6-æм майы уыдис РХИ-йы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныныл контролы фæдыл штабы рабадт. Рабадт уагъта Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти æмæ дзы дзырд цыдис, арæзтцæуæг объектты куыстытæ куыд цæуынц, уыдæттыл. Афтæ ма æппæт проблемон фарстыты фæдыл иумæйаг уынаффæ райсын.

Æмбырды куысты хайад райстой Хицауады Сæрдары хæдивджытæ Пухаты Эрик æмæ Тъехты Алан, æмбæлон министрадтæ æмæ ведомствотæ, афтæ ма подрядон организациты къухдариуæггæнджытæ.

Куыд банысанчындæуыд, афтæмæй азы райдианæй куыстыты темптæ æвзæр нæ цæуынц, фæлæ Хъуылымбегты Доментийы ныхæстæм гæсгæ иуæй-иу арæзтадон объекттæ фæстейæ зайынц графикæй æмæ сæ хъæуы сæ куыстытыл фæтагъд кæнын.

«Ацы аз мах æрæвнæлдтам 2016 азы Инвестпрограммæ реализаци кæнынмæ бирæ раздæр ивгъуыд азимæ абаргæйæ, фæлæ арæзтадон куыстыты фæстиуджытæм гæсгæ куыд зыны, афтæмæй бирæ фадгуыты куыстыты темптæ хъæуы фæхуыздæр кæнын. Мах æппæтдæр хъуамæ саразæм, цæмæй Инвестпрограммæйы фæлгæтты æппæт сплангонд мадзæлттæ æххæст æрцæуой сфидаргонд æмгъуыдты», — банысан кодта Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти. Дарддæр уый рахызт, ивгъуыд рабадты Президент Тыбылты Леониды ратгæ хæслæвæрдтæ куыд æххæст цæуынц, ууыл уынаффæ кæнынмæ.

Арæзтадон куыстыты бынæттон цæрджытæ цахæм хайад исынц, уый фæдыл Арæзтад, архитектурæ æмæ коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард фехъусын кодта, зæгъгæ, æппæт подрядон организацитæн дæр бацамыдта, цæмæй сæрмагонд хъусдард аздахой ацы фарстмæ. Хъуылымбегты Доменти æрдомдта, цæмæй алы объекты дæр цы кусджытæ кусынц, уыдоны номхыгъдтæ йæм бавдисой æмæ зона, цас сæ кусынц бынæттон æмæ æддейæ æрхонгæ кусджытæ.

Горæтмæ бацæуæн сæйраг фæндаджы былтыл бырæттæ кæй ныккалынц, уымæ гæсгæ банысанчындæуыд, Цхинвалы горæты администраци æмæ республикæйы паддзахадон автоинспекци регулярон æгъдауæй кæй аразынц рейдтæ. Хъуылымбегты Доменти куыд банысан кодта, афтæмæй арæзтады чи архайынц, уыдоны иууылдæр, хицæн адæймаг уа, æви организаци, æрцахуыр кæнын хъæуы, цæмæй бырæтты калой сæрмагондæй уыдонæн рахицæнгонд бынæтты æмæ ахæмты та карздæрæй хъæуы æфхæрын, административон ивар сæ кæнгæйæ. Ацы фарстыл уынаффæ кæнгæйæ нысан æрцыд горæтмæ бацæуæн фæндаджы былгæрæтты æнæсанкцион арæзтæдтыл контроль кæныны æнæмæнгхъæуындзианд.

«Ис нæ сæйраг горæт аразыны тыххæй генералон план æмæ æппæт ног арæзтæдтæ дæр хъуамæ цæуой уыцы планмæ гæсгæ. Цхинвал у нæ республикæйы цæсгом æмæ йыл нæ иумиаг аудындзинад хъуамæ уа ахæм, цæрынæн хæрзвадат æмæ комфортон горæт саразын нæ, фæлæ ма эстетикон æгъдауæй химææлвас куыд уа, афтæ», — банысан кодта Хицауады Сæрдар. Уый Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Æлборты Аланы бафæдзæхста, цæмæй карз тох цæуа, ахæм арæзтæдтæ чи аразы, уыдоны ныхмæ.

