Хуссар æмæ цæгатирыстойнаг  информацион фæрæзты минæвæрттæн пресс-туры фæлгæтты Цæгат Ирыстоны  Хицауады хæдзары уагъд æрцыд тымбыл фынг, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны информацион фадыджы æмгуыстад æмæ чиныгуадзыны фадæттыл æруынаффæ кæныны нысанæн. Тымбыл фынгмæ хуынд æрцыдысты РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Фадзайты Æхсарбег æмæ Парламенты Сæрдары хæдивæг Билаонты Батрадз.

Цæгат Ирыстоны Мыхуыр æмæ дзыллон коммуникациты хъуыддæгты фæдыл  комитеты сæрдар Фидараты Юри тымбыл фынджы райдианы бузныг загъта мадзалы хайадисджытæнæ æмæ банысан кодта, зæгъгæ, нæ информацион тыгъдад у иу æмæ нæ кусын хъæуы нæ иумиаг Ирыстоны хæрзæбонæн.

Билаонты Тотрадз РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев æмæ æппæт депутатон корпусы номæй арфæйы ныхæстæ загъта тымбыл фынджы хайадисджытæн. Банысан кодта, зæгъгæ, æгас дунейы информацион фæрæзты минæвæрттæн кæй ис  ахсджиаг  нысаниуæг. Хуссар Ирыстоны хуызæн æвзонг паддзахады царды та информацион фæрæзты минæвæрттæн ис уæлдай нысаниуæг æмæ сын йæ цæст бауарзта сæ куысты стыр æнтыстытæ.

Фадзайты Æхсарбег  дæр Ирыстоны дыууæ фарсы æмгуыстад банымадта иттæг хорзыл, уымæн æмæ нырыккон дуджы æнæ информацион фæрæзтæй уæвæн нæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ ацы æмархайд дарддæр дæр хъæуы рæзын кæнын.

Фадзайы фырт ма куыд банысан кодта, афтæмæй архайын хъæуы, цæмæй координаци цæуа куыст нæ иумиаг  Ирыстоны рæзты  хæрзæбонæн. Æрсидт информацион фæрæзты минæвæрттæм – сайттæ, мыхуыры фæрæзтæ, чиныг æмæ журнæлттæ мыхуыргæнджытæм, цæмæй  сæ аудиторийы размæ хæссой раст информаци, цæмæй уыдоны æрмæг сомбоны фæлтæрæн суа бафæзминаг. Равдыста йе ууæнк ацы тымбыл фынджы хайадисджытæ дæр кæй кусынц æмæ кæй хæссынц сæ кæсджыты размæ раст æмæ æмбæлон  информаци.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы арфæйы фыстæгимæ мадзалы хайадисджыты базонгæ кодта  Фадзайты Æхсарбег.

РХИ- йы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæрдар Хъотайты Мария хуссарирыстойнаг делегацийы номæй арфæйы ныхæстæ загъта тымбыл фынджы хайадисджытæн. Фыццаджыдæр, бузныджы ныхæстæ уый загъта Битарты Вячеславы номыл, йæ коллегæ Фидараты Юрийæн йæ хæлар, хъарм ахасты тыххæй. Дзырдта, зæгъгæ, Ирыстоны дыууæ хайы информацион фæрæзты минæвæрттæн дæргъвæтин рæстæджы уагъд нæ цыдысты ахæм нысаниуæгджын æмæ мидисджын фембæлдтытæ.

«Ацы фембæлдтыты ахсджиагдзинад цæй мидæг ис?- Хуссар Ирыстон дæргъвæтин рæстæджы уыд æндыгъд уавæры, уымæ гæсгæ алкæмæн фадат нæ уыд нæ бæстæмæ æрцæуын æмæ хи цæстæй бынаты уавæр фенын. Уыцы зын рæстæджытæ фæстейæ баззадысты, ныртæккæ Хуссар Ирыстон у хæдбар паддзахад. Стыр куыст цæуы йæ райрæзт æмæ æндидзынадыл. Бирæтæн ныртæккæ фадат ис нæ республикæмæ æрцæуын æмæ нæм хорзæрдæм цы ивындзинæдтæ цæуы, уыдон фенынæн»,- дзырдта Мария.

Хъотайты чызг куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ  информаци, чиныг уадзын, кæрæдзийы фæлтæрддзинад исыныл дзырд куы цæуа, уæд æмгуыстады руаджы уыдон æххæст цæудзысты.

Йæ раныхасы кæрон Хъотайты Мария бакаст тымбыл фынджы хайадисджыты номыл Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикы арфæйы фыстæг.

