14-æм октябры уагъд æрцыд 2015-2017 азтæн Хуссар Ирыстоны экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныны контролы фæдыл штабы радон рабадт. Рабадтæн сæрдариуæг кодта РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти. Йæ куысты хайад райстой Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард, профилон министрадтæ æмæ ведомствæйон къухдариуæггæнджытæ, арæзтадон организациты минæвæрттæ.

Рабадты райдианы Хицауады Сæрдар банысан кодта, зæгъгæ, штабы рабадты хайадисджытæ се ‘ппæт дæр хорз зонынц, сæ разы цы сæйрагдæр хæс лæууы, уый. Уый та у Инвестицион программæйы объектты рæстæгыл эксплуатацимæ радтын. Йæ ныхæстæм гæсгæ ацы аз арæзтцæуæг объекттæн цы фæрæзтæ хицæн цæуынц, уыдон хъуамæ нысанмæздæхтæй хардз æрцæуой æххæст гуырахстæй.  Аразын та хъæуы гъæдджынæй æмæ уыцыиу рæстæджы хынцын хъæуы куыстыты график дæр. «Мах хъуамæ лæмбынæг анализ аразæм, объектты цы ситуаци ис, уымæн, цæмæй куыд гæнæн ис, афтæ эффективондæрæй скъуыддзаг кæнæм ацы фарстытæ», – загъта йæ раныхасы Хъуылымбегты Доменти.

Дарддæр æмбырды хайадисджытæ æрæвнæлдтой боны фæткмæ хаст фарстытыл æруынаффæ кæнынмæ.

Республикон паддзахадон унитарон куыстуат «Водоканал»-ы къухдариуæггæнæг Зассеты Сергейæн хæс æрцыд, цæмæй бакуса республикон-соматикон рынчындоны донæй æнæкъуылымпыйæ ифтонг кæныныл æмæ бавдиса ацы медицинон уагдонмæ дон дæттыны тыххæй иууыл оптималондæр вариант.

Фарсты фæдыл Зассеты Сергей загъта, зæгъгæ, бæрæг рæстæджы дæргъы мониторинг ауагътам, рынчындон донæй куыд ифтонг цæуы, уый фæдыл æмæ рабæрæг «Водоканал»-ы æрдыгæй донæй ифтонг кæй цæуы æмбæлон æгъдауæй. Дон дзы кæй нæ фаг кæны, уымæн та, зæгъгæ, йæ аххосаг у рынчындонæн йæхи мидæг донифтонгады системæ цалцæгкæнинаг кæй у æмæ ууыл кæй хъæуы бакусын. Зассейы фыртæн хæсгонд æрцыд, цæмæй ацы фарстыл æруынаффæ кæной Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министр Григори Кулиджановимæ æмæ  скъуыддзаг æрцæуа ацы проблемæ.

Республикæйы разамынад стыр хъусдард здахы Инвестпрограммæйы фæлгæтты арæзтцæуæг æппæт объекттæм дæр. Афтæ у горæты централон хайы базары арæзтад дæр. Уый кæронмæ арæзт фæцис æмæ æввахсдæр бонты байгом уыдзæн официалон æгъдауæй. Администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Пухаты Димитрæн бахæсгонд æрцыд, цæмæй кæронмæ бакуса базаргæнæн фæзуæтты арендæйы тыххæй бадзырдтæ саразыныл æмæ базаргæнджыты ‘хсæн базарадон бынæттæ адих кæныны фарстыл. Йæ рады Пухаты Димитр фехъусын кодта, зæгъгæ, базары æдæппæт ис 120 уæйгæнæн бынаты æмæ дзы иу бынатæн уæйгæнæг бон фиддзæн 60 сомы бæрц.

Хицауады Сæрдар бахæс кодта, цæмæй ацы фарст кæронмæ скъуыддзаг æрцæуа æмæ æрбавдисой базары эксплуатацийы фæдыл концепци, цæмæй базарадон объект куса æххæст гуырахстæй æмæ базаргæнджытæ та æдыхстæй кусой, куыд æмбæлы, афтæ, закъоны бындурыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ сбæрæг кæнын хъæуы, сæ хæдзаргæрон зæххы фадгуытæй хъæууонхæдзарадон продукци базармæ чи æрласынц, уыцы хъæууон фæллойгæнджытæн арендон фиддонты бæрц. Хъуылымбегты Доменти куыд загъта, афтæмæй уый хъуамæ уа символикон, кæнæ та сæ ссæрибар хъæуы уыцы фиддонтæй.

Штабы рабадты РХИ-йы Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард æрæмбырдуæвджыты базонгæ кодта, горæты уынгты хæрзарæзтады фæдыл цы куыст цæуы, уыдонимæ. Куыд загъта, афтæмæй арæзтадон куыстытæ фесты Горькийы уынджы,  фæлæ дзы нырма сæвæрын хъæуы  фæндагон нысæнттæ, хъæуы йæ цъæхдарæнтæй сфæлындзын дæр. Ацы объекты куыстыты аргъ æдæппæт у 15 милуан сомæй фылдæр. Уыдонæй абоны бонмæ хардз æрцыд 9 милуан 300 мин сомы. Куыстытæ фесты Хетæгкаты Къостайы уынджы дæр. Æххæст дзы æрцыдысты 20 милуан сомы аргъ куыстытæ.

Министр куыд банысан кодта, афтæмæй Интернационалон уынджы хъæуы дыккаг фæлтæр асфальт сæвæрын.

Ацы объекты куыстыты аргъ у 9 милуан сомы æмæ дзы сæххæст кодтам 5 милуан 900 мин сомы аргъ куыстытæ, – загъта Зæгъойы фырт. – Арæзтадон куыстытæ фесты Остъайы фырты уынджы дæр. Ацы объектæн снысангонд 13 милуан сомæй хардз æрцыд 11 милуан 200 мин сомы. Афтæ ма куыстытæ фесты Кобылты Сергейы уынджы асфальты дыккаг фæлтæр сæвæрыны фæдыл. Ам ма хъæуы фæндагон нысæнттæ æмæ цъæхдарæнты фæдыл куыстытæ бакæнын.

Министр ма æрдзырдта, республикæйы арæзтцæуæг объектты куыстытæ куыд цæуынц, уый фæдыл дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ нæ горæты паддзахадон драмон театры бæстыхайы арæзтады кусынц 74 адæймаджы. Университетон комплексы арæзтады та – 85 адæймаджы. Университеты куыстытæ æххæст цæуынц цыппар корпусы дæр. Абоны онг ам арæзтадон куыстытæ бакодтой 153 милуан сомы аргъ.

Зæгъойты Эдуард куыд загъта, уымæ гæсгæ сывæллæтты республикон рынчындоны эксплуатацимæ радтын план цæуы ноябры кæронмæ. Уый ма радзырдта æндæр арæзтцæуæг объектты эксплуатацимæ радтыны æмгъуыдты тыххæй дæр.

Рабадты Хицауады Сæрдар хæслæвæрдтæ радта хицæн министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæн.

Республикæйы Арæзтады министрæн та хæслæвæрд æрцыд, цæмæй мадзæлттæ райса арæзт æрцæуæг уынгты эксплуатацимæ исыны рæстæджы цы дефекттæ рабæрæг, уыдон аиуварс кæныныл.

Рабадты кæрон Хъуылымбегты Доменти æрсидт подрядон организациты минæвæрттæм, цæмæй фылдæр хъусдард здахой арæзтады гъæдмæ æмæ объектты эксплуатацимæ дæттыны рæстæджы уыдонмæ мацы претензитæ сæвзæра.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.