Инвестпрограммæ куыд реализаци цæуы, уымæн анализ райдыдта республикæйæн ахсджиаг объект паддзахадон драмон театры бæстыхайæ. Рабадты уæвæг драмтеатры директор Дзуццаты Тамерлан фехъусын кодта ахæм куырдиат, кæцы хауд ацы культурон уагдоны техникон ифтонгады эксплуатацимæ. Уый куыд загъта, афтæмæй йæ фæнды, цæмæй инженерон техникæ, рухсгæнæн æмæ æндæр аппаратурæ монтажгæнæн куыстытæм баконд æрцæуой бынæттон специалисттæ, цæмæй сахуыр уой уыдоныл кусын.

Хицауады Сæрдар бафиппайдта, зæгъгæ, ацы фарст бирæбæрцæй у актуалон æмæ бахатыд Дзуццаты Тамерланæн йæхимæ, цæмæй сын баххуыс кæна йæ аскъуыддзаг кæнынæн. Театры арæзтадмæ йæ хъус дары культурæйы министр Остъаты Мадинæ дæр, кæцы подрядон организациты раз æрæвæрдта къорд домæны, бæстыхайы канализацион системæйы арæзтады фæдыл. Министры ныхæстæм гæсгæ аразджытæ ныфс бавæрдтой, ныртæккæ ам цы проблемæтæ ис, уыдоны бæрæгбонты фæстæ аиуварс кæнын.

Арæзтцæуæг ахуырадон объектты арæзтадон куыстытæ куыд цæуынц, уыцы фарстыл уынаффæ кæнгæйæ Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали бахатыд, цæмæй хъусдард здæхт æрцæуа Цхинвалы бирæпрофилон колледжы зæронд ахуыргæнæн корпусы территори схæрзарæзт кæнынмæ. Уымæн йæ иу хай ныртæккæ хæрзарæзт цæуы, Инвестпрограммæйы фæлгæтты арæзтцæуæг æрмадзтимæ иумæ.

Хицауады Сæрдар ноджыдæр зæрдыл æрлæууын кодта закъазгæнджытæн, куыстытæ æххæстгæнджытæн æмæ объекты фидæны эксплуатацигæнæг организацитæн, цæмæй объекты арæзтады рæстæджы чи фæзынынц, уыцы фарстатæ скъуыддзаг кæнынмæ æвдисой цымыдисдзинад æмæ фæстиуджытæй райгонд уой æппæт фæрстæ дæр. Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй профессионалон колледж у ахæм, цыран цæттæ кæнынц дефицитон кусæгон кадртæ, куыд электриктæ, æндадзджытæ, слесартæ, æмæ бацамыдта, цæмæй тагъддæр ифтонг æрцæуой ифтонггæрзтæй ног æрмадзтæ.

Зæрдыл лæууын кæнæм, объект эксплуатацимæ лæвæрд кæй хъуамæ æрцæуа 2016 азы ноябры. Ныртæккæ ам кусынц 18 адæймаджы, куыстытæ цæуынц графикмæ гæсгæ.

Æмбырды хайадисджытæ ма æруынаффæ кодтой 2016 азæн Инвестпрограммæмæ хаст объектты хъуыддæгты уавæрыл дæр.

Хицауады Сæрдар æрæмбырдуæвджыты хъусдард аздæхта, реалонæй цы бакуыстæуыд, уый æвдисæг хыгъдон документаци рæстæгыл аразынмæ, афтæ ма арæзтадон куыстыты гъæдмæ.

Кæронбæттæны рабадты хайадисджытæм æрсидт республикæйы Генералон прокурор Дзæгъиты Уырызмæг, цæмæй бæрнондæр ахаст æвдисой прокуророн бацамындтытæ æххæст кæнынмæ æмæ раргомгонд цухдзинæдты тыххæй æфхæрд мачи баййафа. Зæрдыл æрлæууын кодта, прокуророн хъусдард æххæст кæй цæуы республикæйы æмбæстæгты æдасдзинад æмæ сæ бартæ хъахъхъæнын ифтонг кæныны тыххæй.

Бестауты В.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.