«Адæм равзæрстой сæ фæндаг æмæ æргомæй равдыстой сæ фæндон. Хъахъхъæнджыты сгуыхтдзинæдты фæрцы махæн нæ бон у нæ фидæн æдас уавæрты аразын æмæ дидинæфтыдмæ тырнын. Бузныг уын. Мæ цæст уын уарзы фидар æнæниздзинад, æнтыстытæ æмæ бинонты фæрныгад», – загъта уый.

Хæдбардзинад æмæ территориалон æнæхъæндзинад бахъахъхъæныны рæстæджы æхсардзинад равдисыны тыххæй Бибылты Анатоли хæстон архайдтыты хайадисджыты схорзæхджын кодта «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг», «Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизыл 10 азы сæххæсты сæраппонд» майдантæй, афтæ ма Республикæ Хуссар Ирыстоны Кады грамотæтæй.

Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæй иутæ майдантæй хорзæхджын æрцыдысты сæ амæлæты фæстæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.