– Мах хъуамæ архайæм нæ ирондзинад, ирон æгъдæуттæ,  ирон фарн æмæ нæ ирон æвзаг бахъахъхъæныныл, мах фылдæр ууыл хъуамæ тыхсæм. Цы цыбыр рæстæг кусын ацы фадыджы, уымæй бамбæрстон иу хъуыддаг- райсом чи кусдзæн æмæ иронау чи фысдзæн, ахæм фæсивæд скадавар, сыстæм сты. Æппæтдæр саразын хъæуы, цæмæй фæсивæды ‘хсæн ирон æвзагæн уа сæрмагонд æмæ сæйраг бынат, æмæ йыл уæлæхох ма кæнæм. Райсомы боныл абон куынæ ахъуыды кæнæм цæгат æмæ хуссары, уæд нын сомбон нал уыдзæн.  Сомбон та нын уæд нæ уыдзæн – не ‘взаг æмæ не ‘гъдауттæ куы ферох кæнæм, уæд, – дзырдта  Фидараты Юри.

Æрсидт ирон æвзаджы рæзтыл бакусыны фадæттæм цæгаты дæр æмæ хуссары дæр. Уыцы хъуыддаджы иууыл ахсджиагдæрыл банымадта информацион фæрæзты минæвæртты куыст.

Хуссар Ирыстоны Президенты администрацийы минæвар Джуссойты Аланы хъуыдымæ гæсгæ, куыд хуссарæн, афтæ цæгатæн дæр иууон информацион тыгъдад ахæм бындурон иуæг у, кæцыйы руаджы  мах хъæуы саразын æмахастытæ нæ сыхæгтимæ. Æмæ уыцы иунæг информацион тыгъдад ныхмæвæрд никæд  уыдзæн нæдæр мидæггагон нæдæр æддагон уæрæсейаг политикæйæн.

Газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг редактор Битарты Маринæйы ныхæстæм гæсгæ мах кæд фæзæгъæм не ‘взаг, нæ истори, нæ хъысмæт, нæ фидæн дæр иу у, уæд бæрнон æмæ бæрзонд хæс æвæрд ис нæ национ газеттыл. Уымæ гæсгæ «Хурзæрин» æмæ «Рæстдзинад» хъуамæ сног кæной раздæры хъарм фембæлдтытæ æмæ бастдзинæдтæ.

«Нæ уынаффæмæ гæсгæ ныр дыууæ газеты рæстæгæй рæстæгмæ мыхуыр цæудзысты сæрмагонд фæрстæ.  «Хуссар – Цæгат – иудзинад нæ рухс фидæнмæ хоны, фарны уидаг арæнтæ нæ зоны»,- ахæм рубрикæйы бын нæ газет ныммыхуыр кодта Хуссар Ирыстонæй хабæрттæ. «Хурзæрин»-ы æнгæс къахдзæф саразыны фæстæ баныхас кæндзыстæм нæ иумæййаг ирон грамматикон фарстатыл. Нæ мадæлон æвзаджы хæдхуыздзинад иумæйагæй куы бахъахъхъæнæм, уæд нæ рæзгæ фæлтæрæн уыдзæн æнцондæр, уæд уыдон уæнгрогдæрæй архайдзысты йæ дарддæры рæзтыл»,- банысан кодта Битарты чызг.

Тымбыл фынджы куысты рæстæджы ма сæ хъуыдытæ æмæ фæндæттæ рæгъмæ рахастой:  газет «Северная Осетия»-йы сæйраг редактор Касаты Алан, телеканал «Осетия-Ирыстон»-ы генералон директор Дзабиты Эльбрус, Хуссар Ирыстоны газет «Республика»-йы сæйраг редактор Хъоцыты Андрей, сайт «АЛАНИЯинформ»-ы редактор Бететы Юри.

Хъотайты Мария йæ цæгаттаг коллегæты фæхуыдта нæ паддзахады хæдбардзинады дæс азы юбилеон бæрæгбонмæ, цæмæй се ‘рмæджыты равдисой нæ республикæ куыд æндидзы,  куыд рæзы алыварсонæй. «Хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæ уæззау хæстон азты банкъардтой сæ цæгаттаг æфсымæрты æххуыс. Нæ бархионты фарсмæ æрбалæууыдысты нæ цæгаттаг æфсымæртæ, кæцытæй цалдæрæй сæ сæртæ нывондæн æрхастой нæ сæрибардзинады сæрыл»,- банысан кодта Мария.

Цæгат Ирыстоны мыхуыр æмæ дзыллон коммуникациты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг Гæбæлаты Мадинæ Хуссар Ирмæ пресс-туры фæстиуджытыл дзургæйæ банысан кодта, комитет кæй сарæзта хызæгон информацион ресурс. Сайт хуыйны «СМИ Осетии». Ацы информацион ресурс уыдзæн иумиаг æмгуыстады фæзуат, цыран мыхуыр цæудзысты ног хабæрттæ – информаци, чиныграуагъд æмæ æндæртæ. Иудзырдæй, Мадинæйы ныхæстæм гæсгæ цæуæм раст здæхты. Уый ноджыдæр банысан кодта хуссар æмæ цæгаты журналистты æнгом куыстмæ тырнындзинад, сæ кæрæдзийы зонындзинæдтæ æмæ идейæтæ царды биноныг кæнынмæ.

Ирыстоны дыууæ хайы информацион фæрæзтæн пресс-туртæ сорганизаци кæныны идея дæр равзæрд Гæбæлаты чызгмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.